Грант ын саккаг кодтой

0
357

Оренбурджы  цыппӕрӕм дунеон фӕсивӕдон форум «Евразия Global»-ы архайдта 800 адӕймаджы бӕрц (се ‘хсӕн уыдысты канд ӕмбӕстӕгтӕ нӕ, фӕлӕ ма 108 фӕсарӕйнаг бӕстӕйы минӕвӕрттӕ дӕр). Цӕгат Ирыстоны Фӕсивӕды хъуыддӕгты комитет ӕм арвыста  фондз  бархионы ӕмӕ ӕхсӕнадон организациты активистты.

Форумы уӕрӕсейӕгтӕ  хъахъхъӕдтой Фӕсивӕды хъуыддӕгты федералон  агентады  фӕндӕтты грантон конкурсы проекттӕ. Ӕппӕт бӕстӕйӕ сӕм барвыстой 70 куырдиаты. 11 субъектӕй  фӕуӕлахиз 12 минӕвары. Сӕ хъуыдытӕ царды рауадзынӕн баххуыс кӕныны тыххӕй сын радих кодтой  4,5 милуан сомы.

Гранттӕ кӕмӕн радтой, уыдонимӕ ис Цӕгат Кавказы хӕххон-металлургон институты студенткӕ Алинӕ Лисутина. Йӕ проект «Молодежная образовательная медиа программа «ИрМедиа»-йӕн саккаг кодтой 150 мин сомы грант.

— Мӕ проект арӕзт у ахуырадон-конкурсон программӕйы фӕрцы Цӕгат Ирыстоны фӕсивӕды медиадӕсныдзинады къӕпхӕн фӕуӕлдӕр кӕнынмӕ. Конкурсы программӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ кӕй равзардзыстӕм, уыцы дӕс адӕймаджы дарддӕр архайдзысты фӕсивӕды зонындзинӕдтӕ дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты  фӕахадгӕдӕр кӕныныл, — зӕгъы Алинӕ.

Джихаты Стэллӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here