Хъӕдгӕрон у Ирыстоны рагондӕр хъӕутӕй иу. Цӕры дзы 3012 адӕймаджы. Хӕдзӕрттӕ дзы ис 852. Хъӕу рӕзы, ӕрыгон бинонтӕ дзы аразынц ног бӕстыхӕйттӕ. Адӕмы удӕнцойӕн дзы ис алы фадӕттӕ. Горӕтаг цӕрджытӕм ницӕмӕ хӕлӕг кӕнынц хъӕдгӕройнӕгтӕ. Куыд алы хъӕуы, афтӕ ам дӕр ис лыггӕнинаг фарстытӕ.
Ацы аз майы Хъӕдгӕрон бабӕрӕг кодта нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав. Хъӕуы Культурӕйы хӕдзармӕ ӕрбамбырд бирӕ адӕм. Арфӕтӕ, куырдиӕттӕ, ныстуантӕ — ахӕм ӕргом ныхас рауад Битары-фырт ӕмӕ цӕрджыты ‘хсӕн. Цы фӕдзӕхстытӕ райхъуыст ӕмбырды, уыдонӕй иу уыд хъӕуы сабитӕн хъазӕн фӕз саразын.
— Уӕдӕ уын хъазӕн фӕз — мӕнӕй, — загъта республикӕйы Сӕргълӕууӕг.
Иу нӕ, фӕлӕ дыууӕ ахӕм фӕзы ис ныр Хъӕдгӕроны. Июлы фӕстаг бонты хъӕууон сабитӕ цингӕнгӕйӕ бакъахдзӕф кодтой ног фӕзмӕ.
— Къӕвдабон дӕр сӕ нӕ уромы, — ӕхсызгонӕй дзуры Хъӕдгӕроны бынӕттон администрацийы сӕргълӕууӕг Гуытъиаты Юри.
— Хуыздӕр бынат агургӕйӕ, равзӕрстам, хъӕуы астӕу цы парк ис, уый. Аразджытӕ фыццаг слӕгъз кодтой ӕмӕ асфальтӕй бамбӕрзтой йӕ фӕзуат, бордюртӕ дзы скодтой иуӕрдӕм 15 метры, иннӕрдӕм — 12 метры. Сӕвӕрдтой дзы херытӕ, ӕндӕр хиирхӕфсӕн фӕрӕзтӕ. Хӕстӕгдӕр рӕстӕг дзы нӕхи хъарутӕй сӕвӕрдзыстӕм бандӕттӕ ӕмӕ урнӕтӕ, ӕдасдзинады фарстытыл хъуыдыгӕнгӕйӕ йын йӕ алыварс сӕхгӕндзыстӕм. Стыр ӕхсызгондзинад чи скодта нӕ гыццыл чызджытӕ ӕмӕ лӕппутӕн, уыдонӕн — бузныг. Нӕ авналӕнтӕ цыбыр сты, ӕмӕ нӕхи бон нӕ бауыдаид сывӕллӕтты бӕллиц сӕххӕст кӕнын, — загъта Юри.
Хъӕдгӕроны рӕвдауӕндоны хицау Дзодзыккаты Жаннӕ дӕр ӕппӕт коллективы ӕмӕ сабиты ныййарджыты номӕй арфӕ кӕны республикӕйы Сӕргълӕууӕгӕн.
— ӕмбырды ныхасы бар ракуырдтон ӕмӕ нӕ кадджын уазӕгӕн загътон, рӕвдауӕндоны бӕстыхай хъӕуы ӕвӕстиатӕй бындуронӕй сцалцӕг кӕнын, стӕй нӕ хъӕуы хъазӕн фӕз дӕр. Уӕд мын адӕмы ‘хсӕн цы ныхас загъта, уый ӕххӕстгонд ӕрцыд. Ныридӕгӕн цалцӕггӕнӕн куыстытӕн проект сарӕзтой, ацы хъуыддаг республикӕйы Сӕргълӕууӕг бафӕдзӕхста районы хицауадӕн. Нырыккон хъазӕн фӕзӕй рӕвдауӕндоны кӕрт рафидыдта, — зӕгъы Жаннӕ.— Цӕмӕй бирӕ азты лӕггад кӕна нӕ чысыл хуртӕн, ууыл архайдзыстӕм. Бузныг Битарты Вячеславӕн йӕ лӕвары тыххӕй!
Гугкаты Жаннӕ












