Горӕтгӕрон районы Ирыхъӕуы кадджын мадзалы байгом ног, 120 бынаты кӕм ис, ахӕм рӕвдауӕндон. Уый уыд стыр бӕрӕгбон ныййарджытӕн ӕмӕ сабитӕн сӕхицӕн дӕр. Нӕ бирӕ кӕстӕртӕ нӕ рӕсугъд фидӕн сты. Цӕмӕй ӕрыгон ныййарджытӕ ӕнӕмӕтӕй сӕ куыстмӕ цӕуой, цӕмӕй нӕм фылдӕр ӕнӕниз сывӕллӕттӕ уа, уый тыххӕй арӕзт цӕуынц рӕвдауӕндӕттӕ, скъолатӕ ӕмӕ ӕндӕр социалон объекттӕ.
Кадджын бӕрӕгбоны архайдтой Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, Хицауады Сӕрдары хӕдивджытӕ Икъаты Русланбег ӕмӕ Иринӕ Азимова, РЦИ-Аланийы ахуырад ӕмӕ наукӕйы министр Людмилӕ Башарина, РЦИ-Аланийы арӕзтад ӕмӕ архитектурӕйы министр Касаты Таймураз, Горӕтгӕрон районы разамонӕг Гаглойты Алан, Горӕтгӕрон районы администрацийы хицау Есиаты Руслан ӕмӕ арӕзтадон компани «ВСП-1»-йы директор Биазырты Аслан.
Нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг арфӕ ракодта ныййарджытӕн ӕмӕ сабитӕн, бузныг загъта, рӕвдауӕндон саразыныл чи бафыдӕбон кодта, уыцы аразджытӕн.
— Абон та гом кӕнӕм ног рӕвдауӕндон. Ӕххӕст кӕнӕм, сабитӕн рӕвдауӕндӕтты фаг бынӕттӕ цӕмӕй уа, уыцы программӕ. Хӕрз ӕрӕджы Дзӕуджыхъӕуы дӕр байгом кодтам, абоны домӕнтӕн дзуапп чи дӕтты, ахӕм ног рӕвдауӕндон. Хӕстӕгдӕр рӕстӕг ма республикӕйы фӕзындзысты ӕртӕ ног рӕвдауӕндоны. Иу дзы арӕзт цӕуы Мӕздӕджы районы. Ӕмӕ уыцы куыст дарддӕр дӕр ӕххӕст кӕндзыстӕм, — загъта Битарты Вячеслав.
Аразджыты номӕй раныхас кодта Биазырты Аслан. Уый арфӕ ракодта Хицауады уӕнгтӕн ӕмӕ ныййарджытӕн. Рӕвдауӕндоны разамонӕгӕн та балӕвар кодта символикон дӕгъӕл.
Сырх лент алыг кӕныны бар радтой Битарты Вячеславӕн ӕмӕ рӕвдауӕндоны хъомылгӕнинӕгтӕн.
Уазджытӕ ӕрзылдысты бӕстыхайыл, федтой, алы къордӕн дӕр кӕй ис алцӕмӕй ӕххӕст хъазӕн ӕмӕ хуыссӕн уӕттӕ, хихсӕнтӕ, хӕрӕндон. Кӕрты ис хъазӕн фӕзтӕ ӕмӕ бадӕн бынӕттӕ. Сабитӕ сӕ арӕхстдзинадӕй бахъӕлдзӕг кодтой уазджыты зӕрдӕтӕ.
Хъойбайты Галинӕ














