Дзӕуджыхъӕуы стадион «Спартак»-мӕ 5 августы цы дӕс минмӕ ‘ввахс футболуарзджытӕ ӕрбацыд, уыдон тынг разыйӕ баззадысты нӕ командӕйы хъазтӕй.
«Алани» хъазыд Уӕрӕсейы Кубок рамбулыны 1/64 хайы. Йӕ ныхмӕлӕууӕг уыди Астраханы командӕ «Волгарь». Астрахайнӕгтӕ ныртӕккӕ Хуссар зылды командӕты чемпионаты ахсынц 3-аг бынат ӕмӕ нымад сты зылды тыхджындӕр командӕтӕй иуыл.
Хъазт райдыдта «Алани»-йы ныббырстӕй. Минутӕй чысыл фылдӕр куы рацыд, уӕд Ислам Машуков пурти уазджыты хызы фӕмидӕг кодта, фӕлӕ тӕрхонгӕнӕг гол нӕ банымадта, нӕ хъазджытӕй чидӕр кӕй фӕтагъд кодта, уый тыххӕй.
Уымӕй минут фӕстӕдӕр уазджыты дуармӕ бабырста Хӕдарцаты Батрадз, фӕлӕ йӕ размӕ цы бирӕ къӕхтӕ февзӕрди, уыдоны ‘хсӕнты йын пурти хызыл сӕмбӕлын кӕнын нал бантыст.
Фысымты ныббырстытӕ кӕрӕдзи ивгӕйӕ цыдысты дарддӕр ӕмӕ 12-ӕм минутыл сӕ радон ныббырст фӕрӕстмӕ. ӕрдӕгхъахъхъӕнӕг Бутта Магомедов 17-метрӕй пурти уазджыты дуаргӕсы фӕрсты сӕ хызы фӕмидӕг кодта. 1:0 хыгъдӕй «Алани» размӕ рацыд.
Уазджытӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕхӕрд уӕвыныл разы нӕ уыдысты ӕмӕ сӕ архайд фӕцырддӕр кодтой. 22-ӕм ӕмӕ 25-ӕм минуттыл фысымты иварон фӕзы сарӕзтой тӕссаг уавӕртӕ, фӕлӕ дзӕуджыхъӕуккӕгтӕ рӕвдз фӕлӕууыдысты ӕмӕ сӕ дуар бахъахъхъӕдтой. Уый фӕстӕ та сӕхӕдӕг ногӕй абырстой размӕ ӕмӕ тынгӕй-тынгдӕр тыхсын кодтой уазджыты
34-ӕм минуты Кобесты Давид 23 метрӕй пурти сарӕзта «Волгарь»-ы дуары уӕллаг къуыммӕ, фӕлӕ уыцы уавӕры дӕсны хъазт акодта сӕ дуаргӕс Владислав Ямпольский ӕмӕ пурти хызмӕ батӕхын нал бауагъта.
Уый хӕдфӕстӕ та уазджыты хъахъхъӕнджытӕ сӕ иварон фӕзы Ислам Машуковы уромгӕйӕ, хъазты фӕтк фехӕлдтой ӕмӕ иваргонд ӕрцыдысты 11-метрон цӕфӕй.
Ацы гӕнӕнӕй иттӕг хорз спайда кодта Хӕдарцаты Батрадз ӕмӕ хыгъд ссис 2:0 «Алани»-йы пайдайӕн.
Уымӕй дыууӕ минуты фӕстӕдӕр та дзӕуджыхъӕуккӕгтӕ ногӕй атындзыдтой уазджыты иварон фӕзмӕ. Кобесты Давид пурти дӕсны лӕвӕрд бакодта Ислам Машуковмӕ, ӕмӕ йӕм уый хорз фӕцарӕхст. Йӕ цӕфы фӕстӕ 37-ӕм минутыл хыгъд ссис 3:0 «Алани»-йы пайдайӕн.
Хъазты фыццаг ӕмбисы кӕрон уазджытӕ сарӕзтой цырд ныббырст ӕмӕ сӕ размӕбырсӕг Андрей Мязин тӕссаг цӕф ныккодта 15 метрӕй. Пурти тахти «Алани»-йы дуары уӕллаг къуыммӕ, фӕлӕ йӕ нӕ дуаргӕс Ростислав Солдатенко иуварс акъуырдта.
