Сунжӕйы хъӕуы байгом ног амбулатори

0
337

Ивгъуыд сабаты Горӕтгӕрон районы Сунжӕйы цӕрджытӕ ӕрбамбырд сты ӕхсызгон цауы фӕдыл — кадджын уавӕры байгом ног бынӕттон амбулатори. Медицинон кусӕндон байгом кӕныны фӕдыл кадджын ӕмбырды архайдта ӕмӕ хъӕуы цӕрджытӕн арфӕ ракодта РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав.

Ног амбулаторийы бӕстыхӕйттыл ӕрзилгӕйӕ ӕмӕ бынӕттон цӕрджытӕн арфӕ ракӕнгӕйӕ, республикӕйы разамонӕг йӕ раныхасы куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй ахӕм ахсджиаг социалон объекттӕ Горӕтгӕрон районы дарддӕр дӕр арӕзт цӕудзысты. Зӕгъӕм, ныртӕккӕ куыст цӕуы иу фелсырон-акушерон пункт ӕмӕ дыууӕ ног амбулаторийы арӕзтадыл, азы кӕронмӕ ма районы байгом уыдзӕн ноджыдӕр иу рӕвдауӕндон.

Кадджын ӕмбырды архайджытӕ куыд фӕнысан кодтой, афтӕмӕй ӕххуысагур адӕймагӕн хӕрзхъӕд медицинон лӕггад бакӕнынӕн амбулаторийы ӕппӕт фадӕттӕ дӕр ис. Уыимӕ, кусӕндоны коллектив  медицинон лӕггӕдтӕ кӕндзӕн ӕрмӕст Сунжӕйы цӕрджытӕн нӕ, фӕлӕ комгӕройнӕгтӕн дӕр (дыууӕ хъӕуы цӕрджыты нымӕц у 15 минӕй фылдӕр).

Уыцы бон хъӕуы цӕрджыты циныл чи бацин кодта, уыцы кадджын уазджыты ‘хсӕн уыдысты РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Икъаты Русланбег, Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕджы уынаффӕгӕнӕг Михаил Ратманов, республикӕйы арӕзтад ӕмӕ архитектурӕйы министр Касаты Таймураз, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Еленӕ Гиреева, Горӕтгӕрон районы сӕргълӕууӕг Гаглойты Алан, районы администрацийы разамонӕг Есиаты Руслан ӕмӕ Горӕтгӕрон районы Центрон рынчындоны сӕйраг дохтыр Наниты Аскер.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы

ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here