Арфæ уын кæнын Сылгоймæгты дунеон бон — 8 Мартъийы фæдыл!
Уæ бæрæгбон нæм æрбахæццæ вæййы уалдзæджы ралæудимæ, уымæ гæсгæ йын ис стыр нысаниуæг. Сылгоймагимæ баст хуымæтæджы нæу — Сылгоймаг у царддæттæг, Сылгоймаджы баиу сты, зæххы цъарыл цыдæриддæр хорзæй ис, уыдон: рæсугъддзинад, фæлмæнзæрдæдзинад, уарзондзинад.
Мах уæ сæрыстыр стæм, ирыстойнаг сылгоймæгтæ, уымæн æмæ стут зондджын, курдиатджын, фæллойуарзаг, хъаруджын, разæнгард уæ куысты, аудаг — бинонты ‘хсæн. Республикæйы цыдæриддæр хорз хъуыддæгтæ цæуы — фæнды гыццыл уа, фæнды стыр хъуыддаг — æнæ сымахæй йын саразæн нæй.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты не ‘мзæххон сылгоймæгтæй бирæтæ уæхски-уæхск æрлæууыдысты нæлгоймæгтæн сæ фарсмæ æмæ цыфыддæр знагæй бахъахъхъæдтой нæ Райгуырæн бæстæ, сæхицæн кад скодтой фæллойадон сгуыхтдзинæдтæй, заводты æмæ колхозон быдырты кусгæйæ, æппæт дунейыл дæр Ирыстоны ном айхъуысын кодтой сæ диссаджы аивадæй, сценæйыл балеты кафгæйæ, дирижеры бынаты лæугæйæ стыр оркестртæн разамынд дæтгæйæ, цирчы æмæ спортивон аренæты.
Стыр бузныг, абон нæ фарсмæ чи ис, уыцы сылгоймæгтæн — ахуыргæнджытæн, дохтыртæн, хъæууон хæдзарады фæллойгæнджытæн, паддзахадон кусæндæттæ æмæ æхсæнадон организациты кусджытæн, удыхъæдæй æрыгонæй чи баззад æмæ абон дæр ма куыстхъом чи у, нæ уыцы ветерантæн — сыгъдæгзæрдæ, намысджын, куырыхон кæй сты, цардмæ куыдфæндыйы цæстæй кæй нæ кæсынц æмæ республикæйы абоны царды разæнгардæй кæй архайынц, уый тыххæй.
Уæ хъуыдытæ, уæ фæндтæ сæххæст уæнт, æрдз уалдзæджы куыд райхъал вæййы, афтæ уæ зæрдæты дæр райхъал уæнт амонды æнкъарæнтæ.
Æнæниз, фæрнджын æмæ æнтыстджын ут уæ алы хъуыддаджы дæр!
БИТАРТЫ Вячеслав, Республикæ Цæгат ИрыстонАланийы Сæргълæууæг