Битарты Вячеслав: «Фӕлгонцады фарстытӕм хъуамӕ уа бӕстондӕр цӕстдард»

0
488

Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав Дзӕуджыхъӕуы администрацийы бӕрнон кусджытимӕ радон хатт ӕрзылд горӕты уынгтыл ӕмӕ сбӕрӕг кодта, сыгъдӕгдзинады мадзӕлттӕ куыд ӕххӕстгонд цӕуынц, уый.

Инспекцион рейды архайдтой горӕты администрацийы сӕргълӕууӕг Ӕлбегаты Барис, йӕ хӕдивӕг Фӕрниаты Тамерлан, республикӕйы Архитектурӕйы комитеты сӕрдар — республикӕйы сӕйраг архитектор Цӕллагты Алыксандр, Рахизфарс ӕмӕ Галиуварсы районты префекттӕ, ӕндӕр бӕрнон адӕймӕгтӕ.

Ацы хатт Битарты Вячеслав йӕ фӕндаг акодта горӕтгӕрон уынгтыл. Хъыгагӕн, бирӕ бынӕтты разынд бырӕтты кӕритӕ. Уыцы аиппмӕ Битарты Вячеслав аздӕхта районты префекттӕ ӕмӕ горӕты коммуналон службӕты разамонджыты ӕргом.

— Райсомы 8 сахатмӕ горӕты ӕппӕт уынгтӕ дӕр хъуамӕ ӕфснайд уой, фӕлӕ уыцы график ӕххӕстгонд нӕ цӕуы. Уыцы фӕткмӕ, фыццаджы-фыццагдӕр, хъуамӕ ӕркӕсой районты префекттӕ ӕмӕ коммуналон службӕты разамонджытӕ, — бафиппайдта Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг.

Згӕхӕрд фӕндаггон нысантӕ, дӕрӕнгонд бордюртӕ, харбыз уӕйгӕнӕн бынӕттӕ ӕнӕмбӕлгӕ ран — ацы ӕмӕ иннӕ хъуагдзинӕдтӕм республикӕйы разамонӕг аздӕхта чиновникты ӕргом. Уымӕй уӕлдай, Битарты Вячеславы ныхасмӕ гӕсгӕ, хъуамӕ карз ӕфхӕрд цӕуой, ӕнӕзакъон рекламон конструкцитӕ сӕвӕрыныл чи архайы, уыдон.

Республикӕйы Сӕргълӕууӕг Мидхъуыддӕгты министрад ӕмӕ горӕты администрацийы минӕвӕрттӕн бахӕс кодта, цӕмӕй сӕрмагонд ӕргом аздахой, рог хӕдтулгӕтӕ газонтӕм чи батӕры, уыцы шофыртӕм — ахӕм административон ӕгъдаухӕлдтытӕ алы бон дӕр уынӕм, ӕмӕ семӕ хъуамӕ цӕуа тох.

Иннӕ лыггӕнинаг фарст — бӕлццӕттӕласӕн транспорты инфраструктурон объектты уавӕр. Республикӕйы разамонӕджы хъуыдымӕ гӕсгӕ, маршрутон такситы ӕрлӕууӕн-разилӕн пункттӕ хъуамӕ уой сӕрмагондӕй нысангонд бынӕтты. Ныртӕккӕ та уал бирӕ маршрутон такситӕ рӕгъ-рӕгъӕй ӕрлӕууынц фӕндаджы былгӕрӕтты — уыцы ӕууӕл, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахъаз нӕу фӕндаггон змӕлды ӕдасдзинадӕн. Ӕлбегаты Барис зӕрдӕ бавӕрдта, ацы фарстыл хӕстӕгдӕр рӕстӕг РЦИ-Аланийы Промышленност ӕмӕ транспорты министрады разамындимӕ кӕй бакусдзысты, уымӕй.

Битарты Вячеслав кӕронбӕттӕны куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй горӕты бынӕттон хиуынаффӕйады администрацийы разамонджыты ‘рдыгӕй бӕстон цӕстдард хъуамӕ уа санитарон сыгъдӕгдзинадмӕ.

— ӕркӕсын хъӕуы, горӕты префектурӕты кусджыты архайдӕн цавӕр ӕууӕлтӕм гӕсгӕ цӕуы аргъгонд, уымӕ дӕр. Хорз уаид, горӕты цӕрджыты уӕрӕх ӕрфарсты бындурыл хатдзӕгтӕ кӕнын, префектурӕйы разамонӕг цас бӕрнон ӕмӕ дӕсны у йӕ архайды, районы райрӕзтыл куыд кусы, уый фӕдыл, — загъта Битарты Вячеслав.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ

Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here