Ӕрӕджы горӕт Цхинвалы рауагъдад «Хуссар Алани»-йы рацыд зындгонд ирон поэтессӕ, Уӕрӕсейы Фысджыты цӕдисы уӕнг Чехойты Оляйы чиныг «Хетӕгкаты Къостайӕн». Уый фыссы, тынг зынаргъ ын чи у, уыцы уарзон поэты тыххӕй:
Къоста йӕ зӕрдӕ у нӕ Ирӕн,
Фыдӕбӕттӕ нӕ федта цъус.
Ӕнустӕм хъуысдзӕнис йӕ зарӕг,
Ирыстон дзы уыдзӕнис буц.
Чехойты Оляйы сфӕлдыстадӕн стыр аргъ скодтой нӕ зынгӕ критиктӕ ӕмӕ литературӕиртасджытӕ, стӕй хуымӕтӕг чиныгкӕсджытӕ. Йе ‘мдзӕвгӕтыл ын музыкӕ ныффыстой ирон курдиатджын композитортӕ. Оляйы уацмыстыл арӕх арӕзт цӕуынц алыхуызон поэтикон изӕртӕ ӕмӕ чиныгкӕсджыты конференцитӕ.
Оля уды сыгъдӕг ӕнкъарӕнтимӕ фыссы Ирыстоны абоны ӕмӕ фидӕны хъысмӕтыл:
Мӕ удӕн адджын у Ирыстон,
Йӕ хурыскаст — мады хъӕбыс.
Йӕ зарӕг— мӕ цин у, мӕ исбон,
Йӕ хъарӕг — мӕ зӕрдӕйы рыст.
Автор сӕрыстыр у Ирыстонӕй ӕмӕ йын уарзӕгой чызгау тыхсы йӕ сомбоныл. Йӕ лирикон хъайтар ныффӕраздзӕн цыфӕнды зынтӕн дӕр, ӕрмӕстдӕр йӕ райгуырӕн бӕстӕйӕн йӕ сомбон уӕд рӕсугъддӕр.
Оляйы лирикон хъайтар бавзӕрста фыдхӕсты азар, фыдхӕсты хъизӕмӕрттӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, удӕй ӕмӕ зӕрдӕйӕ цин кӕны «кӕй нал хъуысы Ирыстонӕй хъарӕг”, «кӕй нал ис Ирыстоны хӕст». Диссаджы патриотон ӕнкъарӕнтӕ ис Оляйӕн йӕ алы уацмысы дӕр:
Уындзынӕн ныр адӕмы худгӕ
Хуыцау сын ӕххуысгӕнӕг уа.
Зӕгъы сын мӕ зӕрдӕ ӕрмӕстдӕр,
Сӕ фидӕн рӕсугъддӕр кӕна.
Уыцы заман уыд рӕстӕгмӕйы сабырдзинад. Мӕгуыр, хӕстӕфхӕрд ирон адӕм иучысыл сулӕфыдысты сӕ уӕззау фыдӕбӕттӕй ӕмӕ райдыдтой сӕ царды мӕсыг амайын…
…Фӕлӕ ӕгъатыр, цыфыддӕр знаг сарӕзта ног фыдбӕллӕх.1992 азы 20 майы гуырдзиаг лӕгсырдтӕ Зары фӕндагыл амардтой ӕнаххос ирон лигъдӕтты, сӕ цард аскъуыдтой 36 сылгоймагӕн, зӕрондӕн ӕмӕ сабийӕн, ӕстдӕс адӕймаджы та уӕззау цӕфтӕ фесты. Уый уыд, кӕй никуы фендӕуыд, ахӕм ӕвирхъау фыдракӕнд. ӕмӕ кӕд уӕдӕй фӕстӕмӕ къорд азы рацыд, уӕддӕр зӕрдӕ нырризы, зӕрдӕ сдуды уыцы ӕвирхъау фыдбӕллӕхы койӕ. Уый хъамайы рӕхуыстау баззад нӕ фӕлтӕрты зӕрдӕты. Ацы стыр фыдракӕнды тыххӕй фыст ӕрцыд бирӕ поэтикон уацмыстӕ, йӕ зӕрдӕйы судзӕггаг рыст ӕмдзӕвгӕйы хуызы раргом кодта Оля дӕр:
Фӕсхӕст. Мӕ зӕрдӕ риссы, судзы,
У тугхъулон нӕ зӕхх, фӕллад.
