Ирон адӕмы культурӕйы ӕмӕ историйы ӕнӕхъӕн дуг, ирон ӕвзаг ӕмӕ ирон литературӕйы бындурӕвӕрӕг, революцион демократ Хетӕгкаты Леуаны фырт Къоста у ирон адӕмы номдзыддӕр ӕмӕ уарзондӕр хъӕбул. Йӕ ном адӕмӕн ссис таурӕгъон, йӕ номимӕ хохаг мӕгуыр адӕм бастой сӕ хъуыдытӕ, сӕ фӕндтӕ, сӕ сагъӕстӕ. Къостайы ӕмдзӕвгӕтӕ, зарӕджы зӕлтау, нӕрыдысты Ирыстоны ӕппӕт кӕмттыл. Къоста уыд, абон дӕр у ӕмӕ алкӕддӕр уыдзӕн ирон адӕмӕн се ‘нусон цыт, сӕ цӕсгом ӕмӕ сӕ кад…
Къостайы цардимӕ, йе сфӕлдыстадимӕ чидӕриддӕр базонгӕ вӕййы, уый, ӕнӕмӕнг, дисы бафты йӕ диссаджы алывӕрсыг курдиатыл. Къоста уыд поэт, публицист, историк, драматург, ирон нывкӕнынады бындурӕвӕрӕг, зындгонд ӕхсӕнадон архайӕг. Йе ‘ргом-иу цӕмӕфӕнды дӕр куы аздӕхтаид, йӕ царды сӕйраг ӕмӕ бӕрзонддӕр нысаныл алкӕддӕр нымадта адӕмы амонд, сӕ сӕрибар цардыл тох:
Нӕ федтон амонд ӕз, фӕлӕ мӕ уды бартӕ, —
Кӕд мын зынаргъ ысты, раст амондау, уӕддӕр, —
Мӕ мӕгуыр адӕмӕн рӕсугъд сӕрибар цардмӕ
Ӕз иу къахдзӕфыл дӕр дӕн раттынмӕ цӕттӕ.
Къостайы ном ссис ӕнусон, уымӕн ӕмӕ, поэтӕн йӕ зӕрдӕйы арфӕй цы ӕмдзӕвгӕтӕ цыд, уым баиу сты адӕмон сфӕлдыстады хуыздӕр миниуджытӕ — социалон разӕнгарддзинад, арф хъуыды, сыгъдӕгдзинад, ирд фӕлгонцтӕ. Къостайы ӕмдзӕвгӕтӕ мыхуыргонд дӕр никуыма уыдысты, афтӕмӕй сӕ фылдӕр систы зарджытӕ, ӕмӕ сӕ адӕм зарыдысты, уыдон цыдысты комӕй-коммӕ ӕмӕ хуымӕтӕг хохаг адӕмы зӕрдӕйы гуырын кодтой сӕ ӕфхӕрджытӕм ӕнӕуынондзинад, хуыдтой сӕ сӕрибары сӕрвӕлтау тохмӕ. Хуымӕтӕг адӕмы бартыл тохгӕнӕг-трибун, Къоста сырӕзыд ӕмӕ сфӕлтӕрд, цы адӕмӕй рацыд, уыцы адӕмӕн сӕ сӕрибаруарзондзинады бындуртыл, йе ‘нкъарӕг зӕрдӕйы арф ахызтысты зындгонддӕр уырыссаг демократты хъуыдытӕ. Сӕ бавӕрӕн бахастой Дзӕуджыхъӕуы, Стъараполы, уӕлдайдӕр та Бетъырбухы аивӕдты академийы ахуыры азтӕ дӕр. Уырыссаг культурӕ сӕрбӕрзонд цӕмӕй уыд — Добролюбов ӕмӕ Чернышевскийы демократон хъуыдытӕ, Пушкин ӕмӕ Некрасовы поэзи, Перов, Крамской ӕмӕ Репины аивад, Чайковскийы музыкӕ, Островскийы драматургийӕ — Къостайӕн систы ахсджиаг, афтӕмӕй бӕрзонд уырыссаг культурӕ поэтӕн йӕ уарзон ирон адӕмон дзыхӕйдзургӕ сфӕлдыстадимӕ иумӕ йӕ туджы ахъардтой.
