Æрныхас кодтой ахсджиаг фарстатыл

0
552

 

Абон  Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты советы æмбырд. Депутаттæ æркастысты æмæ биноныгæй æрныхас кодтой 33 федералон æмæ республикон закъæтты проектты фæдыл. Сæ фылдæр уыдысты Цæгат Ирыстон-Аланийы республикон закъæтты проекттæ. Æмбырд амыдта Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев.

Депутатты рæгъмæ æмбырды райдайæны Парламенты закъонæвæрынады, закъондзинады, æмæ бынæттон хиуынаффæйады сæрдар Ортабайты Тимур рахаста  9 федералон закъоны проекты. Федералон закъæтты проекттæй уæлдай ма  бюджеты, хъалонтæ, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдар Баликъоты Валерийы фæндонмæ гæсгæ депутаттæ бæстон æрныхас кодтой Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы цæстдарæн-нымайæн палатæйы 2018 азы архайды бæрæггæнæнты фæдыл.

Ахсджиаг фарстаты советы æмбырды раныхас кодтой Парламенты аграрон æмæ зæххы политикæйы, экологи æмæ æрдзон фæрæзты комитеты сæрдар Тетцойты Георги, социалонт политикæйы, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ, наукæ, ахуырад, культурæ æмæ информацион политикæйы комитеты сæрдар Еленæ Князева, промышленносты, транспорты, бастдзинад æмæ амалхъомады комитеты сæрдар Бурдзиуты Валери, цæрæнуæтты коммуналон хæдзарад æмæ арæзтадон политикæйы комитеты сæрдары хæдивæг Гаглойты Алан.

Депутаттæ сбæлвырд кодтой Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы дыууын дыккæгæм æмбырды боны фæтк.

Касаты Батрадз

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here