2008 азы августы цаутӕ: ӕрхӕндӕг ӕнкъарӕнтимӕ…

0
259

11 азы сӕххӕст гуырдзиаг лӕгмарты ӕрбабырстыл Хуссар Ирыстоны зӕхмӕ. Гуырдзыстоны хицауады нысан уыд республикӕйӕ «тыгъд быдыр» саразын. Фӕлӕ Хуссар Ирыстоны хъӕбатыр адӕм сӕ цӕгатаг ӕфсымӕртӕ ӕмӕ стыр Уӕрӕсейы ӕххуысӕй лӕгсырдтӕн сӕ фыдвӕндтӕ сӕ хъуыры фӕбадын кодтой…

Йӕ бирӕ хъӕбулты тугӕй «бафыста» Хуссар Ирыстон йӕ хӕдбардзинадӕн, 2008 азы август сси, ӕрыгон паддзахады райгуырд ӕмӕ йӕ дарддӕры размӕцыд ногӕй кӕмӕй райдыдтой, уыцы ӕрхӕндӕг рӕстӕджы уаццаг.

Иуӕндӕс азмӕ Хуссар Ирыстон бынтондӕр йӕ хуыз фӕивта: йӕ хӕстон хъӕдгӕмттӕ бадзӕбӕх кодта, йӕ риуыдзаг сулӕфыд. ӕмӕ стыр Уӕрӕсейы ӕххуысӕй фидарӕй ӕрлӕууыд йӕ рухсдӕр ӕмӕ фӕрныгдӕр фидӕнмӕ фӕндагыл…

Фӕлӕ 2008 азы цаутӕн ферох кӕнӕн нӕй. Цалынмӕ ирон лӕг цӕра, уӕдмӕ нӕ зӕрдыл дардзыстӕм уыцы августы цаутӕ — уыдон ӕнустӕм уыдзысты Фыдыбӕстӕйыл иузӕрдиондзинады, хъӕбатырдзинад ӕмӕ намысы дӕнцӕг.

Ацы бонты та ногӕй мысӕм уыцы цаутӕ. Номарӕн мадзӕлттӕ цыдысты Мӕскуыйы, Бетъырбухы, Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ ӕндӕр бынӕтты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕ фылдӕр хай уыд Цхинвал ӕмӕ республикӕйы районты.

Куыд амӕй размӕ азты, афтӕ та ныр дӕр номарӕн ӕмбырдтӕ райдыдтой 7 августы изӕрӕй.

Хуссар Ирыстоны Парламенты асинтыл рӕгъ-рӕгъӕй равӕрдтой, йӕ райгуырӕн зӕхх хъахъхъӕнгӕйӕ, чи фӕмард, уыцы хъӕбатырты ӕмӕ хӕсты хъӕлӕсӕй раирвӕзыныл чи архайдта, уыцы ӕнаххос  адӕмы къамтӕ. Ахӕм уыд номарӕн акци «Никуы нӕ ферох уыдзӕн»-ы райдайӕн.

Бирӕ адӕм ӕрбамбырд Парламенты раз фӕзмӕ. Акци байгом Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы раныхасӕй. Президент йӕ раныхасы куыд фӕбӕрӕг кодта, афтӕмӕй Хуссар Ирыстоны адӕм алкӕддӕр сӕ зӕрдыл дардзысты уыцы уӕззау рӕстӕг.

Бибылы-фырт сӕрмагондӕй фӕнысан кодта, Уӕрӕсейы Федераци Хуссар Ирыстоны адӕмы бахъахъхъӕнынӕн цы ахсджиаг уынаффӕтӕ бакодта, уыдон. Уый республикӕйы цӕрджыты номӕй арфӕ ракодта Уӕрӕсейы Президент Владимир Путинӕн, премьер-министр Дмитрий Медведевӕн, стӕй Хуссар Ирыстонӕн йӕ хъыджы дӕр ӕмӕ йӕ цины дӕр йӕ фарсмӕ чи ӕрбалӕууыд, ӕппӕт уыцы адӕмӕн.

Номарӕн мадзӕлттӕ знон адарддӕр кодтой. Республикӕйы цӕрджытӕ ӕмӕ сӕ кадджын уазджытӕ дидинджытӕ ӕмӕ дидинӕгбастытӕ сӕвӕрдтой хӕстонты мемориалтыл. Номарӕн ӕмбырдты архайдтой Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, республикӕйы раздӕры президенттӕ Цыбырты Людвиг ӕмӕ Тыбылты Леонид, Уӕрӕсейы Федерацийы ӕххӕстбарджын минӕвар Республикӕ Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, Цӕгат Ирыстоны делегацийы уӕнгтӕ, 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы службӕгӕнджытӕ ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ…

Сланты Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here