Хид бындуронӕй рацарӕзтой

0
245

Фӕндагарӕзджытӕ нысангонд ӕмгъуыдӕй раздӕр сӕххӕст кодтой, Хӕтӕлдоны хъӕумӕ ‘ввахс цы хид ис, уый цалцӕггӕнӕн куыстытӕ. Уый тыххӕй фехъусын кодта Цӕгат Кавказы автомобилон фӕндӕгты управленийы пресс-службӕ.

Рагагъоммӕйы пълантӕм гӕсгӕ, хиды бындурон рацарӕзт хъуамӕ ахицӕн уыдаид октябры, фӕлӕ аразджытӕ сӕ куыст дзӕвгар раздӕр сӕххӕст кодтой.

Цалцӕггӕнджытӕ зынгӕ фӕхъомысджындӕр кодтой хиды ӕфсӕн-бетон хӕйттӕ, ӕрӕмбӕрзтой йӕ уӕлдай фидардӕр асфальтӕй.

Афтӕмӕй хиды уӕрх ныртӕккӕ сси 12 метры бӕрц, йӕ дӕргъ та у 14 метры. Уыимӕ, цалцӕггӕнӕн куыстытӕ кӕнгӕйӕ, аразджытӕ сӕрмагонд ӕргом аздӕхтой экологон домӕнтӕм дӕр. Къӕвдайы дон хиды былгӕрӕттӕй цӕугӕдонмӕ кӕм кӕлы, уыцы бынӕтты сӕвӕрдтой сыгъдӕггӕнӕн системӕтӕ.

Аразджытӕ ӕппӕт нысангонд куыстытӕ дӕр сӕххӕст кодтой, ӕмӕ ныр транспорт хидыл ногӕй ӕнӕкъуыхцыйӕ цӕуы.

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй автомобилон фӕндаг «Дзӕуджыхъӕу — Алагир»-ӕн ис стыр нысаниуӕг — уый у Ручъы фӕндагмӕ бахизӕн,  Цӕгат Кавказы ӕппӕт регионтӕ бӕтты Хуссар Ирыстонимӕ.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here