Нудӕсӕм ӕнусы 80-90 азты Къостайӕн йе сфӕлдыстадон ӕмӕ ӕхсӕнадон архайд ӕххӕстӕй райхӕлд. Уыцы азты хуымӕтӕг кусӕг адӕмы ӕфхӕрджытӕ бынтон сызнӕт сты, Уӕрӕсейы раззагдӕр прогрессивон тыхтӕ карзӕй-карздӕр кӕнын райдыдтой. Къостайы сӕрибаруарзаг ӕмдзӕвгӕты алы рӕнхъы дӕр уыцы змӕст рӕстӕг ӕрцард ӕнӕсӕтгӕ, ӕнӕнцой уд. Хӕххон мӕгуыр адӕмы хъизӕмайраг цард равдисынӕн уый агуырдта ӕмӕ-иу ссардта аивадон ахорӕнтӕ ӕмӕ ирддӕр хуызтӕ. ӕмбырдгонд «Ирон фӕндыр» у хохаг адӕмы уыцы рӕстӕджы царды энциклопеди. Чиныг стыр нӕу, фӕлӕ дзы алы ӕмдзӕвгӕ дӕр у поэзийы цӕджындз, алы рӕнхъы дӕр дзы ис адӕмы хъизӕмайраг цардыл ӕмӕ сӕрибар ссарыныл арф хъуыды, фидӕны сӕрибар ӕмӕ амондджын царды ныфс. Сӕрибарыл тохы артӕй срухс сты Къостайы ӕмдзӕвгӕтӕ. Зарӕг цӕмӕй базырджын суа, уый тыххӕй дзы хъӕуы зӕрдӕ бавӕрын. ӕмӕ Къоста нӕ бавгъау кодта йӕ зӕрдӕ. Стыр аивадон тыхӕй спайда кӕнгӕйӕ, уый равдыста хуымӕтӕг адӕмы уӕззау цард йе ‘мдзӕвгӕты «Хъуыбады», «Чи дӕ?», «Азар!», «Салдат», «Фесӕф!» ӕмӕ иннӕты. «Додой» та фыст у комкоммӕ хъӕздгуыты ныхмӕ, уыимӕ, куыд уӕрӕсейаг паддзахы, афтӕ бынӕттон ӕлдӕртты ныхмӕ:
Додой фӕкӕнат, мӕ райгуырӕн хӕхтӕ,
Сау фӕныкӕй уӕ куы фенин фӕлтау!
Зӕй уӕ фӕласа, нӕ тӕрхоны лӕгтӕ, —
Иу ма уӕ фезмӕлӕд искуы лӕгау!..
Къоста сарӕзта бирӕ поэтикон сурӕттӕ. Хъайтартӕн сӕ характертӕ рабӕрӕг вӕййынц карз социалон ныхмӕлӕуддзинады. Сидзӕрты ныййарӕджы трагикон сурӕтимӕ поэт иу кӕны, цард ӕмӕ мӕлӕты ‘хсӕн чи ӕрлӕууыд, уыцы ивгъуыд Ирыстоны сурӕт, йӕ фарсмӕ — революцион ныхмӕлӕуддзинады пафос, афтӕмӕй. «Чи дӕ?» — поэмӕйы хъайтар, ӕрыгон лӕппуйы хъысмӕт у бӕрӕг — ӕнхъӕлмӕ йӕм кӕсы цагъайраджы цард. Фӕлӕ йӕ уд тырны сӕрибармӕ, ӕмӕ уыцы тырнындзинадӕн басӕттӕн нӕй. Ацы миниуӕг ӕй иу кӕны куырм зарӕггӕнӕг Хъуыбадыйы сурӕтимӕ.
