Хӕлардзинад ӕмӕ уарзондзинадыл тохгӕнӕг

0
335

Дзӕуджыхъӕуы Тамайы-фырты уынджы дзуттӕгты ӕхсӕнад «Шолом»-ы хӕдзары къулыл знон байгом, 25 азӕй фылдӕр ӕхсӕнадӕн йӕ сӕргъы чи уыд, уыцы зындгонд ӕфсӕддон ӕмӕ ӕхсӕнадон архайӕг Марк Петрушанскийы номарӕн фӕйнӕг.

Марк Петрушанскийы ном хъуыстгонд уыд ӕппӕт Ирыстоны дӕр. Удыхъӕдӕй разӕнгард уӕвгӕйӕ, уый алкӕддӕр ӕмӕ алы ран дӕр уыд фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ адӕймаг уарзондзинады бындуртӕн сӕ фарс. 2004 азы Беслӕны фыдбӕллӕх куы ӕрцыд, уӕд Цӕгат Ирыстоны дзуттӕгты ӕхсӕнад «Шолом», йӕ сӕргъы Марк Петрушанский, афтӕмӕй фыццӕгтимӕ атындзыдта, йӕ бон цӕмӕй уыд, уымӕй баххуыс кӕнынмӕ. Уӕрӕсейы алы рӕттӕй, Израилӕй, ӕндӕр фӕсарӕйнаг бӕстӕтӕй уыцы ӕххуыс Ирыстонмӕ цыд «Шолом»-ы фӕрцы.

2008 азы августы гуырдзиаг экстремисттӕ цы хӕст райдыдтой, Хуссар Ирыстонӕн цы ӕвирхъау зындзинӕдтӕ бавзарын кодтой, уыцы цауты тыххӕй рӕстдзинад ӕппӕт дуне дӕр цӕмӕй базыдтаид, уыцы архайджытӕн Марк Петрушанский уыд сӕ фыццаг. Кавказмӕ уый ӕрхуыдта дзуттӕгты делегацитӕ дунейы ӕппӕт бӕстӕтӕй, цӕмӕй хӕлд Цхинвал феной сӕхи цӕстӕй ӕмӕ рӕстдзинад ӕппӕт дунейыл дӕр айхъуысын кӕной.

Марк Петрушанский цардӕй ахицӕн афӕдзы размӕ. Ныр йӕ ном ӕрымысыны ӕмӕ номарӕн фӕйнӕг байгом кӕныны мадзалмӕ ӕрбамбырд сты республикӕйы хицаудзинады оргӕнты бӕрнон адӕймӕгтӕ, ӕхсӕнадон организациты минӕвӕрттӕ.

Номарӕн мадзал байгом кодта «Шолом»-ы ныры сӕрдар Анатолий Харин. Уый цыбырӕй радзырдта Марк Петрушанскийы цардвӕндаджы тыххӕй ӕмӕ ирыстойнаг дзуттӕгты номӕй ӕрбацӕуджытӕн арфӕ ракодта.

— Куыд ӕфсӕддон адӕймаг, афтӕ Марк Петрушанский ацыд бирӕ зын фӕндӕгтыл, федта бирӕ горӕттӕ ӕмӕ цӕрӕн бынӕттӕ. Фӕлӕ йӕ йӕ хъысмӕт 1971 азы Дзӕуджыхъӕумӕ куы ӕрбакодта, уӕд зӕрдӕйӕ банкъардта Ирыстоны цӕрӕг адӕмты иудзинад, федта, алы адӕмыхӕттыты минӕвӕрттӕ кӕрӕдзи ӕмбаргӕйӕ ӕмӕ кӕрӕдзийӕн аргъ кӕнгӕйӕ хӕларӕй куыд цӕрынц, уый. Ӕмӕ Дзӕуджыхъӕу йӕхицӕн равзӕрста цӕрыны бынатӕн, — загъта Анатолий Харин.

Марк Петрушанскийы хорзӕй ӕрымысыдысты республикӕйы национ ахастдзинӕдты фарстыты фӕдыл министр Цуциты Аслан, Ветеранты советы сӕрдар Къаболаты Солтан, национ змӕлд «Наша Осетия»-йы сӕрдар Лагкуты Вячеслав, Цӕгат Ирыстоны пысылмӕтты дины управленийы сӕрдар Гуӕцӕлты Хадзымурат ӕмӕ иннӕтӕ.

Марк Петрушанскийы хъӕппӕрисӕй арӕзт ӕрцыд дзуттӕгты лекторий, хуыцаубоны скъола, ӕвӕрд ӕрцыд, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕстмӕ Цӕгат Ирыстонӕй чи ацыд ӕмӕ Райгуырӕн бӕстӕйы сӕрибарыл йӕ цард чи радта, уыцы 292 дзуттӕгтӕн цыртдзӕвӕн. Йӕ фӕрцы арӕзт ӕрцыд ӕмӕ кусын райдыдта Холокосты амӕттӕгты номарӕн мемориалон музей. У дзуттӕгты хъысмӕтыл фыст цалдӕр чиныджы автор. Йӕ ӕвӕллайгӕ ӕхсӕнадон архайды тыххӕй Марк Петрушанскийӕн лӕвӕрд ӕрцыд бирӕ хорзӕхтӕ — майдан «Ирыстоны Намысӕн», стӕй Республикӕ Хуссар Ирыстоны Хӕлардзинады орден дӕр фыццаг хатт лӕвӕрд ӕрцыд уымӕн.

Марк Петрушанскийы номарӕн фӕйнаг байгом кодтой йӕ скульптор Хайты Ибрагим ӕмӕ дзуттӕгты ӕхсӕнады минӕвар Стас Надзиевский. «Шолом»-ы минӕвар саргъуыдта номарӕн фӕйнӕгыл ӕмӕ ссыгъта номарӕн мыдадзын цырагъ.

Зӕлинӕ АГЕЕВА

Къам систа Къӕбысты Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here