Республикæйы Сæргълæууæджы премитæ райстой

0
437

 

Æрыгон ахуыргонд ДОБАТЫ Алыксандр цы иртасæн куыстытæ кæны, уыдон баст сты нырыккон технологиты бындурыл конд зонды фæзилæнтæ æвзарынимæ, уыдонæн хатдзæгтæ кæнынимæ, энергетикæйы цы информацион технологитæй пайда кæнынц, уыдонимæ. Кусы Хæххон-металлургон институты промышленнон электроникæйы кафедрæйы. Йæ хъуыдымæ гæсгæ нырыккон наукæйæн ис бынтон æндæр бакаст, нæ йæ хъæуы æмхæццæ кæнын, цавæрдæр механизмтæ æрхъуыды æмæ сæ уайтагъд царды пайда кæнынимæ. Нырыккон технологитимæ, инновацитимæ архайд, цы æнтыстытæ дзы фæзыны, уыдон сабыргай æфснайд цæуынц, сæ бындурыл байгом кæнæн вæййы цавæрдæр ног змæлд, закъонбæрцад, кæнæ æндæр ахсджиаг модельтæ.

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ фембæлдмæ знон цы æрыгон ахуыргæндтæ æрбацыд, уыдонимæ уыдис Добайыфырт дæр. Лæппу хорз зоны, ахæм наукон архайд куыд хъуамæ парахатгонд цæуа, йæхиуыл куыдæй схæца, уыдæттæ. Нæ республикæйы æрыгон ахуыргæндты архайдæн аккаг аргъ кæй кæнынц, ууыл дзурæг у, наукæ æмæ техникæйы къабазы æнтыстдзинæдты тыххæй сын æрвылаз цы премитæ раттынц, уый дæр. Фембæлдæн бæрзонд нысаниуæг кæй ис, ууыл дзурæг у, зындгонд ахуыргонд Къомайты Руслан дæр дзы кæй архайдта, уый.

«Мæ цæстæй акæсгæйæ, абон хорз хъуыддаджы тыххæй фембæлдыстæм, хъуамæ республикæйы æрыгон ахуыргæндтæн се ‘нтыстдзинæдты тыххæй арфæ ракæнæм. Уæрæсейы Президент Владимир Путин сæвæрдта, наукон æгъдауæй дунейы размæцыддæр цы бæстæтæ ис, уыдоны ‘хсæн Уæрæсе дæр куыд уа, ахæм хæс. Æмæ сымахмæ хауы уыцы хъуыддагыл бакусын, ноджы ныртæккæ фæзындис сæрмагонд национ проект «Наукæ» æмæ уый дæр хъуамæ фæахъаз уа рæзтæн. Иннæ ахæм, Цæгат Ирыстон хъуамæ иннæ регионтæй фæстæдæр ма уа наукон архайды», — ахæм разныхасæй фембæлд байгом кодта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав.

Куыд бацамыдта, афтæмæй кæддæриддæр нæ республикæ зындгонд уыдис йæ ахуыргæндтæй, царды алы къабæзтæм цы бавæрæнтæ бахастой, уыдæттæй. Битарты Вячеславы ныхасмæ гæсгæ, хъуамæ фæлтæрты ‘хсæн бастдзинад наукæйы уа ноджы фидардæр, раздæры ногдзинæдтæ æмæ наукон бындуртыл æнцайой, ныртæккæ æрыгæттæ цы иртасæнтыл кусынц, уыдæттæ. Куыд бафиппайдта, афтæмæй сын диссаджы дæнцæг у Къомайты Русланы наукон фæндаг, уый йе ‘ппæт иртасæнтæ дæр царды сæххæст кодта æмæ сæ равдыста космосон наутæй. «Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй уæ наукон хатдзæгтæ фæзыной экономикæйы æппæт къабæзтыл. Сымах стут республикон ерысы уæлахиздзаутæ, арфæ уын кæнын. Афтæ архайут, цæмæй фæсивæд уæ фæстæ цæуой, наукон зондыл хæст уой. Уæ бон уыцы хъуыддаг кæнын у», — загъта республикæйы Сæргълæууæг.

Уый фæстæ æрыгон ахуыргæндты раз раныхас кодта Къомайты Руслан, арфæ сын ракодта се ‘нтыстдзинæдты, ныридæгæн нымад кæй сты, уый тыххæй. «Нырма уæ фæндаг ныр райдыдта, разæй уæм тынг бирæ куыст æнхъæлмæ кæсы, мæхи фæлтæрддзинадæй йæ зонын — уый у уæззау фыдæбон. Уымæ гæсгæ уын фæдзæхсын: «Кусгæ, кусгæ æмæ кусгæ». Афтæ ма ‘нхъæлут, æмæ ахуыргонды фæндаг лæгъз у, уæ размæ уыйас цæлхдуртæ ис, æмæ хъуамæ уат фидар, ныфсджын, быхсондзинадæй æххæст. Наукæйы æнæ уымæй зын у, уæдæ уæ алыварс чи ис, æмзонд кæимæ стут, хъуыддагыл кæимæ архайут, уыдонæй дæр тынг бирæ аразгæ у. Уæ ных, уæ арæзт хъуамæ иуырдæм уа», — бафæдзæхста Къомайыфырт.

Сæйрагдæр та, йæ хъуыдымæ гæсгæ, у Ирыстон уарзын. «Мæскуыйы 50 азæй фылдæр дæн, фæлæ мæнæй мæ чысыл райгуырæн зæхх рох никуы уыдис, мæ бастдзинæдтæ сты фидар. Хъуамæ нæ алчидæр цæмæйдæрты Ирыстоны техникон размæкъахдзæф фидар кæна. Ныртæккæ нæм Кванториум кæй фæзынд, уый æвдисы нæ тырнындзинад, рæхджы планетари дæр срæвдз уыдзæн. Уыдæтты фæрцы сабиты ис наукæмæ фемхиц кæнæн», — бафиппайдта Къомайты Руслан.

Республикæйы Сæргълæууæг æрыгæтты æргом аздæхта, нæ зындгонд æмзæххон Ирыстонмæ цы уарзондзинад æвдисы, уымæ. «Планетари тагъд кæй сцæттæ уыдзæн, уый комкоммæ у Къомайты Русланы хъæппæрис. Йæ хъуыддæгтæ Мæскуыйы фæуадзы æмæ та ссæуы Ирыстонмæ, цæмæй йæ хъус æрдара, объект куыд арæзт цæуы, уымæ. Фæнды мæ, цæмæй сымах дæр ацы диссаджы адæймаджы хуызæн уат, уый», — загъта Битарты Вячеслав.

Уый фæстæ республикæйы Сæргълæууæг наукæ æмæ техникæйы къабазы æнтыстдзинæдтæ равдисæг æрыгон ахуыргæндтæн радта сæрмагонд премитæ, кады нысантæ. Медицинон наукæты кандидат, дохтыр-нефролог Сопойты Михалы наукон-иртасæнтæ уæззау фæстиуджытæй бахъахъхъæндзысты уыргты низтæй сæйæг рынчынты. Ныридæгæн уыцы мадзæлттæй пайда кæнынц рынчынты дзæбæх кæнгæйæ. Премиты хицæуттæ систы биологион наукæты кандидат Юлия Соловьева, авторты коллектив — хæххон æмæ техникон наукæты кандидаттæ Хъаныхъуаты Алыксандр æмæ Михаил Майсурадзе. Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ Къомайты Руслан ма иу хатт раарфæ кодтой уæлахиздзаутæн.

БУТАТЫ Эльзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here