Æвдисынц сæ уарзондзинад сæ уидæгтæм Дзæуджыхъæуы Жорж Дюмезилы номыл 45-æм гимназы ахуырдзаутæ. Арæх фæархайынц алы хуызы æркастыты, куыд республикæйы, афтæ Уæрæсейы иннæ регионты æмæ Мæскуыйы дæр. Æхсызгон у, арæх цы æнтыстытæ равдисынц, ууыл цæст ахæссын. Сæ ратæдзæн та у гимназы директор МЗОКТЫ Аллæ, йæ хæдивджытæ æмæ ахуыргæнджыты бæрнон куыст. Сæрмагондæй зæгъын хъæуы, географийы ахуыргæнæг ГУЫРЦЪЫТЫ Альбинæ гимназы экологион клубæн цы бындур сæвæрдта æмæ цыбыр рæстæгмæ скъоладзаутæ æмархайæг кæм систы, уый тыххæй. Экоклуб «Альтаир»-ы суинаг наукон иртасджытæ цымыдисæй архайынц бæстæзонæн, иртасæн куыстытæ кæныныл. Разæнгард та сæ кæны Ирыстонмæ, æрдзмæ, сæ фыдæлты истори æмæ культурæмæ уарзондзинад.
Цæст æнæрхæцгæ нæ фæуыдзæн гимназы 10-æм къласы ахуырдзау Бæцæзаты Хетæг æмæ 11-æм къласы ахуырдзау Джабиты Дианæ цы наукон-иртасæн куыст бакодтой, ууыл.
— Нæ гимназ хæссы гуманитарон наукæты, «Нарты кадджыты» иртасæг, зындгонд францаг ахуыргонд Жорж Дюмезилы ном. Йæ райгуырдыл 120 азы кæй сæххæст, уымæ гæсгæ нæ хæсыл банымадтам, нæ иртасæн куыстæй йын йæ ном ссарын. Дюмезиль фыста: «Ирæттæ дыууæ хатты басгуыхтысты. Иуæй бахъахъхъæдтой æмæ абоны бонмæ æрхæццæ кодтой се ‘взаг, бахъахъхъæдтой йын канд йæ формæ нæ фæлæ скифаг цивилизацийы фæстаг къæпхæнты райрæзты азæлд ирдæй кæм бæрæг дары, уыцы хуыз. Сæйрагдæр та хъахъхъæд æрцыдысты кадджытæ. Кæд сæ кæцыдæр универсалон фольклорон темæтæ анхъæвзыдысты, уæддæр героикон хъайтартæ ныронг се ‘мдзаг сты хигъæддзинад æмæ рæстæджы рог уддзæфæй».
45-æм гимназы æрыгон иртасджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ куысты нысан уыд, Нарты кадджытыл æнцой кæнгæйæ, райхалын сæ фыдæлты царды уаг, сæ уырнынад, сæ удварн, æрдззонынады сæм сæ фæлтæрддзинады руаджы цы арф зонындзинæдтæ уыд, уыдон. Зæгъынц, ирон æгъдæуттимæ баст традицион культурæ кæй у нæ адæмы удыхъæд æвдисæг æмæ йын нæй фæхицæн кæнæн æрдзæй. Сæ иртасæн куысты хицæнæй æркастысты ирон адæмы кадджытæ æмæ таурæгъты бæласы символикæмæ (Нарты фæткъуы, алæмæты аза бæлас æмæ афтæ дарддæр)
Хетæг æмæ Дианæ фыссынц: арв цы тулдз бæлас æрцавта, уый нæ фыдæлтæ нымадтой æхсæнады ‘хсæн тæрхæттæ хæссынæн æмæ туджджынты фидауын кæнынæн хуыздæр бынатыл. Йæ быны ард бахæрын, ныхас радтын нымад уыд стыр хъуыддагыл. Куыд донхæрис, афтæ наз бæлас дæр нымад цыд æвдадзы хосгæнæг æмæ хæдзар хæрам тыхтæй хъахъхъæнæг, хуымгæндтыл бæркадæфтауæг бæласыл. Геродот куыд фыста, афтæмæй донхæрис скифтæм уыд табуйаг бæлас. Нарты кадджыты Сослан куы мард, уæд æм æххуысмæ раздæхт æрмæст бæрзбæлас æмæ йын Сослан ракодта арфæ: «Абонæй фæстæмæ бæлæсты хуыздæр уыдзынæ ды, бæрзбæлас. Адæм дын дæ бынæй хæсдзысты дæ хус къалиутæ æмæ сыл бурвых физонджытæ кæндзысты, дæуæн арфæтæ кæнгæйæ».
Нæ æрыгон иртасджытæ сæ куысты хицæн хайы радзырдтой Дзæуджыхъæуы дендрари 1982 азы куыд фæзынд, уый тыххæй. Сагъд дзы ис бæлæсты 200 хуызы. Уыдонæй бирæтæ сты рагон стæм бæлæсты хуызтæ.
