Беслӕны арӕзт террористон фыдракӕнды амӕттӕгты номарӕн — Мӕскуыйы

0
309

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй 3 сентябр у Терроризмы ныхмӕ тохимӕ ӕмзӕрдӕдзинады дунеон бон. Уыцы бон Беслӕны фыццӕгӕм скъолайы арӕзт террористон фыдракӕнды амӕттӕгты номарӕн мадзӕлттӕ цӕудзысты горӕт Мӕскуыйы дӕр.

Уый тыххӕй фехъусын кодта УФ-йы Президенты цур РЦИ-Аланийы Иудадзыгон минӕварады пресс-службӕ.

Минӕварады пресс-службӕйы хъусынгӕнинаджы куыд загъд ис, афтӕмӕй 12 сахат ӕмӕ 20 минутыл Мӕскуыйы Сыгъдӕг Мады-Майрӕмы ирон аргъуаны уыдзӕн террористон фыдракӕнды амӕттӕгты номарӕн ракуывд.

13 сахатыл та номарӕн мадзӕлттӕ адарддӕр уыдзысты террористон фыдракӕнды амӕттӕгты номарӕн цыртдзӕвӕны раз. Акцийы архайджытӕ дидинджытӕ сӕвӕрдзысты цыртдзӕвӕны раз ӕмӕ арвмӕ суадздзысты 334 урс шары — куыд зонӕм, афтӕмӕй уый бӕрц ӕнаххос адӕм бабын фыдбылызы.

Саударӕн мадзӕлтты архайдзысты раздӕры амынӕттӕ, УФ-йы Федерацийы Советы уӕнгтӕ, Паддзахадон Думӕйы депутаттӕ, Мӕскуыйы Хицауады бӕрнон кусджытӕ, сӕрмагонд къордтӕ «Альфа» ӕмӕ «Вымпел»-ы ветерантӕ, горӕты ӕхсӕнадон организациты минӕвӕрттӕ ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Мӕскуыйы ирон ӕхсӕнады уӕнгтӕ.

Номарӕн мадзӕлтты архайджытӕ уыцы бон дидинджытӕ сӕвӕрдзысты, амынӕтты ирвӕзын кӕнгӕйӕ, чи фӕмард, «Альфа», «Вымпел» ӕмӕ УФ-йы ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты министрады уыцы службӕгӕнджыты ингӕнтыл дӕр.

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй Мӕскуы ӕмӕ облӕсты уӕлмӕрдты се ‘нусон бынатыл сӕмбӕлдысты сӕрмагонд къордты службӕгӕнджытӕ Андрей Велько, Олег Ильин, Роман Катасонов, Олег Лоськов, Вячеслав Маляров, Александр Перов, Денис Пудовкин, Дмитрий Разумовский, Андрей Туркин, Михаил Кузнецов, ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты министрады ирвӕзынгӕнджытӕ Дмитрий Кормилин ӕмӕ Валерий Замараев.

Саударӕн ӕмбырд уыцы бон уыдзӕн Мӕскуыйы облӕсты Пушкины районы Мурановойы хъӕуы дӕр — уым ӕрбынӕттон Беслӕны террористон фыдракӕнды амӕттӕгты номарӕн парк.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here