Хъазты дыккаг хай рауад ноджы хъазуатондӕр. Уазджытӕ сӕ тых сӕ бонӕй тырныдтой хыгъд аивынмӕ, фӕлӕ 48 минутыл сӕ ныббырст куы фӕсыкк ис, уӕд фысымтӕ цырд ныббырст ацарӕзтой, ӕмӕ Кобесты Давид йӕ фӕстӕ фӕуагъта уазджыты хъахъхъӕнджыты, афтӕмӕй сын баирвӕзт сӕ иварон фӕзмӕ. Йӕ цӕф ын нал баурӕдта «Волгарь»-ы дуаргӕс, ӕмӕ хыгъд ссис 4:0.
Трибунӕты цы футболуарзджытӕ уыди, уыдоны цинӕн ма кӕрон кӕм уыди! ӕмӕ ӕцӕгӕйдӕр нӕ лӕппуты архайд хуызджындӕр ӕмӕ мидисджындӕр кӕй кӕны, уый ӕнӕмӕнг у. Хъыгагӕн, ацы хатт дӕр та нӕ командӕ хъазты 50-ӕм минутӕй фӕстӕмӕ, иу хъазӕг къаддӕрӕй баззади. Тӕрхонгӕнӕг Ислам Машуковы дыккаг хатт фӕивар кодта ӕмӕ йӕ хъазӕн фӕзӕй рарвыста. Ууыл 2 минуты куы рацыд, уӕд нӕ хъахъхъӕнджытӕ нал фӕцарӕхстысты уазджыты размӕбырсӕг Андрей Мязины бауромынмӕ ӕмӕ уый лӕгӕй-лӕгмӕ баирвӕзт нӕ дуаргӕс Ростислав Солдатенкомӕ. Мязин йӕ уавӕрӕй хорз спайда кодта ӕмӕ хыгъд ссис 4:1.
Уый фӕстӕ дӕр ма уазджытӕ тынг архайдтой хъазты цыд сӕхи пайдайӕн раивынмӕ, фӕлӕ фысымтӕ къӕрцхъусӕй хъахъхъӕдтой сӕ иварон фӕзмӕ бацӕуӕнтӕ ӕмӕ хыгъд кӕронмӕ дӕр баззад 4:1-ӕй «Алани»-йы пайдайӕн.
ӕнӕмӕнг, арфӕйы аккаг сты нӕ лӕппутӕ иууылдӕр. Фӕзмӕ ӕдӕппӕт цы фынддӕс хъазӕджы рацыди кӕрӕдзи ивгӕйӕ, уыдон се ‘ппӕт хъарутӕй дӕр архайдтой командӕйӕн пайда ӕрхӕссынмӕ. Хъазт куы фӕци, уӕд адӕм тыхджын ӕмдзӕгъд сарӕзтой нӕ футболисттӕн. Уыдон дӕр, трибунӕтӕм хӕстӕг бацӕугӕйӕ, зӕрдиаг арфӕ кодтой сӕ иузӕрдион фарсхӕцджытӕн.
Хъазты фӕстӕ пресс-конференцийы «Волгарь»-ы сӕйраг тренер Витали Панов хорз аргъ скодта фысымты командӕйы архайдӕн.
«Алани-Дзӕуджыхъӕу»-ы сӕйраг тренер Гогниты Спартак та загъта: «Абон мах хъазыдыстӕм нӕ Хуссар зылды командӕты хуыздӕртӕй иуимӕ, ӕмӕ нӕ лӕппутӕ сӕхи куыд равдыстой, уый уӕхӕдӕг федтат. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нырма цӕуыл кусӕм, ахӕм лыггынинаг фарстытӕ гыццыл не сты, фӕлӕ ныфс дӕтты нӕ футболисттӕ Ирыстоны футболуарзджыты зӕрдӕтӕ барухс кӕнынмӕ кӕй тырнынц, уый. ӕз та абон дӕр зӕрдиаг арфӕ кӕнын нӕ иузӕрдион фарцхӕцӕг футболуарзджытӕн. Уыдон нӕ трибунӕты фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кӕнынц, уый махӕн нӕ тыхыл тых ӕфтауы ӕмӕ уын мах дӕр тырндзыстӕм нӕ хъазтӕй ӕмбӕлгӕ дзуапп дӕттынмӕ».
«Алани» йӕ иннӕ хъазт акӕндзӕн 9-ӕм августы. Йӕхи фӕзыл Уӕрӕсейы Хуссар зылды чемпионаты уыцы бон фембӕлдзӕн Новороссийскы «Черноморец»-имӕ.
Баскаты Уырызмӕг