Дзӕуджыхъӕуы, Коцойы-фырты уынджы Терчы былгӕрон знон кадджын уавӕры байгом зындгонд атомон ихсӕттӕн наутӕ «Ленин» ӕмӕ «Арктикӕ»-йы капитан, Социалистон Фӕллойы Хъӕбатыр Кучиты Сергейы фырт Юрийы цыртдзӕвӕн. Цыртдзӕвӕны автор у скульптор Кучиты Аслан.
Зындгонд куыд у, афтӕмӕй 1977 азы 17 августы денджызы ленк кӕныны историйы фыццаг хатт, ӕнусон ихтӕ сӕтгӕйӕ, Кучиты Юри йӕ командӕимӕ бахӕццӕ Цӕгатаг полюсы тӕккӕ астӕумӕ. Ацы бонты нӕ зындгонд капитаны райгуырдыл сӕххӕст 100 азы ӕмӕ та ногӕй нӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты уыцы стыр хъӕбатырдзинады цаутӕ.
Кадджын мадзалы архайдтой РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Иринӕ Азимова, Дзӕуджыхъӕуы администрацийы сӕргълӕууӕг Ӕлбегаты Барис, УФ-йы Федерацийы Советы уӕнг Фадзайты Арсен, Кучиты Юрийы фырт Сергей йӕ бинойнагимӕ, стӕй ӕхсӕнады иннӕ минӕвӕрттӕ.
Нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславы номӕй арфӕ ракодта РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Иринӕ Азимова.
— Уӕлдай бузныг зӕгъӕм Фадзайты Арсенӕн, ахӕм стыр хъуыддагыл кӕй бацархайдта, уый тыххӕй. Абон мах гом кӕнӕм цыртдзӕвӕн диссаджы адӕймагӕн. Уый уыдис стыр ныфс ӕмӕ хъаруйы хицау — хуымӕтӕг матросӕй дунейы ӕппӕты тыхджындӕр атомон науы капитаны онг схызт. Йӕ цардвӕндаг дӕнцӕг у фӕсивӕдӕн, — загъта Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг.
Мыггаджы номӕй арфӕйы ныхас загъта Кучиты Батрадз: «Фарн уӕм бадзурӕд, хорз адӕм! Кучиты мыггаджы номӕй зӕрдӕбын арфӕ кӕнын уе ‘ппӕтӕн дӕр, уӕлдайдӕр та, ацы цыртдзӕвӕн кӕй фӕрцы арӕзт ӕрцыд, уыдонӕн. Арсен равдыста лӕгдзинад ӕмӕ йӕ цӕрӕнбон бирӕ уӕд! Горӕты администраци бацархайдта цыртдзӕвӕны бынат саив кӕныныл. Юри ӕрмӕст Кучиты мыггаджы хъайтар нӕу, уый у йӕ райгуырӕн Ирыстоны кадджындӕр хъӕбултӕй иу. Йӕ ном цӕрдзӕн ӕнустӕм».
Кучиты Юрийы фырт Сергей сӕрыстыр куыд нӕ у, йӕ фыдӕн ын Ирыстоны цы кад кӕнынц, уымӕй. Уый разыйӕ баззад цыртдзӕвӕны уындӕй, стӕй, нӕ таурӕгъон капитаны номарынӕн Дзӕуджыхъӕуы цы бирӕ алыхуызон мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцыд, уымӕй.
Зӕгъын ма хъӕуы, Кучиты Юрийы ном Бетъырбухы дӕр кӕй сӕнусон кодтой, уый дӕр. Зындгонд капитан цы хӕдзары цард, уый къулыл ирон диаспорӕйы минӕвӕртты хъӕппӕрисӕй фӕзынд мемориалон къӕй нӕ хъайтары номимӕ.
Хъойбайты Галинӕ
Къам систа Къӕбысты Харитон














