Йæ уацмысты — хæлардзинады таг

0
382

 

Цæгат Ирыстоны æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы хъæппæрисæй арæзт æрцыд Республикæ Хъырым æмæ Севастополы Цæгат Ирыстоны минæвар, зындгонд архитектор æмæ къамисæг, æхсæнадон архайæг САУЛАТЫ Валерийы аивадон æгъдауæй ист къамты равдыст

1984 азы Валери Хъырыммæ куы ацыд кусынмæ, уæдæй абонмæ йæ бирæ хорз хъуыддæгтæн кæрон нæй. Кæд Алуштæ æмæ Севастополы сæйраг архитектор у, уæддæр архайы адæмты хæлар, æфсымæрдзинады тæгтæй бæттыныл, се ‘хсæн иумæйаг фидар хидтæ аразыныл. Йæ бавæрæн æппынæдзух хæссы, йæ сæр кæм бахъæуы, уырдæм.

Саулаты Валери йæ къамты равдыст бацæттæ кодта 2014 азы, Хъырым Уæрæсейы скондмæ фæстæмæ кæй бацыд, уый кадæн. Равдыстмæ æрбацыдысты нæ республикæйы алы æхсæнæдты минæвæрттæ, Валерийы зонгæтæ æмæ хæстæджытæ. Æхсæнадон змæлд

«Иудзинад»-ы æвзæрст лæг Токты Валодя равдыст байгом кодта æмæ иронау радзырдта, Саулаты Валерийы къамты равдыст æнæмæнг хъуыддаг кæй уыдис æмæ загъта:

— Ахæм рæсугъд уацмыстæ хъуамæ кæстæр фæлтæр феной. Профессионалон æгъдауæй нывкæныны аивадмæ чи ницы бар дары, уыцы лæджы хæдахуыр курдиат дисы æфтауы не ‘ппæты дæр. Саулаты Валерийы Ирыстоны амонын, æвæццæгæн, никæмæн хъæуы, зонæм æй фарнтауæгæй, хæлардзинады цардаразæгæй. Беслæны фыдбæллæхы æмæ уый фæстæ дæр Валери уыдис иудадзыг йе ‘мзæххон адæмимæ. Æххуыс кодта гæнæн æмæ амалæй, хъыгдардбаййафæг сывæллæтты алы аз дæр фæлладуадзынмæ æмæ хи дзæбæх кæнынмæ хуыдта Хъырым æмæ æндæр рæттæм. Арæх ссæуы Ирыстонмæ æмæ нæ ацы хатт дæр абæрæг кодта. Йæ аивадон къамты тыххæй нæм ныхас куы рауад, уæд нæ æхсæнадон змæлды уæнгтæ иууылдæр, нæ сæргъы Мæрзойты Тамерлан, афтæмæй бауынаффæ кодтам сæрмагондæй равдыст бацæттæ кæнын. Æмæ йыл бацархайдтам.

Равдысты темæ у алывæрсыг. Фенæн дзы ис Ирыстоны, Хъырымы æмæ фæсарæйнаг бæстæты æрдзы нывтæ, хъæутæ æмæ горæтты пейзажтæ, зындгонд адæймæгты къамтæ аивадон хуызы. Чи зоны, æмæ исчи бафæрса, цæмæн нæ хъæуынц фæсарæйнаг бæстæты къамтæ, зæгъгæ. Фæлæ уый у хæлардзинады темæ. Ирон адæмы æмæ иннæ адæмты ‘хсæн æфсымæрдзинады, фехалæн кæмæн нæй, ахæм хид.

 САУТÆТЫ Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here