Кæстæртæ парк «Нæртон»-ы тыххæй бацæттæ кодтой цымыдисаг æрмæг. 57 гектарыл парк кæй у иттæг хорз бынат сывæллæтты туризм дзы парахат кæнынæн. 2014 азы дзы 45- æм гимназы экоклуб «Альтаир»-ы уæнгтæ архайдтой спортивон ерысты æмæ сæ зæрдæмæ тынг фæцыд.
Кæстæрты иннæ уарзон бынат парк «Нæртон» кæй у, уымæн æвдисæн — сæ иртасæн куысты хицæн хай. РЦИ-Аланийы адæмон нывгæнæг Ходы Никъала парк «Нæртон»-æн цы фараст скульптурæйы балæвар кодта, уыдонæн дæр скодтой аргъ. Æвдыст сæ æрцыдысты Нарты кадджыты хъайтартæ. Хицæнæй сæ равзæрстой сæ иртасæн куыстыты.
— Мах тынг фæнды, парчы экологион экспедицитæ, туристон лагертæ, слеттæ, балцытæ аразын не ‘мцахъхъæнтимæ. Хорз уаид, скалодромимæ фæз дзы куы фæзынид, уый дæр. Сывæллæттæ хæрдмæ бырыны бæрц ницы уарзынц, æмæ суаид сæ уарзондæр бынæттæй иу. Уæлдайдæр та, ахæм сыгъдæг уæлдæфы рæстæг æрвитын стыр ахъаз уаид, се ‘нæниздзинад фæфидардæр кæнынæн. Дыккагæй та сидæм, æрдзуарзджытæм экологион акциты архайынмæ. Æрдзы сыгъдæгдзинад нæхицæй аразгæ у. Куыд хорз уаид, ацы ран бæндæнтыл парк саразын бæлæсты ‘хсæн, æмæ дзы спортивон ерыстæ аразын. Мах нæхæдæг бацæттæ кодтам туристон проекттæ, сарæзтам экскурситæ парк «Нæртон»-мæ кæстæр скъоладзаутимæ. Радзырдтам сын Нарты хъайтарты тыххæй иу скульптурæйæ иннæмæ цæугæйæ. Сарæзтам викторинæ «По следам Нартов». Уый уыд зæрдылдаринаг цымыдисаг цау сывæллæтты царды. Иннæ ахæм, нæ къорд «Альтаир»-ы архайджытæ рахастой фæндон, парчы Нарты хъайтарты номыл дыууæ рæгъы фæрсæй-фæрстæм бæлæстæ ныссадзын. Махæн, кæстæртæн, нæ хæс у нæ уидæгтæ зонын, — зæгъынц сæ хъуыдытæ æрыгон иртасджытæ Хетæг æмæ Дианæ. Сæ куысты бындурыл бацæттæ кодтой æмæ рауагътой каталог. Нывтæ йын скодта Дзанайты Азанбеджы номыл нывкæнынады училищæйы ахуырдзау Хъæрджынты Эмилия.
Æрæджы Бæцæзаты Хетæг æмæ Джабиты Дианæйы иртасæн куыстытæн Мæскуыйы Бæстæзонæн академийы сфæлдыстадон æмæ наукон-иртасæн куыстыты VI æппæтдунеон конкурс «Фыццаг къахдзæф наукæмæ»-йы къамисы уæнгтæ скодтой стыр аргъ æмæ сæ схорзæхджын кодтой конкурсы Уæлахиздзауты дипломтæй. Ам ирдæй бæрæг дары сæ ахуыргæнæг, экоклуб «Альтаир»-ы разамонæг Гуырцъыты Альбинæйы иузæрдиондзинад йæ куыстмæ. Уый йæ уды фарн æмæ арф зонындзинæдтæ æнæвгъауæй тауы ахуырдзауты зæрдæты. Йæ æгæрон уарзондзинад æрдзмæ, нæ уидæгтæм рахизы сывæллæттæм æмæ свæййынц иу размæцæуæг хъару.
Ныр дæр та сæхи цæттæ кæнынц ног конкурсмæ, кæцы уыдзæн Ростовы, Шолоховы районы станицæ Вешенскаяйы. Бавдисдзысты дзы Бæцæзаты Хетæг, Хъæрджынты Эмилия æмæ Джабиты Дианæйы Хетæгкаты Къостайы номыл фæлладуадзæн парчы тыххæй куыст.
2019 аз Театры аз кæй у, нæ Иры номдзыд фырт Къостайы райгуырдыл та 160 азы кæй сæххæст уыдзæн, уымæ гæсгæ нæ размæ сæвæрдтам хæс, нæ республикæйы историон-архитектурон бынтæ æмæ æрдзон бынæтты ахадындзинад равдисын. Фæнды нæ, цæмæй æхсæнад, адæм се ‘ргом раздахой æмæ хъахъхъæной, нæ алыварс цы культурон æмæ æрдзон цыртдзæвæнтæ ис, уыдон. Цæмæй социалон æмæ экологион фарстатæ æнæлыггондæй ма баззайой», — зæгъынц нæ кæстæр патриоттæ, сæ ног иртасæн куыстытæм бавналгæйæ.
ХЕТÆГКАТЫ Оксанæ