Къостайы поэзийы революцион пафос, йӕ социалон карздзинад азӕй-азмӕ кӕны тынгдӕр. Райгуырӕн Ирыстонмӕ, фӕллойгӕнӕг адӕммӕ уарзондзинады, мӕгуыр адӕмы ӕфхӕрджытӕм ӕнӕуынондзинады арты зынг йӕ риуы нӕ мынӕг кӕны. Удыхъӕдӕй-иу куы фӕлӕмӕгъдӕр, ахӕм цыбыр рыстӕджытӕ дӕр уыд Къостайы царды, ӕмӕ, йӕ царды уавӕртӕ нымайгӕйӕ, ууыл дис кӕнын нӕ хъӕуы. Диссаг уый у, ӕмӕ ахӕм минуттӕ бирӕ кӕй нӕ уыдысты, стӕй, цыфӕнды зын рӕстӕджыты дӕр поэт алкӕддӕр кӕй уыд сӕрибарыл тохгӕнӕг ӕмӕ адӕмы тых ӕмӕ хъаруйыл кӕй никуы сдызӕрдыг. Хуымӕтӕг адӕм йе ‘фхӕрджытыл ӕнӕмӕнг кӕй фӕуӕлахиз уыдзысты, ууыл дӕр Къоста дызӕрдыг никуы кодта. ӕмӕ, дам, уӕд:
Уӕд ног дуне цӕрдзӕн ӕнцад, сабырӕй
Ӕмӕ, ӕлгъгӕнгӕ, фехсдзӕн тугӕй ахуырст кард.
Мӕ цӕстмӕ ма дар ды… кӕндзынӕн уӕд фӕндырӕй
Сӕрибары, ӕмбары, уарзонады зард.
Къостайы поэзийы, революцион-демократон публицистикӕйы ӕмӕ ӕхсӕнадон архайды интернацион уагӕвӕрд ахъаз уыдысты, хӕххон адӕмы сӕрибарыл тох карзӕй-карздӕр кӕй кодта ӕмӕ, уыцы змӕлд цы хъуыдытыл ӕнцад, уыдон парахат кӕй кодтой, уымӕн. Сӕ фӕрцы уыцы адӕмон змӕлд рапарахат ӕмӕ баиу уырыссаг адӕмы сӕрибарыл стыр тохимӕ. Куыд тохгӕнӕг, афтӕ Къостайӕн йӕ миддуне ноджы ирддӕрӕй рабӕрӕг вӕййы, адӕймаг ын йӕ публицистон архайд, йӕ журналистон сфӕлдыстадыл йӕ цӕст куы ахӕссы, уӕд. Ацы ран дӕр Къоста бӕрзонд исы хохаг царды карз фарстытӕ, хъахъхъӕны фӕллойгӕнӕг хохаг адӕмы бартӕ, ӕнауӕрдонӕй ӕфхӕры ӕнӕрастдзинад, хиваст митӕ чи кӕны, гӕртӕмттӕ чи исы, уыдоны, бӕлвырддӕр зӕгъгӕйӕ, паддзахы чиновникты ӕмӕ бынӕттон тугцъирты — кънйӕзтӕ ӕмӕ ӕлдӕртты.
Къостайӕн, куыд йӕ поэтикон уацмыстӕ, афтӕ йӕ публицистон сфӕлдыстад дӕр хохаг адӕмы зӕрдӕйы гуырын кодта национ хиӕмбарынад, революцион хъуыды, парахат кодта фӕллойгӕнджыты ӕмвӕнддзинад ӕмӕ алы адӕмты ‘хсӕн хӕлардзинад. Херсонмӕ йӕ ахӕссыны тӕрхон ын хаст ӕрцыд, афтӕмӕй ма Къоста газет «Бетъырбухаг хабӕрттӕ»-мӕ ныффыста йӕ зындгонд уац «Цӕгат Кавказы ӕнӕсӕрфатдзинӕдтӕ». Уый мыхуыры куы рацыд, уӕд, паддзахы фӕсдзӕуинты кӕд ӕппындӕр нӕ фӕндыд, уӕддӕр сын ӕндӕр гӕнӕн нал уыд, ӕмӕ Терчы облӕсты хицауы йӕ бынатӕй систой.
