Этнолагеры рад ахицӕн

0
292

Цӕгат Ирыстоны ахицӕн дунеон проект «Этнолагер-2019. Аланты фӕд»-ы фӕндзӕм юбилейон рад.

Этнолагеры чи архайдта ӕмӕ йын йӕ куыстӕй разы чи у, уыдонӕн дзырд «ирон» нырӕй фӕстӕмӕ бирӕ цӕуылдӕрты  дзурӕг у.

— Лагеры кӕй арвыстам, уыцы авд бонмӕ базонгӕ стӕм ирон адӕмы национ культурӕимӕ, фӕзынд нын бирӕ ног хӕлӕрттӕ. Ирыстоны уӕвгӕйӕ, бирӕ ног хабӕрттӕ базыдтон. Проекты фӕрцы ма мӕ царды ногдзинӕдтӕ ноджыдӕр кӕй уыдзӕн, ууыл мӕ зӕрдӕ дарын, — зӕгъы этнолагермӕ Казахстанӕй ӕрбацӕуӕг Хуытъинаты Иринӕ.

Юбилейон рад ахицӕн, дӕсны хӕринаггӕнджыты ӕххуысӕй этнолагеры архайджытӕ сӕхӕдӕг сфыхтой ирон чъиритӕ.

Лагер ӕхгӕнӕн бон йӕ архайджытӕ кӕрӕдзийӕн раарфӕ кодтой, стӕй  зӕрдылдарынӕн иумӕ сӕ къамтӕ систой. Хӕрзбон зӕгъыны рӕстӕг ног хӕлӕрттӕй иуӕй-иутӕ сӕ цӕссыг дӕр нӕ баурӕдтой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дунейы кӕцыфӕнды ран цӕргӕйӕ дӕр, этнолагеры архайджытӕ сӕ ирон уидӕгтӕ кӕддӕриддӕр ӕнкъардзысты.

Темырты Альбинӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here