Ӕхсӕрдӕс ӕмӕ ссӕдз ироны,
Ам, Зары хъӕды, фесты мард.
Оляйы царды фӕндагимӕ зонгӕ кӕнгӕйӕ, адӕймаг банкъары, цӕмӕн у афтӕ тынг йӕ сагъӕс ӕмӕ йӕ катай нӕ сидзӕртыл. Уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр сидзӕрӕй баззад, банкъардта сидзӕр сабийы иунӕгдзинад. Уыимӕ, Къостайы «Ирон фӕндыр» ссис, йӕ царды фӕндаг ын чи рухс кодта, ахӕм алдзӕн цырагъ. Къостайы сфӕлдыстад ӕвзонг, цардбӕллон чызгӕн лӕвӕрдта ныфс ӕмӕ хъарутӕ, царды цӕлхдуртыл хизгӕйӕ:
«Ирон фӕндыр» — мӕ уды уарзт дӕ,
«Ирон фӕндыр» — мӕ уды цин.
«Ирон фӕндыр» — мӕ царды хорзӕх,
«Ирон фӕндыр» — мӕ хъыг, мӕ рис.
Сидзӕры хъысмӕт ӕмӕ цардыуаг ирдӕй бӕрӕг дарынц Оляйы сфӕлдыстады:
Нал ис ӕнӕпырхӕй иунӕг хӕдзар дӕр,
Дысон нӕ банцад ӕгас ӕхсӕв ӕхст.
Сидзӕр сывӕллӕттыл риссы мӕ зӕрдӕ,
Ноджыдӕр еууаг кӕй фӕцис сӕ сӕр.
Ацы ӕмдзӕвгӕ кӕсгӕйӕ, нӕ цӕстытыл уайы уӕды пырх горӕт Цхинвал, сармадзаны нӕмгуытӕй ӕмӕ фыдгулы ракетӕтӕй дӕрӕн агъуыстытӕ, хӕдзӕрттӕ, уынгтӕ… Оля удрыст фӕлгонцтӕй аив, нуарджын дзырдты руаджы ныв кӕны, уӕды заманы трагикон, реалистон цаутӕ. ӕмӕ йын уый йӕ уацмыстӕн дӕтты мидпсихологон гуырахстдзинад. Уымӕн ӕмӕ, ӕцӕг цаутӕ ӕвдисӕг поэтӕн, фыссӕгӕн чиныгкӕсджытӕ фӕкӕнынц уӕлдай стырдӕр аргъ.
Чиныг «Хетӕгкаты Къостайӕн»-ы автор федта гуырдзиаг гӕрзифтонг фашистты ӕвирхъау фыдракӕндтӕ, йӕ зӕрдӕ-иу ныккӕрзыдта урссӕр ветеранты цӕссыгтӕ уынгӕйӕ, Ирыстоны саударӕг мадӕлты дзыназынӕй, фыдохы цаутӕй ӕмӕ уӕд йӕ рыст зӕрдӕйы гуырыдысты мӕнӕ ахӕм рӕнхъытӕ:
Тыхми кӕнынц нӕ тугмондаг лӕгсырдтӕ,
Ӕнӕмсӕр тохы хи зӕххыл мӕлӕм.
Нӕ Райгуырӕн Ирыстонӕй куыд лидзӕм,
Куыд фӕхӕссӕм цагъайраджы къӕлӕт.
Ирон адӕм куыд уромой фыдмитӕ,
Сӕ сахъ фырттыл куы баталынг ис хур.
Уый дойнаг дур куынӕ фӕразы мастӕн,
Нӕ чысылтӕн сӕ сӕры хъуын фӕурс.
Гуырдзиаг фыдгӕнджытӕ тугӕй схъулон кодтой Хуссар Ирыстоны царддӕттӕг зӕхх. Банцад ирон хӕдзӕртты ирон фӕндыры цагъд. Сӕ бӕсты араугӕ зӕлынц топпы ӕнӕнцой, мӕлӕтхӕссӕг гӕрӕхтӕ. ӕмӕ еудодойаг фесты Хуссар Ирыстоны горӕттӕ ӕмӕ хъӕутӕ.
