Иумæ — экстремизмы ныхмæ

0
488

 

Экстремизм æмæ терроризмы фæстиуджытæ æхсæнадæн дунейы цы стыр бæллæхтæ хæссынц æмæ нæ бæстæмæ дæр фæныхил-фæныхил кæй кæнынц, уый хынцгæйæ, республикæйы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав цæрджытимæ алы фембæлды, йæ алы раныхасы дæр стыр æргом здахы экстремизм æмæ терроризмы ныхмæ архайд фæтыхджындæр кæнынмæ. РЦИ-Аланийы терроризмы ныхмæ архайæг къамисы уæнгтæ, алы адæмыхæттыты, алы динты минæвæрттæ æмæ муниципалон сырæзтыты разамонджытæй домы, цæмæй фылдæр æргом здахой ахуырдзаутæ æмæ фæсивæдмæ, цæмæй къæрцхъусдæр уой сæ алы зæрдæхсайгæ хъуыддагмæ дæр æмæ афойнадыл æмбарын кæной уыдонæн сæ рæдыд хъуыддæгтæ, цæмæй сæ алкæимæ дæр цæуа хицæн сæрмагонд куыст.

Республикæйы Сæргълæууæджы уыцы амынддзинæдтæм гæсгæ арæзт æрцыд экстремизм æмæ терроризмы ныхмæ архайды сæрмагонд программæ. Уымæ гæсгæ хъæуты цæрджытæ æмæ ахуырады уагдæттæн æххуысы мадзæлттæй иу уыд, æрæджы Горæтгæрон районы республикæйы Национ ахастдзинæдты фæдыл министрад æмæ республикæйы Адæмты хæлардзинады хæдзар Октябрыхъæуы районы æхсæнады минæвæрттæ, хъæуты сæргълæуджыты хæдивджытæ æмæ скъолаты разамонджытимæ цы цæлхæмбырд сарæзтой, уый дæр. Сæ ныхасы сæр уыд Национ ахастдзинæдты фæдыл министрад, Адæмты хæлардзинады хæдзар, национ-культурон æхсæнадтæ, Горæтгæрон районы муниципалон сырæзты паддзахадон хицаудзинады оргæнтæ, бынæттон хиуынаффæйад граждайнаг æхсæнæдты институттимæ алы адæмты æмæ динты æхсæн экстремизм не ‘руадзыны æмгуыстады фæдыл.

Цæлхæмбырды архайджытæ: РЦИ-Аланийы Национ ахастдзинæдты фæдыл министрады дины организацитимæ куысты хайады хицау Цæллагты Артур, Республикæйы Хæлардзинады хæдзары директор Кочиты Георги, Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты историон политологи æмæ иумæйаг историйы кафедрæйы сæргълæууæг Хъойбайты Барис, Горæтгæрон районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Деметы Славик, Октябрыхъæуы сæргълæууæг Уалыты Руслан, Республикæйы прокуратурæйы экстремизм æмæ терроризмы ныхмæ архайды, нациты ‘хсæн ахастдзинæдты федералон æдасдзинады закъæттæ æххæст кæнынмæ цæстдарæг хайады хицау Евгений Гусаров, РЦИАланийы Мидхъуыддæгты министрады экстремизм не ‘руадзыны центры хицау Гæдиаты Аслан, РЦИАланийы Мидхъуыддæгты министрады миграцион хайады хицау Пæррæстаты Еленæ, РЦИ-Аланийы Росгвардийы управленийы минæвар Гизойты Вадим, Дзæуджыхъæуы терроризмы ныхмæ архайды къамисы секретар Николай Надибаидзе, Дзæуджыхъæуы муниципалон сырæзты æхсæнадон советы бынæттон хиуынаффæйады æмæ закъонады къамисы сæрдар Исай Исаев, РЦИ-Аланийы пысылмæтты монон управленийы сæрдар Гуæцæлты Хадзымурат æмæ Æрхонкæйы станицæйы чырыстон аргъуаны хистæр сауджын, фыд Алыксандр, стæй мæхъæлон æмæ таджикаг национ-культурон æхсæнæдты сæрдартæ Альберт Дарбанзанов æмæ Арсен Худододов, сидзæртæ æмæ зын уавæрты бахауæг сывæллæтты хъахъхъæнæг фонд «Иумæ фæндагыл»-ы разамонæг Тадтаты Лаурæ дзырдтой сæ фæлтæрддзинады тыххæй алы динтæ, алы нациты минæвæртты ‘хсæн кæрæдзи ‘мбарынад, кæрæдзи ‘хсæн хæлардзинад, уарзондзинад парахат кæныны тыххæй.

Цæлхæмбырды архайджытæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй республикæйы Хицауад, бынæттон хиуынаффæйад æмæ граждайнаг æхсæнæдтæ аразынц æппæт мадзæлттæ дæр адæмты æмæ динты минæвæртты ‘хсæн хæлардзинады тæгтæ фидар кæныныл, республикæйы цæрджыты граждайнаг бартæ хъахъхъæныныл, сæ социалон — экономикон фарстатæ сын лыг кæныныл, алы адæмты культурон æгъдæуттæ ахуыр æмæ сын аргъ кæныныл. Стыр æргом аздæхтой Интернеты адæмы кæрæдзиуыл ардауын æмæ адæмты ‘хсæн æнæуынондзинад цы æрмæджытæ æвзæрын кæнынц, уыдонæй бахизыны тыххæй семæ, уæлдайдæр та фæсивæдимæ, иудадзыгдæр æмæ алы ран дæр æмбарынгæнæн куыст кæнынмæ.

Æмбырды кæрон йæ архайджытæ сбæрæг кодтой бæлвырд ахсджиаг нысантæ сæ дарддæры иумæйаг куыстæн экстремизм æмæ терроризмы ныхмæ. Æрмæстдæр иумæйаг архайдæй ис не ‘руадзæн не ‘хсæнадмæ, уæлдайдæр та фæсивæдмæ, уыцы бæллæхтæ хæссæг фыдбылызæн.

ХЪАЙТЫХЪТЫ Тамарæ, Республикæйы Хæлардзинады хæдзары директоры хæдивæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here