Мадæлон æвзаджы кадæн

0
606

 

Цотыл фыдæбон бирæ у. Алы ныййарæг дæр уыцы æрвылбоны змæлдæн йæ фидæны сæраппонд быхсы. Цард фæрнæйдзаг къахдзæфтæй иу фæлтæрæй иннæмæ йе ‘гъдæуттæ хæссы. Кæстæртæн сæ амонын хъæуы. Фæлæ бирæтæ, хъыгагæн, сæ мадæлон æвзагыл сыстырзæрдæ сты. Кæрцæй хæдон хæстæгдæр у, уый рох кæнын райдыдтой

Цæмæй иу фæлтæр иннæмæй æгуыдзæгдæр ма рауайа, уый хъомыладæй тынг кæнгæ у. Ахуырады къабазы, скъолайæ райдай, техникумты æмæ институтты уыцы хъуыддагмæ алы ран дæр сæ бавæрæн хæссынц. Фæлæ мадæлон æвзаджы ахадындзинад бæрзонддæр кæныныл та æрмæстдæр педагогон уагдæтты кусынц. Уыдонимæ — Цæгат Ирыстоны пединститут (ректор — Кучиты Людмилæ). Ирон факультеты ныртæккæ боны æмæ фæсаууонмæ хайæдты студенттæ 105 лæппу æмæ чызджы сты. Наукæйы бындурыл ацы фæсивæдæн фидæны куысты сусæгдзинæдтæ амонынц. Уæдæ æндæр куыд?! Нæртон дзырды фарн бæрзонд хæссынæн бирæ зонын хъæуы.

Институты æппæт студенттæ дæр Мадæлон æвзаджы дунеон боныл стыр зæрдиагæй сæмбæлдысты. Сæ мадзæлттæ алыхуызон уыдысты. Алы кафедрæ дæр цы снысан кодта, уый къухы бафтгæ рауад. Цæлхæмбырдтæ, конкурстæ, фарстытæ æмæ дзуаппыты изæртæ цалдæр боны дæргъы ам бирæ хæттыты цыдысты. Иууылдæр — нысанмæарæзт мадзæлттæ.

Ахуыргæнджытæ зæрдиагæй бацархайдтой Мадæлон æвзаджы дунеон боныл дзагармæй сæмбæлыныл. Уыдон кусынц ирон филологийы, педагогикæйы, райдайæн ахуырады, уырыссаг æвзаджы, гуманитарон-социалон, фæсарæйнаг æвзæгты кафедрæты. Сæ сæргълæуджытæ сты Дзусты Бэллæ, Фардзинты Мæдинæ, Ногъайты Светланæ, Тедеты Нинæ, Течиаты Виктория, Тбойты Зæринæ, Дзæрæгæсты Зæлинæ æмæ Зæнджиаты Маринæ. Ацы курдиатджын ахуыргæндтæ иууылдæр ирон уаг æмæ фарны ахадындзинад æмбарынц. Зонынц, царды алы фарста дæр ахсджиаг кæй у, уый. Фæлæ уæддæр адæймаг уæвынæн мадæлон æвзаг — æппæтæй сæйрагдæр.

Бирæ хорз æгъдæуттæ ис нæ адæммæ. Уыдонæн сæ бындур не ‘взагыл æнцой кæны. Сæрыстыр дзы стæм æмæ йæ хъуамæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ дæттæм.

ДЗУЦЦАТЫ Къоста

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here