Оля йӕ чиныгмӕ бахаста цалдӕр тематикон циклы, уыдонимӕ: «Нӕ Иры зӕринхур — Къостайӕн». Уым фыссы:
Зӕгъын ӕй ӕз, цалынмӕ Иры цӕрӕг уа,
Кӕдмӕфӕнды хурӕн уа тавын йӕ бон.
Зӕгъын ӕй, кӕдмӕфӕнды дойнаг дур тайа,
Уӕдмӕ нын цӕрдзӕнис дӕ рухстауӕг ном.
Йӕ дыккаг цикл «Мӕ райгуырӕн бӕстӕ — Ирыстонӕн!» ӕмдзӕвгӕты цикл «Нӕ зынгхуыстытӕн»-ы Оля ӕппӕтӕй зӕрдӕмӕхъаргӕдӕр ӕмдзӕвгӕ ныффыста йӕ зынгхуыст лӕппу Ибрагимы тыххӕй. Ацы ӕмдзӕвгӕйы аив, зӕрдӕагайгӕ дзырдтӕ хауынц Ирыстоны дӕсгай саударӕг мадӕлтӕм:
Ныр нал ӕрбадзуры «Мамӕ!» нӕ кӕртӕй,
Уӕдӕй мӕн нӕ хӕссы хӕдзармӕ мӕ къах.
Уӕддӕр ма ӕнхъӕлмӕ фӕкӕсын изӕрӕй,
Нӕ бадт кӕд ӕмгӕрттимӕ ахсӕв ныддаргъ.
Ныййарӕджы зӕрдӕ, зӕгъынц, у цӕнгӕтӕй,
Ӕндӕр мын куыд нӕ тоны уал аз мӕнӕн.
Кӕй йын нӕ бафсӕстӕн нырма ӕз йӕ уындӕй.
Нӕ рӕхджы фембӕлд мын у йемӕ хуыздӕр.
Оля канд йӕхи зынгхуыст фырты тыххӕй нӕ риссы, фӕлӕ Ирыстоны зынгхуыст хъӕбулты тыххӕй дӕр. Уый фыссы:
Нӕ фӕкъул уыдзӕнис нӕ мӕсыг,
Куыдфӕнды нуазой нӕ туг.
Уӕ цыртыты раз ӕз фӕкӕуын,
Ыстӕй уыл ӕруадзын мӕ къух.
Тынг аив ӕмӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ фыст у ӕмдзӕвгӕ «Мӕ фырт Дзамболатӕн». Уым автор равдыста ныййарӕг мады ӕгӕрон уарзондзинад йӕ хъӕбулмӕ, йӕ ныфс ӕмӕ йӕ «иунӕг хурмӕ».
Ӕз дидинтӕ дӕ къахдзӕфтыл фӕсадзын,
Мӕ фӕндиаг, сӕдӕйӕ цӕр фылдӕр.
Ӕз уыцы бон мӕ сӕр бӕрзонд фӕхӕссын,
Ды ме ‘ фцӕгыл куы атыхсыс мӕнӕн.
Дӕуӕн ӕхсӕв цырӕгътӕ ныр фӕсудзын,
Хуыцауӕй мын цӕмӕй фӕдзӕхст уай ды.
Мӕнӕн ды дӕ, мӕ иунӕг хур дунейыл,
Мӕ рыст зӕрдӕ лӕууы ӕрмӕст дӕуыл.
Цикл «Хуссар Ирыстонӕн йӕ разагъды хъӕбултӕн»-ы Оля бирӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ уацмыстӕ ныффыста ирон зындгонд адӕмыл.
Ӕрӕджы журнал «Фидиуӕджы» редакцийы коллектив, Уӕрӕсейы Фысджыты литературон ӕмӕхсӕнады регионалон хайад ӕмӕ газет «Вестник Осетии»-йы редакцион совет Хуссар Ирыстоны Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон премимӕ бавдыстой, Чехойты Оля нӕ номдзыд поэтыл цы цыппар чиныджы ныффыста, уыдон. ӕмӕ сты уый аккаг.
Дыгъуызты Тенгиз,
Уӕрӕсейы Фысджыты цӕдисы уӕнг














