РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславы Указӕй Цӕгат Ирыстоны физикон культурӕ ӕмӕ спорты министрӕй нысангонд ӕрцыд зындгонд спортсмен ӕмӕ ӕхсӕнадон архайӕг Хуыгаты Алан.
Хуыгаты Алан райгуырд 1989 азы Дзӕуджыхъӕуы.
2011 азы каст фӕци Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университеты физикон культурӕ ӕмӕ спорты факультет, 2015 азы та — Цӕгат Кавказы хӕххон-металлургон институты юридикон факультет. Службӕ кодта УФ-йы Гӕрзифтонг тыхты.
2006 азӕй 2015 азмӕ уыд грекъаг-ромаг хъӕбысхӕсты сывӕллӕттӕ ӕмӕ фӕсивӕды дзӕуджыхъӕуккаг скъолайы спортсмен-инструктор, грекъаг-ромаг хъӕбысхӕстӕй УФ-йы иугонд командӕйы спортсмен-инструктор.
2016-2017 азты — Дзӕуджыхъӕуы муниципалон кусӕндон «Фӕндаггон фонд»-ы директоры хӕдивӕг.
2017 азы — РЦИ-Аланийы Парламенты депутат суӕвгӕйӕ, ӕвзӕрст ӕрцыд национ политикӕ ӕмӕ фӕсивӕды хъуыддӕгты фӕдыл парламентон комитеты сӕрдарӕй.
2918-2019 азты — грекъаг-ромаг хъӕбысхӕстӕй УФ-йы иугонд командӕйы хистӕр тренер.
Хуыгайы-фырт у Уӕрӕсейы спорты сгуыхт мастер, 2012 азы сси грекъаг-ромаг хъӕбысхӕстӕй олимпаг чемпион. Хорзӕхджын ӕрцыд Хӕлардзинады орден ӕмӕ майдан «Ирыстоны намысӕн»-ӕй. Радтой йын риуылдаргӕ нысан «Спортивон сгуыхтдзинӕдты тыххӕй».
Знон РЦИ-Аланийы Физикон культурӕ ӕмӕ спорты министрады цы ӕмбырд уыд, уым коллективы ног министримӕ базонгӕ кодта республикӕйы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Иринӕ Азимова.














