26 августы Республикӕ Хуссар Ирыстон сбӕрӕг кодта Хӕдбардзинад банымайыны бон. Бӕрӕгбоны кадӕн Цхинвалы цы мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцыд, уыдоны архайдта Цӕгат Ирыстоны делегаци республикӕйы Сӕргълӕууӕг БИТАРТЫ Вячеславы разамындӕй.
Битарты Вячеслав раныхас кодта, ӕхсӕнады минӕвӕрттӕн концертон зал «Чермен»-ы цы кадджын ӕмбырд уыд, уым. Битары-фырт Цӕгат Ирыстоны цӕрджыты номӕй бӕрӕгбоны арфӕтӕ ракодта хуссарирыстойнӕгтӕн. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, ӕрыгон паддзахады хӕдбардзинад бахъахъхъӕныны хъуыддагмӕ Цӕгат Ирыстон алкӕддӕр йӕ бавӕрӕн хӕсдзӕн.
— Иуӕндӕс азы рацыд, Уӕрӕсейы Федераци Хуссар Ирыстоны паддзахадон хӕдбардзинад куы банымадта, уыцы бонӕй. Уыцы зӕрдылдарӕн цауимӕ бастӕй хуссарирыстойнӕгтӕн цы бирӕ арфӕтӕ ракодтой, уыдонимӕ райсут мах арфӕйы ныхас дӕр. Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ‘хсӕн ахастдзинӕдтӕ арӕзт цӕуынц ӕууӕнк ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуысы бындурыл, ӕмӕ амӕй фӕстӕмӕ дӕр афтӕ кӕй уыдзӕн, уымӕй мӕ ныфс ис. Абон Хуссар Ирыстоны паддзахадон ӕдасдзинад ӕмӕ территорион иудзинад бӕстон хъахъхъӕнынц республикӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы Гӕрзифтонг тыхтӕ, — загъта Битарты Вячеслав.
Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йӕ раныхасы куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй сӕрибардзинад ӕмӕ хӕдбардзинадмӕ фӕндагыл республикӕйы адӕм бирӕ зындзинӕдтӕ федтой.
— Хуссар Ирыстоны адӕмы цӕргӕбонты бӕллиц сӕххӕст. Уӕрӕсейы Федераци республикӕйы паддзахадон хӕдбардзинад кӕй банымадта, уый нын фидӕны сабыр цардӕн ныфс дӕтты. 2008 азы 26 августы Хуссар Ирыстоны цӕрджыты зӕрдӕты цы стыр амонды ӕнкъарӕнтӕ равзӕрд, уый бирӕтӕ никуы бавзардзысты. Уыцы ӕхсызгондзинад ӕмӕ амонды сӕраппонд нӕ адӕм ницы бавгъау кодтой — ӕнувыд ӕмӕ иузӕрдион уыдысты сӕ Фыдыбӕстӕйыл, ӕнӕбасӕтгӕ ныфс ӕмӕ хъӕбатырдзинадӕй ӕрвылбон дӕр ӕвдыстой сӕ фыдыуӕзӕгмӕ уарзондзинад, — загъта Бибылты Анатоли.
Кадджын ӕмбырды раныхас кодтой иннӕ кадджын уазджытӕ ӕмӕ бынӕттон адӕм.
Бӕрӕгбоны мадзӕлттӕ адарддӕр кодта стыр этнографион равдыст «Фыдӕлты хӕзнатӕ». Равдыстмӕ цы бирӕ адӕм ӕрбацыд, уыдон базонгӕ сты нывгӕнджытӕ ӕмӕ ӕрмдӕсныты куыстытимӕ, байхъуыстой ирон зарджытӕм, бакастысты адӕмон кӕфтытӕм, аргъгӕнӕг уыдысты хӕринаггӕнджыты дӕсныдзинадӕн.
Республикӕйы хӕдбардзинад банымайыны боны кадӕн мадзӕлттӕ цыдысты суанг изӕрмӕ.
Зындгонд куыд у, афтӕмӕй 2008 азы 8 августы ӕхсӕвы Гуырдзыстон радон хатт бафӕлвӕрдта Хуссар Ирыстон гӕрзифтонг тыхты фӕрцы басӕттын. Уыцы уавӕрты Уӕрӕсейы Федераци фидарӕй ӕрлӕууыд бынӕттон цӕрджытӕ ӕмӕ сабырдзинадтауӕг тыхты службӕгӕнджыты фарсмӕ. Хӕсты фондз бонмӕ фӕмард мин адӕймагӕй фылдӕр. 2008 азы 26 августы Уӕрӕсейы Федераци банымадта Хуссар Ирыстоны паддзахадон хӕдбардзинад. Дыууӕ бӕстӕйы ‘хсӕн дипломатон ахастдзинӕдтӕ сфидар кодтой 2008 азы 9 сентябры.
РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы
ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ














