Акци — «Иу бон — æфсады»

0
590

 

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бæрæгбоны агъоммæ Æппæтуæрæсеон адæмон фронты цæгатирыстойнаг хайады уæнгтæ, сæ фылдæр — сæ фæсивæдон къорд, афтæмæй скъоладзаутæн скодтой экскурси, регионы æрбынæттон уæвæг хæстон хæйттæй иумæ. Ацы хъуыддаг конд æрцыд Æппæтуæрæсеон акци «Иу бон — æфсады»-йы фæлгæты. Уый тыххæй фехъусын кодта Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады пресс-службæ.

Дзæуджыхъæуы, Горæтгæрон æмæ Æрæфы районты скъолатæй 70 сывæллоны бæрц æрмæст хæстон хай нæ бабæрæг кодтой, фæлæ ма сæхиуыл банкъардтой æфсæддон цард цы у, уый дæр. «Фыдыбæстæ фидæны чи хъахъхъæндзæн, уыдон хъуамæ алцыдæр зоной нæ æфсады ахадындзинад, хъомыс æмæ хъаруйы тыххæй. Кæд мæнæ ацы хъуыддаджы бацархайгæйæ, райсом æхсызгонæй æфсадмæ ацæудзысты, уæд уым уыдзæн «Иу бон — æфсады»-йы ахадындзинад дæр», — афтæ зæгъы адæмон фронты фæсивæдон къорды бæрнон кусæг Хъарданты Анзор.

Скъоладзаутæ федтой, службæгæнджытæ сæхи физикон æгъдауæй куыд цæттæ кæнынц, уыдæттæ. Уымæй дарддæр сын уыдис хæцæнгарзы хуызтæй фехсыны фадат, фыццаг медицинон æххуыс кæныны мадзæлттæ дæр сын бацамыдтой. Æнæнхъæлæджы уавæрты æнæ дон, æнæ хойраг, æнæ уавæртæй куыд ис фæцæрæн, уыдæттыл дæр рауад бæстон ныхас. Сывæллæтты суазæг кодтой, æфсæддон хойраджы ад дæр банкъардтой ацы балц, æрмæст лæппутæн нæ уыд æхсызгон, фæлæ чызджытæн дæр.

Экскурсийы кæронбæттæн ахуырдзауты базонгæ кодтой хæстон техникæимæ, федтой ма Фыдыбæстæйы Стыр хæсты заман цы транспортæй пайда кодтой, ахæмтæ дæр.

БÆДТИАТЫ Оксанæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here