Зæрдæйы хъарм — йæ хуыздæр лæвар

0
397

 

Цард, дам, скаст æмæ ныккаст у, фæзæгъынц… Æниу азтæ та кæм лæууынц, згъорынц размæ æмæ згъорынц… Елхоты кадджын æмæ стыр хъæубæсты, стæй æгас Ирыстоны дæр Касаты мыггаг нымад у. Уарзон æмæ кадджын уыд Касаты Æмзор хъæуы цæрджыты ‘хсæн стырæй-чысылæй.

Уарзон хæларæн рохгæнæн нæй, цасфæнды куы рацæуа йæ ацыдыл ацы рухс дунейæ, уæддæр. Æмзоры ацыдыл дæр кæд цæуы цыппар азы бæрц, уæддæр æз мæхицæн хæсыл банымадтон ацы æрмæг ныффыссын. Уымæн æмæ нын лæвар кодта кæддæриддæр йæ зæрдæйы хъарм. Фæлæ цы загъдæуа хъысмæтæн…

Касаты Дмитрийы фырт Æмзоримæ базонгæ дæн Кировы районы газет «Размæ»-йы æнæштатон уацхæссæг уæвгæйæ. Æз уыцы рæстæг куыстон Кæрдзыны фосхæссæн совхозы партион организацийы нымардарæй (секретарæй). Иу бон редакцимæ бацыдтæн, бахастон очерк совхозы раззагдæр механизатор Слонаты Хъазыбеджы арфæйаг фæллойы фæдыл. Æмзор мыл сæмбæлдис зæрдиагæй, айста фыстæг, бакастис æй, мидбылты фæлмæн бахудт, загъта, кæй бæззы газеты рауадзынмæ, æмæ йæ радта мыхуыр кæнынмæ.

Газеты редакцийы кусын куы райдыдтон, уæддæр, мæнæй кæстæр уæвгæйæ, мемæ цард тынг хæлар æмæ æнгомæй. Райсомæй йæ кусæн уатмæ нæ бахызтаид, цалынмæ мæнæн æмæ иннæ æмкусджытæн худæндзастæй зæрдиаг салам радтаид, уæдмæ. Улæфты рæстæг нын-иу худæджы хабæрттæ цымыдисхуызæй фæкодта. Адæймаг-иу истæуыл æнкъард куы уыдис, уæддæр-иу æй бахъæлдзæг кодта æмæ йын-иу йæ уæнгты бауагъта ныфс æмæ хъару.

Æмзоры кæдæй зыдтон, уæдæй йæ никуы федтон хъæрзгæ, никуы дзы фехъуыстон, исты мæ риссы, зæгъгæ. Кæддæриддæр уыд хъæлдзæг, дзырдта-иу, абон райсомæй та Терчы былгæрæтты фæтезгъо кодтон, зæгъгæ. Йæ кусæн уаты дæр уыдис уæззау гир. Улæфты рæстæг-иу гир уæлæмæ иста, æмæ-иу мæн дæр сцыбæл кодта.

Газеты куыст æнцон нæу. Уый хорз зыдта Æмзор, æмæ æнæзивæгæй æххæст кодта йæ бæрнон хæстæ. Дæргъвæтин рæстæг уыдис сæйраг редакторы хæдивæг, ноджы ма алы мæй дæр цæттæ кодта литературон фарс. Зæрдиагæй куыста йæ алы æрмæгыл дæр. Фыста æмдзæвгæтæ дæр æнцон æмбарæн æвзагыл иронау æмæ уырыссагау.

Касайы-фырт стыр циндзинад æмæ æнцойдзинад иста сфæлдыстадон куыстæй. Йæ литературон фæллæйттæ рацыдысты 2001 азы хицæн чиныгæй. Дыууæрæнхъонтæ æмæ цыппаррæнхъонтæ иууылдæр фыст сты уырыссаг æвзагыл. Тынг хорз зыдта дыууæ æвзаджы дæр. Иронау цы æмбырдгонд бацæттæ кодта, уый йын йæ удæгасæй рухс нал федта. Æвæццæгæн, зыдта йæ адзал æмæ мæнæ куыд фыста йæ æмдзæвгæйы:

 

Адзалæн нæй мадзал,

Цы ‘рцыди, уый æрцыд.

