Чемпионтӕ сбӕрӕг уыдзысты Токиойы

0
677

Японы сӕйраг горӕт Токиойы ацы бонты цӕуынц дунейы чемпионаты ерыстӕ дзюдойӕ.

Сӕ ахадындзинад канд дунейы чемпион суӕвынӕй нӕ хицӕн кӕны. Ацы чемпионаты дзюдоисттӕ тох кӕнынц иннӕ азы Олимпаг хъӕзтытӕм балцӕг райсыны рейтингон очкотыл дӕр. Уыцы  стыр нысантӕм чи тырны, уыдоны ‘хсӕн ис ирыстойнаг ӕхсӕз дзюдоисты дӕр.

Уӕрӕсейы иугонд командӕйы фӕлгӕты сӕ хъару ӕмӕ арӕхстдзинад ӕвдисдзысты Лӕппынӕгты Аслан, Тасойты Инал ӕмӕ Таймӕзты Мӕдинӕ. Уымӕй уӕлдай ма тренер Айларты Ирбеджы хъомылгӕнинаг Фердинанд Карапетян чемпионаты хӕцы Сомихы республикӕйы номӕй, Коцойты Олег ӕмӕ Хъоцыты Аветойы хъомылгӕнинаг Коцойты Зелимхан хъахъхъӕны Азербайджаны спортивон кад, Цӕгӕраты Хъазыбег ӕмӕ Беккуызарты Аличы хъомылгӕнинаг Золойты Владимир та хӕцы Хъыргъызстаны номӕй.

Абон, 28 августы, не ‘мзӕххонтӕй татамимӕ рацӕудзысты 81 кг онг уӕзы хӕцӕг дзюдоисттӕ Лӕппынӕгты Аслан (тренертӕ Цӕгӕраты Хъазыбег ӕмӕ Беккуызарты Алик) ӕмӕ Золойты Владимир 30 августы ерысты архайдзӕн Коцойты Зелимхан (100 кг онг уӕз), 31 августы та дунейы ӕппӕты уӕззаудӕр дзюдоисттимӕ ерысы бацӕудзӕн Тасойты Инал. Уыдонӕй раздӕр, 26  августы, ерысты архайдта Фердинанд Карапетян (73 кг онг уӕзы), фӕлӕ ӕгӕр раджы фӕхӕрд ӕмӕ ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй баззад.

Чемпионаты фӕстаг бон, 1 сентябры, цӕудзысты командон ерыстӕ. Нӕлгоймӕгты командӕйы чи хӕцдзӕн Уӕрӕсейы номӕй, уыдон сбӕрӕг уыдзысты, хицӕн спортсменты ‘хсӕн ерыстӕ куы фӕуой, уый фӕстӕ. Ныр уал бӕлвырд у, сылгоймӕгты командӕйы Уӕрӕсейы кад чи хъахъхъӕндзӕн, уыдонӕй иу Таймӕзты Мӕдинӕ кӕй уыдзӕн, уый.

Ӕнӕмӕнг нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц тынг цымыдисаг спортивон бонтӕ. Нӕ зӕрдӕ зӕгъы нӕ фӕсивӕдӕн сӕ бӕллиццаг нысантӕ сӕ къухы куыд бафтой ӕмӕ сӕ дард балцӕй зӕрдӕрайӕ куыд сыздӕхой!

Баскаты Уырызмӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here