Фæсивæды спектакл

0
1239

 

 

Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы проект «Чысыл райгуырæн бæстæйы культурæ»-мæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны Уырыссаг академион театры сценæйы фæсивæд равдыстой спектакл «Золушка»

Йæ хъайтарты ролты профессионалон актертæ нæ, фæлæ Алагиры скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæ кæй хъазыдысты, уый банымайæн ис театралон равдысты сгуыхтыл. Цæгат Кавказы зæронддæр театртæй иу культурæйы зындгонд архайджыты Михаил Булгаковы, Евгений Вахтанговы æмæ Хетæгкаты Къостайы нæмттæ кæй «хъуыды кæны», уый хынцгæйæ, фæсивæд сæ куыстæй баззадысты райгондæй.

Спектакл фенынмæ æрбацыдысты канд фæкæсинаг бинонты цæрæг лæппутæ æмæ чызджытæ нæ, фæлæ ма театры директор, Цæгат Ирыстоны Парламенты депутат Владимир Уваров, «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады секретар Ортабайты Тимур, фæллойы æмæ социалон рæзты министр Хуыбиаты Барис, Алагиры районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Дзугкойты Дзамболат, «Иугонд Уæрæсе»- йы Алагиры районы хайады секретар Уыртаты Хъазыбег æмæ æндæр бæрнон кусджытæ.

Спектаклы фæстæ театрдзаутæ æвзонг артисттæн сарæзтой тыхджын къухæмдзæгъд.

— Фæсивæд сæ курдиат раргом кодтой æххæстæй. Æвзонг артисттæн баххуысгæнæг театры директор Владимир Уваровæн — бузныг. Спектакл цæмæй фæрæстмæ уа, уымæн фæахъаз сты Алагиры фæсивæды ахуыргæнджытæ дæр. Театралон равдысты фæрцы рæзгæ фæлтæр се ‘ргом аздахдзысты театралон аивадмæ. Профессионалон артисттимæ аныхас кæнгæйæ, уæвæн ис, æмæ фæсивæдæй иуæй-иутæ сæ фидæны дæсныйад сбæлвырд кæной, — загъта Ортабайы-фырт.

САНАТЫ Альбинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here