2004 азы 1-3 сентябры Беслӕны фыццӕгӕм скъолайы арӕзт террористон фыдракӕнды амӕттӕгты номарӕн мадзӕлтты пълан

0
397
  • 1 сентябры, хуыцаубоны, номарӕн мадзӕлттӕ райдайдзысты фыццӕгӕм скъолайы кӕрты 9 сахатыл.

    Номарӕн ӕмбырды архайдзысты республикӕйы хицаудзинады ӕххӕстгӕнӕг ӕмӕ закъонӕвӕрӕг оргӕнты разамонджытӕ, республикӕйы муниципалитетты бӕрнон кусджытӕ, ӕхсӕнадон иугонд «Беслӕны мадӕлтӕ» ӕмӕ ӕндӕр организациты минӕвӕрттӕ, бынӕттон цӕрджытӕ ӕмӕ республикӕйы уазджытӕ.

    Фыццӕгӕм скъолайы кӕрты номарӕн мадзал цӕудзӕн изӕры 20 сахаты онг. Изӕрӕй та скъолайы кӕрты ссудздзысты мыдадзын цырӕгътӕ.

    Уыцы бон Беслӕны Культурӕйы хӕдзары 13 сахатыл ӕхсӕнадон организаци «Беслӕны мадӕлты» уӕнгтӕн уыдзӕн пресс-конференци.

    Культурӕйы хӕдзары чысыл залы та 16 сахатыл райдайдзӕн номарӕн ӕмбырд «Фыдбылызы бахауӕг адӕм ӕмӕ сӕ ирвӕзынгӕнджытӕ».

    Фӕстӕдӕр Культурӕйы хӕдзары стыр залы сценӕйыл йӕ аивад равдисдзӕн сывӕллӕтты адӕмон театр «Смешинка» (Оренбурджы облӕстӕй).

  •  2 сентябры, къуырисӕры, фыццӕгӕм скъолайы кӕрты адарддӕр уыдзысты номарӕн мадзӕлттӕ.

    Архайдзысты сӕ РЦИ-Аланийы Хицауады уӕнгтӕ ӕмӕ Парламенты депутаттӕ, районты муниципалон ӕмбырдты минӕвӕрттӕ, республикӕйы уазджытӕ.

    Уыцы бон 16 сахатыл 8-ӕм скъолайы кӕрты уыдзӕн террористон фыдракӕнды амӕттӕгты номарӕн ӕмбырд.

  • 3 сентябры, дыццӕджы, номарӕн мадзӕлттӕ дарддӕр цӕудзысты фыццӕгӕм скъолайы кӕрты.

    Архайдзысты сӕ хицаудзинады ӕххӕстгӕнӕг ӕмӕ закъонӕвӕрӕг оргӕнты разамонджытӕ, ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ, сыхаг республикӕты делегацитӕ.

    Уым 9 сахаты ӕмӕ 30 минутыл райдайдзӕн номарӕн ракуывд.

    13 сахаты ӕмӕ 5 минутыл ӕппӕт республикӕйы цӕрджытӕ дӕр, иу минут ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ, ссардзысты, террористон фыдракӕнды чи фӕмард, уыцы ӕнаххос адӕмы рухс нӕмттӕ.

    Уырдӕгӕй номарӕн ӕмбырды архайджытӕ ацӕудзысты мемориалон уӕлмӕрд «Зӕдты горӕт»-мӕ.

    Уым дӕр мадзалы архайджытӕ — хицаудзинады ӕххӕстгӕнӕг ӕмӕ закъонӕвӕрӕг оргӕнты разамонджытӕ, республикӕйы районтӕ ӕмӕ иннӕ регионты минӕвӕрттӕ 14 сахаты ӕмӕ 30 минутыл дидинджытӕ ӕмӕ дидинӕгбастытӕ сӕвӕрдзысты «Хъыджы бӕлас»-ы раз ӕмӕ ингӕнтыл. Сывӕллӕттӕ арвмӕ суадздзысты номарӕн тымбылджытӕ.

    15 сахаты ӕмӕ 30 минутыл райдайдзӕн дины кусджыты номарӕн ракуывд.

    Фыццӕгӕм скъолайы кӕрт ӕмӕ «Зӕдты горӕт»-ы номарӕн мадзӕлттӕ цӕудзысты изӕрмӕ.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here