Хæрзиуджыты хуынтæ алы рæттæй

0
612

 

Ивгъуыд къуыри Ирыстоны спортсментæ Уæрæсейы алы горæтты цы ерысты архайдтой, уырдыгæй сыздæхтысты хæрзиуджыты хъæздыг хуынтимæ.

Дагестайнаг горæт Избербашы кикбоксингæй Цæгат Кавказы федералон зылды фыццаг бынат бацахсыныл ерысты нæ фæсивæд рамбылдтой дæс хæрзиуæджы. Ерыстæ цыдысты 2005-2006, 2003-2004, 2001-2002-æм азты гуырд æмæ уыдонæй хистæр спортсменты ’хсæн.

Хистæр  спортсменты ерысты Танделаты Тамерлан фыццаг бынат бацахста 91 кг онг уæзы.

Ирыстонйнаг кикбоксертæ ноджы æнтыстджындæр разындысты фæсивæды (2001-2002 азты гуырд) ерысты. Ацы кары сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Дыгъуызты Азæмæт (51 кг) æмæ Абайты Марат (67 кг). Æвзист майданæй хорзæхджын ссис Даниил Седов (54 кг). Азиаты Сафар та рацыд æртыккаг бынатмæ 60 кг онг уæзы хæцгæйæ.

2003-2004 азты гуырд кикбоксерты ерысты нæ лæппутæ рамбылдтой цыппар хæрзиуæджы. Æппæты æнтыстджындæр разынд Уалыты Тамерлан. Уый 67 кг онг уæзы фæуæлахиз йе ’ппæт ныхмæлæуджытыл дæр æмæ ссис сыгъзæрин майданæй хорзæхджын. Сæрæнæй равдыстой сæхи Бахъаты Раман (48 кг), Гобаты Георги (51 кг) æмæ Касаты Зелим (81 кг). Æртæйæ дæр систы бронзæ майдантæй хорзæхджын. Ноджыдæр ма иу бронзæ майдан рамбылдта æвзонг (2005-2006 азты гуырд) спортменты ерысты Тотраты Феликс.

Нæ кикбоксерты хъомылгæнæг тренертæ сты: Гæбæраты Олег, Хаситы Дмитри, Михаил Весницкий, Василий Мельников, Гæцойты Эльбрус æмæ Къусраты Рамис.

Горæт Владимиры уæгъдибар хъæбысхæстæй цыдысты къуырма спортсменты Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыныл ерыстæ фæсивæды (21-азы онг) ’хсæн.

Ирыстойнаг богæлттæ рамбылдтой дыууæ сыгъзæрин, иу æвзист æмæ дыууæ бронзæ майданы.

65 кг онг уæзы иттæг сæрæн хæзт ракодта Бадриаты Натан æмæ рацыд кæронбæттæнмæ. Уым йæ ныхмæлæууæг уыди дагестайнаг богал Шагмир Магомедов. Натан ацы фембæлды дæр разынд зынгæ арæхстджындæр æмæ фæуæлахиз æнæкъуылымпыйæ.

Дыккаг сыгъзæрин майдан рамбылдта 125-кг уонг уæзы хæцгæйæ Артем Платов. Кæронбæттæны Артем фæуæлахиз Сахалины облæсты минæвар Максим Медведевыл. Æвзист майданæй хорзæхджын ссис Сæлбиты Вячеслав (79 кг) бронзæ майдантæ та рамбылдтой Джиоты Алан, (70 кг) æмæ Цъæхилты Феликс (74 кг).

Нæ богæлтты ерыстæм бацæттæ кодтой тренертæ Гæбæраты Аслан æмæ Санаты Георги.

Ацы ерысты чи фесгуыхт, уыцы богæлттæ ныр сæхи цæттæ кæндзысты фæззæджы белорусаг горæт Гомелы цы Европæйы чемепионат цæудзæн, уымæ.

Уæрæсейы 5 – хатты чемпион сси армспортæй Дзæрæхохты Батрадз. Цæстæй хорз чи нæ уыны уыцы спортсменты ерыстæ цыдысты горæт Ярославлы. Дзæрæхохты Батрадз уым фыццаг фæуæлахиз 90 кг онг уæзы хæцгæйæ, уый фæстæ та 1-аг бынат бацахста æппæты уæззаудæр. Афтæмæй Батрадз Уæрæсейы чемпион ссис фæд-фæдыл фондз хатты. Нæ арфæтæ Батрадз æмæ йæ тренер Лелаты Тотрадзæн!

 

 

 

Нæ богæлттæ хæцдзысты Европæйы чемпионаты

Уæгъдибар хъæбысхæстæй 8-10 мартъийы сербиаг горæт Новы-Сады цæудзæн Европæйы чемпионат фæсивæды (23-аздзыды онг) ’хсæн.

Уæрæсейы ацы кары иугонд командæйы хистæр тренер Мæргъиты Анатоли 3-æм мартъийы сбæрæг кодта, нæ бæстæйы номæй Новы-Сады гауызмæ чи рацæудзæн, уыцы богæлтты номхыгъд.

Уæрæсейы командæйы цы дæс богалы уыдзæн, уыдонæй æртæ уыдзысты ирон лæппутæ: Уалыты Радик (79 кг), Цæкулаты Батырбег (92 кг) æмæ голоты Витали (125 кг).

Æдæппæтæй Уæрæсейы командæйы номхыгъды уыдзысты: 57 кг – Амиран Гуважоков, 61 кг – Абасгаджи Магомедов, 65 кг Сайын Казырык, 70 кг – Разамбек Жамалов, 74 кг – Никитæ Сучков, 79 кг Уалыты Радик, 86 кг – Арсенали Мусалалиев, 92 кг – Цæкулаты Батырбег, 97 кг – Шамиль Мусаев, 125 кг – Голоты Витали.

Баскаты Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here