Хистæртæ — царды фидыц

0
714

 

Абон уыд Ветеранты республикон советы æвдæм пленум. Йæ куысты архайдтой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, министрадты æмæ ведомствоты, æхсæнадон организациты бæрнон кусджытæ.

Пленумы райдайæны раныхас кодта РЦИ-Аланийы ветеранты советы сæрдар Къаболаты Солтан. Уый æрдзырдта пленумы куысты фæткыл, æвзæрст æрцыд президиум. Уый фæстæ иу минут æдзæмæй алæугæйæ ссардтой, æрæджы Ветеранты советы уæнгтæй цардæй чи ацыд, уыдоны рухс нæмттæ. Пленумы æмбырды раныхас кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав.

— Ветеранты совет цы куыст кæны, уый у ахадгæ. Сымах, нæ хистæртæ, стут фыдæлты лæгдзинады цаутæ, сæ намысджын цард, рухс нæмттæ фæлтæртæм чи хæццæ кæны, фæсивæд сæ кæй фæрцы зонынц, ахæм иугæнæг, фарнхæссæг тых. Мах æппæт хъарутæй дæр архайдзыстæм уæ социалон фарстатæ иумæйаг хъарутæй лыг кæныныл. Нæ республикæйы Ветеранты совет нымад у Уæрæсейы хуыздæр организацитæй иуыл. Уымæ гæсгæ, нæ хæс у, куыд куыстам, уымæй ахадгæдæр æмвæзадыл архайын, — загъта Битарты Вячеслав. Республикæйы Сæргълæууæг ма сæрмагондæй арфæ ракодта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Магкæты Исрафилæн, æрæджы йыл 90 азы кæй сæххæст, уый фæдыл.

Ветеранты республикон советы 2018 куысты бæрæггæнæнтыл дзургæйæ тыххæй сæйрагдæр æргом здæхт æрцыд фæсивæды патриотон хъомыладмæ, районты ветеранты советы æмæ æхсæнадон организациты æхсæн æмгуыстадмæ фарстатæм, УФ-йы Хицауады уынаффæтæ ветеранты социалон-экономикон уавæрыл куыд ахадынц уымæ,  Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 75 азы сбæрæг кæныны мадзæлттæм. Советы разамынд хорзыл банымадта Кировы, Рахизфарсы æмæ Æрæфы районты ветеранты советты куыст.

Кæронбæттæн пленумы сбæрæг кодтой ацы азы  куысты хæстæ æмæ нысæнттæ

Гасанты Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here