Зынаргъ сылгоймæгтæ!
Зæрдиаг арфæ уын кæнын Сылгоймæгты дунеон боны фæдыл!
Уалдзæджы райдайæн хуымæтæджы нæ баиу сылгоймæгты бæрæгбонимæ. Сылгоймаджы сурæт æнгом баст у цардимæ, уарзондзинадимæ, бинонтимæ, уымæн æмæ, зæххыл цыдæриддæр хорзæй ис, алцыдæр рацæуы сылгоймаджы зæрдæйæ æмæ йæ уарзæгой уды хъармæй.
Сылгоймаг алкæддæр ахста ахсджиаг бынат æхсæнады. Хæдзары фарн, бинонты амонд, бинонты ‘хсæн хъарм ахастдзинæдтыл хъæуы æрвылбон æмæ удуæлдайæ архайын. Уый æнцон куыст нæу, уæз та кæны сылгоймæгты уæхсчытыл. Уыимæ, сымах нæлгоймæгты æмрæнхъ фæллой кæнут куыстуæтты, архайут политикæйы, кусут барадхъахъхъæнæг оргæнты, амалхъомады. Уе ‘хсæн ис æнтыстджын амалхъомтæ, аккаг афицертæ, дæсны дохтыртæ, ахуыргæнджытæ, курдиатджын спортсментæ, культурæйы кусджытæ.
Нæ зынаргъ сылгоймæгтæ — нæ нанатæ, нæ ныййарæг мадæлтæ, нæ хотæ, нæ цардæмбæлттæ æмæ нæ чызджытæ! Бузныг уын уæ уды рæдаудзинады, уæ куырыхондзинады æмæ уæ быхсондзинады тыххæй, кæй нæ æмбарут æмæ алкæддæр нæ фарсмæ кæй стут, уый тыххæй. Уалдзæг ралæууыд æмæ уын йемæ æрхæссæд рæсугъд æнкъарæнтæ, хорзæрдæм ивддзинæдтæ. Уæ фæндтæ, уæ хъуыдытæ сæххæст уæнт, тыхстаг хабæрттæ та ивгъуыды баззайæнт. Алы боныл дæр æмбæлут цингæнгæйæ æмæ разæнгардæй, алкæддæр ут рæсугъд, æрыгон, æмæ уæ алыварс алкæддæр уæнт, чи уæ уарзы, ахæм адæм. Æнæниз, цардбæллон æмæ сылгоймаджы амондæй хайджын ут!
Аргъ уын кæнгæйæ, Уæрæсейы Федерацийы Пенсион фонды Цæгат Ирыстоны управленийы разамонæг ТАБОЛТЫ Сергей