«Мах дуг» мыхуыр кæны

0
403

 

Мыхуырæй рацыд журнал «Мах дуджы» ацы азы фыццæгæм номыр.

Зæнджиаты Бæбуйы райгуырдыл сæххæст 150 азы. «Цырагъдарæг», зæгъгæ, ахæм сæргонды бынмæ Бæбуйы рухстауæн архайды тыххæй йæ ныхас зæгъы Хъодзаты Æхсар. Уый тыххæй журналы мыхуыргонд æрцыдысты Дзасохты Гигойы, Тыбылты Алыксандры, Ардасенты Хадзыбатыры, Сечъынаты Ладемыры, Цæгæраты Максимы, Беруаты Барисы, Балаты Темболы хъуыдытæ.

Поэт Колыты Виталийыл сæххæст 60 азы. Журналы мыхуыргонд æрцыд йе ‘мдзæвгæты цикл «Мæ уарзт æма мæ циййес», стæй Хозиты Барисы æрмæг «Хæдæфсарм адæймаг æмæ курдиатджын поэт». Фыст у Колыйы-фырты цард æмæ сфæлдыстадыл.

Поэзийæ ма журналы мыхуыргонд æрцыдысты Хъодзаты Æхсары æмдзæвгæты цикл «Мæ удæн йæ хæтæн — уæларв», Фидараты Русланы æмдзæвгæты цикл «Баппæрстон æз уады рагъыл саргъ». «Тæлмацтæ», зæгъгæ, рубрикæйы бынмæ — немыцаг æмæ англисаг поэтты æмдзæвгæтæ Золойты Аркадийы тæлмацæй.

Прозаикон уацмыстæй журналы мыхуыргонд æрцыдысты Цгъойты Хазбийы новеллæ «Рагбонты фыстæджытæ». Рубрикæ «Сфæлдыстадон бынтæ»-йы бынмæ — Ходы Дзаххотты фельетон «Чи кæй?», Хъуылаты Ладемыры радзырд «Æртæ зæгæлы».

«Мах дуджы» равдыст»-ы сты зындгонд нывгæнæг Дзанайты Азанбеджы куыстытæ, йæ райгуырды 100 азмæ Цæрикъаты Мæирбеджы фыст æрмæг «Ахæм уыд Азанбег». Рубрикæ «Фарнхæсджытæ», зæгъгæ, уый бынмæ — Мамиаты Таймуразы «Цъесаг лæппу».

Рубрикæ «Публицистикæ»-йы бынмæ — Кучиты Русланы «Нæ иудзинады сæрвæлтау».

Журналы ма ис æндæр цымыдисаг æрмæджытæ дæр.

КУЫЦЫКТЫ Э.

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here