Футбол. Чи суыдзӕн Ирыстоны чемпион?

0
489

Нӕ республикӕйы уӕлдӕр дивизионы чемпионаты июлы райдайӕны ерысты фыццаг хайы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ сбӕлвырд сты, чемпионаты дыккаг хайы фыццаг бынат бацахсыныл цы дӕс командӕйы хъаздзысты, уыдон. Сӕ фӕстӕ цы аст командӕйы ис, уыдон та ерыс кӕндзысты иннӕ аз уӕлдӕр дивизионы баззайыныл.

Фыццаг хъӕзтытӕ дыууӕ къорды дӕр рауадысты цымыдисаг. Къорд «А»-йы цы дӕс командӕйы хъазы, уыдонӕй, амӕй размӕйы очкотӕ дӕр нымайгӕйӕ, разӕй цӕуы Дзӕуджыхъӕуы «Синдикат». Йӕ фӕстӕ  2-аг бынат ахсы иннӕ дзӕуджыхъӕуккаг командӕ «Щит Осетии», 3-аг бынаты та цӕуы «Ӕрыдон».

23 августы «Синдикат» йӕхи фӕзы хъазыд «Хъӕдгӕрон»-имӕ ӕмӕ фӕуӕлахиз 4:0 хыгъдӕй. Дзӕуджыхъӕуккаг дыууӕ командӕйы «Киммери» ӕмӕ «Спартак-2»-йы фембӕлд ахицӕн спартаковонты пайдайӕн 2:1 хыгъдӕй.

Уыцы бон ма ноджыдӕр дыууӕ дзӕуджыхъӕуккаг командӕйы «СКГМИ» ӕмӕ «Барс»-ы фембӕлды 1:0 хыгъдӕй фӕуӕлахиз студентты командӕ.

24 августы Михайловскы стадионы фембӕлдысты бынӕттон «Ирбис» ӕмӕ «Ӕрыдон». Сӕ хъазуатон хъазт ахицӕн ӕрыдойнӕгты пайдайӕн 3:2 хыгъдӕй.

Чемпионаты 2-аг бынаты цӕуӕг «Щит Осетии» уыцы бон Дзӕуджыхъӕуы стадион «Металлурджы» фембӕлд Алагиры «Спартак»-имӕ. Хъазт ахицӕн фысымты пайдайӕн 7:1 хыгъдӕй.

25 августы Цыколайы командӕ «Амур» йӕхи фӕзыл фембӕлд Змейкӕйы «Ирыстон»-имӕ. Ацы фембӕлды уазджытӕ разындысты зынгӕ арӕхстджындӕр ӕмӕ рамбылдтой 4:0 хыгъдӕй.

Йӕхи фӕзыл фидар фӕлӕууыд «Дигора» ӕмӕ 1:0-ӕй рамбылдта Дзӕуджыхъӕуы «Автодор»-ӕй. РЦИ-Аланийы футболы федерацийы президент Зозырты Игорь, Ирыстоны чемпионат куыд цӕуы, уый тыххӕй зӕгъы: «Нӕ республикӕйы чемпионаты хъӕзтытӕн сӕ фылдӕр цӕуынц тынг зӕрдӕмӕдзӕугӕ ерысы. Мах ныртӕккӕ кусӕм ууыл, цӕмӕй нӕ уӕлдӕр къорд тыхджынӕй-тыхджындӕр кӕна. Уый тыххӕй иннӕ аз уӕлдӕр къорды ӕстдӕс командӕйы бӕсты баззайдзӕн цыппӕрдӕс. Уымӕ гӕсгӕ, абон къорд «В»-йы цы аст командӕйы хъазы, уыдонӕй иннӕ аз уӕлдӕр къорды баззайдзысты ӕрмӕстдӕр 1-аг ӕмӕ 2-аг бынӕттӕ бацахсджытӕ. Уыцы уавӕр зонгӕйӕ, ацы къорды командӕтӕ алы хъазты дӕр тырнынц уӕлахизмӕ, ӕмӕ уымӕй сӕ архайд кӕны цымыдисагдӕр. Уӕдӕ чемпионы номыл цы дӕс командӕйы ерыс кӕнынц, уыдонӕй дӕр цы зӕгъӕн ис? Тынг архайынц се ‘ппӕт дӕр, куыд гӕнӕн ис, афтӕ хуыздӕр ахъазынмӕ  алы фембӕлды дӕр. Ахӕм уӕлахизмӕ тырнындзинадӕй фидауы футбол. Ацы аз чемпионтӕ ӕмӕ призон бынӕттӕ бацахсджытӕн мах ратдзыстӕм кубоктӕ, грамотӕтӕ, дипломтӕ ӕмӕ майдантӕ. Фӕнды нӕ, цӕмӕй, нӕ республикӕйы сӕйраг командӕмӕ ист чи ӕрцӕуа, ахӕм лӕппутӕ фылдӕр бацӕттӕ кӕнӕм нӕ республикӕйы чемпионаты фӕрцы».

БАСКАТЫ Уырызмӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here