Цытджын поэты фӕстӕ цы хъӕздыг сфӕлдыстадон бынтӕ баззад, уыдонмӕ бӕстон каст ӕрцыд ӕрмӕстдӕр Октябры революцийы фӕстӕ. Йӕ уыцмыстӕ мыхуыры уагъд ӕрцыдысты 95 хатты. ӕртӕ хатты та сӕ рауагъта ССР Цӕдисы Наукӕты академи. Къостайы ӕмдзӕвгӕтӕ кӕсынц дунейы ӕмӕ Советон Цӕдисы бирӕ адӕмтӕ сӕ мадӕлон ӕвзӕгтыл. Йӕ ном хӕссынц хъӕутӕ, уынгтӕ ӕмӕ скъолатӕ. Хетӕгкаты Къостайы ном хӕссы Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университет дӕр. Йӕ номыл ис паддзахадон преми, лӕвӕрд цӕуы литературӕ ӕмӕ аивады хуыздӕр уацмыстӕн.
1955 азы Цӕгат Ирыстоны сӕйраг горӕт Дзӕуджыхъӕуы ӕвӕрд ӕрцыд Къостайы цыртдзӕвӕн, ӕмӕ йыл ис ахӕм ныхӕстӕ: «Ирон литературӕйы бындурӕвӕрӕг Хетӕгкаты Къостайӕн Советон Цӕдисы хицауадӕй». ӕвӕрд ма йын ӕрцыд ӕндӕр цыртдзӕвӕнтӕ дӕр, байгом мемориалтӕ, уыимӕ, канд Ирыстоны нӕ, фӕлӕ Цӕгат Кавказы ӕндӕр горӕтты дӕр, стӕй Бетъырбухы, Тбилисы, Цхинвалы, Болгарийы.
Нӕ адӕмты хӕлар бинонты ‘хсӕн ӕппӕтвӕрсыгӕй рапарахат ӕмӕ ирд тӕмӕнтӕ скалдта ӕппӕт нациты культурӕ дӕр. Алы адӕмыхатт дӕр йӕ бавӕрӕн хӕссы бирӕнацион социалистон культурӕйы хӕзнадонмӕ. ӕмӕ нын абон уӕлдай ӕхсызгондӕр сты зындгонд советон фыссӕг Александр Фадеевы ныхӕстӕ: «Гыццыл», зӕгъгӕ, кӕй хонынц, уыцы ирон адӕмы зындгонд поэт Къостайы ном хаст ӕрцӕудзӕн дзыллӕйы хъуыстгонддӕр ӕмӕ бӕрзонддӕр нӕмтты ‘хсӕнмӕ».
Ирыстон иннӕ республикӕты ӕмрӕнхъ йӕ фӕллойы хай аккагӕй хӕссы иумӕйаг стыр хъуыддагмӕ, йӕ аразӕг та у, Къоста йӕ уд кӕуыл хъардта ӕмӕ йӕ цард кӕмӕн снывонд кодта, уыцы адӕм. «Рагӕй нал ис, Къоста хъизӕмайраг ӕмӕ ӕнӕкӕрон уарзтӕй кӕй уарзта, уыцы мӕгуыр ӕмӕ фӕстӕзад Ирыстон. Ныр ис ног, райдзаст, курдиӕттӕй дӕр ӕмӕ ӕрдзон фӕрӕзтӕй дӕр хъӕздыг Цӕгат Ирыстон», — ацы ныхӕстӕ загъта зындгонд советон поэт, Хетӕгкаты Къостайы номыл премийы фыццаг лауреаттӕй иу — Николай Тихонов.
Нырыккон ирон литературӕ, бирӕнацион советон литературӕйы «донвӕды» парахат кӕнгӕйӕ, аккагӕй дарддӕр хӕццӕ кӕны Хетӕгкаты Къостайы хуыздӕр ӕмӕ бӕрзонддӕр традицитӕ.
Газет «Правда»,
1979 азы 21 октябр