Æз рацардтæн дзæвгар,

Мæрдтæм нæ цæуын сонтæй.

 Æнæ сымахæй мæн

Сыгъзæрин дæр нæ хъæуы.

 

Арфæ та кодта йæ фæстаг бонты, афтæ:

 

Мæ фæстæ уыл кæсæд

Зынг хур.

Ныр та хæрзбонтæ!..

 

Уый та дзурæг у йе Стыр Адæймагдзинадыл. Æмзор канд дæсны журналист æмæ поэт нæ уыд. фæлæ ма уыд иузæрдион фыдæлты хæзна — мадæлон æвзагыл. Уыдис газет «Рæстдзинад»-ы хæлар. Уый йæхæдæг дæр æмæ-иу махæн дæр рафыссын кодта нæ иунæг ирон газет «Рæстдзинад». Мах ыл абон дæр стæм æнувыд.

Иу бон, куыд алы райсом, афтæ нал æрбацыд йæ куыстмæ. Куыд базыдтам, афтæмæй йæ тагъд æххуысы хæдтулгæ æхсæвы аласта рынчындонмæ. Фæхуыссыдис дзы 22 боны. Фæдзæбæх ис. Æмæ йæ рафыстой. Сæхимæ бацæуыны разæй бабæрæг кодта йæ уарзон коллектив, мах ыл тынг бацин кодтам.

— Хуыцауæй разы, фæдзæбæх дæн. Дохтыртæ мын амонынц санаторион дзæбæхгæнынад. Райсом цæуын балцæг райсынмæ — æхсызгонæй нын дзырдта Æмзор — Мæйы фæстæ та фембæлдзыстæм.

Цæмæй зыдта, уыдон йæ фæстаг ныхæстæ кæй уыдысты йæ уарзон æмкусджытæн, уый. Мах æнхъæл уыдыстæм дзæбæхæй нæм æрыздæхдзæн, æмæ та хъæлдзæгæй кусдзыстæм. Фæлæ нæ фæсайдта. Æгъатыр разындис удхæссæг. Сæумæрайсом нæм фæхабарчындæуыд, уæ иузæрдион æмкусæг Æмзор ахицæн йæ цардæй, зæгъгæ. Ныккæрзыдтой нæ зæрдæтæ…

Нæ рагфыдæлтæй нын ахæм ныхас баззадис: цы байтауай, уый æркæрддзынæ. Уый иттæг раст у. Æмзоры æфснайæн бон Ирыстоны алы рæттæй цы бирæ адæм æрцыдис, уыдоны зæхх нæ урæдта. Иууылдæр хъыг кодтой, сæ хорз хæлар кæй батагъд кодта мæрдты бæстæм, ууыл. Æмзор цы фарн ныууагъта ацы зæххыл, уый рабæрæг йæ ахæрæты фæндагыл цæуæн бон. Адæм ыл куыд зæрдиагæй фæхъыг кодтой, куыд бирæ цæссыг ыл фæкалдтой, цы рæсугъд æгъдау радтой, уый диссаг уыд.

Нырма а зæххыл иу ахæм адæймаг дæр нæма равзæрд, царды цалх кæй фæстæ æрлæууыд йæ зылдæй. Æмзор дæр ацы хъуыддаджы нæу фыццаг æмæ фæстаг. Æмзор стыр аргъ цы газетæн кодта, уый абон цæуы. Фæлæ дзы газеткæсæг нал фены Касайы-фырты арфхъуыдыджын уацхъуыдтæ, литературон фарс, йæ æмдзæвгæтæ, йæ худæджы ныхæстæ.

Рæстæг дугъон бæхæй уæлдай нæу, згъоры размæ. Æмзор дæр редакцийы нал ис, фæлæ ма абон дæр скъоладзаутæй æмдзæвгæтæ фыссын чи фæлвæрдта, уыдонæй йæм бирæтæ редакцимæ æрбацæуынц æххуысмæ. Фæлæ сæм Æмзор фыццагау нал ракæсы худæндзастæй.

БОГАЗТЫ Арсæмæг, журналистикæйы ветеран

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here