Ахуыргӕндтӕ куыд бахыгътой, афтӕмӕй зӕххы къорийӕн хӕхтӕ ахсынц йӕ 40 проценты. Уӕрӕсейы ацы бӕрӕггӕнӕн хӕццӕ кӕны 50 процентмӕ, нӕ республикӕйы фылдӕр ӕмбис та у хӕхбӕстӕ.
Хӕххон уӕлдӕф адӕймаджы ӕнӕниздзинадӕн ӕвдадзы хос кӕй у, уый зындгонд уыдис рагон адӕмтӕн дӕр. Арӕх-иу, рынчынтӕ чи кодта кӕнӕ йе ‘нӕниздзинад лӕмӕгъ кӕмӕн уыд, уыдон цыдысты хӕхбӕстӕм, ӕмӕ-иу фӕстӕмӕ ӕрыздӕхтысты цардхъомӕй. Хӕххон ӕрдзмӕ ӕвдадзы хосгӕнӕн миниуджытӕ кӕй ис, уый тыххӕй фыстой астӕуккаг ӕнусты бирӕ ахуыргӕндтӕ ӕмӕ бӕлццӕттӕ.
Ныр дӕр чысыл адӕм нӕй хӕхбӕсты. Физикон ӕгъдауӕй сты хъӕддых, быдыры цӕрджытӕй бирӕ фылдӕр у сӕ бон фӕллой кӕнын. Зӕгъӕм, Перуйы хӕхты ныртӕккӕ цӕры 6 милуан адӕймаджы. Уыдон фӕкусынц денджызы ӕмвӕзадӕй 2-4 мин метры уӕлдӕр. Ацы рӕтты ис хӕххон амалгӕнӕн ӕмӕ промышленнон куыстуӕттӕ, ӕфсӕн ӕмӕ автомобилон фӕндӕгтӕ. Суанг ма 5 мин метры бӕрзӕнды дӕр ссардӕуыд, сыгъзӕрин кӕм къахынц, ахӕм бынӕттӕ.
Раздӕры Советон Цӕдисы республикӕты фӕлтӕрддзинадӕй дӕнцӕг куы хӕссӕм, уӕд абон дӕр Памиры уӕлхох быдырты хъыргъызаг ӕмӕ таджикаг фыййӕуттӕ бӕхты рӕгъӕуттӕ дарынц денджызы ӕмвӕзадӕй 4 мин метры уӕлдӕр хизӕнуӕтты, сӕ кишлактӕ та сты 3500 метры бӕрзӕндты. Дохтырты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ахӕм цардыуаг бынӕттон адӕмы ницы хъыгдары. Уый нӕ, фӕлӕ ма се ‘нӕниздзинад, быдыры цӕрджытимӕ абаргӕйӕ, у фидардӕр.
Дӕсгай азты дӕргъы спортсментӕ, дзоныгътыл бырджытӕ ӕмӕ рог атлеттӕ бӕрнон ерысты агъоммӕ тренировкӕтӕ фӕкӕнынц хӕхбӕсты. Ам бӕлвырд хуыздӕр фенкъарынц сӕхи, сӕ куыстхъомдзинад та дзӕвгар фылдӕр вӕййы. Уымӕн ӕмӕ зӕрдӕйы-тугдадзинты системӕйы, рӕуджыты ӕмӕ иуӕй-иу ферментты куыст фӕтыхджындӕр вӕййы хӕхбӕсты. Ахӕм рӕстӕг та адӕймаджы буары гӕнӕнтӕ фылдӕр кӕнынц ерысты райдайӕны агъоммӕ, ӕмӕ уӕлахиз ӕнцондӕрӕй бафты сӕ къухы.
Хӕхбӕсты чи цӕры, йӕ фӕллад дзы чи фӕуадзы кӕнӕ дзы йӕхи чи фӕдзӕбӕх кӕны, уыцы адӕмы организмтӕ фидар кӕныныл хорзӕрдӕм зынынц хӕххон къуылдымты зайӕг хъӕдтӕ ӕмӕ уӕлхох быдырты ӕрдзы иумӕйаг комулӕфт. Уымӕй уӕлдай ма хӕххон климӕты ахъаззагдӕр миниуджытӕ сты сӕууон уӕлдӕф, чысыл дымгӕтӕ ӕмӕ ам, фылдӕр рӕстӕг хурбонтӕ кӕй вӕййы, уыдӕттӕ дӕр.
Хӕхты ӕвӕджиауы миниуджытыл уыдысты зындгонд академиктӕ В.Энгельгарды, И. Сиротины, профессортӕ-курортологтӕ П. Кожуевы, С. Нейфахы, Е. Коваленкойы, В. Березовскийы, Г. Камоловы ӕмӕ иннӕты иртасӕнтӕ. Ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, хӕхтӕм бацӕуӕнты канд уӕлдӕфы ӕмӕ туаггуыры ӕлхъывдад нӕ аивынц, фӕлӕ ма алфамбылай ӕрдзы ӕндӕр тыхтӕ дӕр. Уӕлдӕфы температурӕ кӕй фӕныллӕгдӕр вӕййы, уый руаджы организм йӕхи ахуыр кӕнын райдайы уазалыл, ӕндӕр хӕххон уавӕртыл.
Хӕхтӕм цас уӕлдӕр хизӕм, уыйас уӕлдӕфы температурӕ ӕрмӕст къаддӕр нӕ кӕны, фӕлӕ ма дзы доны тӕфтӕ дӕр къаддӕр вӕййы. Уый та афтӕ амоны, ӕмӕ уӕлдӕф хусдӕр у хӕхты бӕрзӕндты. Ӕрдзиртасджытӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй денджызы ӕмвӕзадӕй 2000 метры уӕлдӕр доны тӕфты хъӕддыхдзинад вӕййы дыууӕ хатты къаддӕр.
Уымӕй уӕлдай ма хӕххон ӕрдзыхъӕд хицӕн кӕны, ам быдырон уӕлдӕфӕй хъауджыдӕр озон фылдӕр кӕй ис, уымӕй дӕр. Организм хӕххон уавӕртӕм куы бахауы, уӕд фылдӕр туг хӕццӕ кӕнын райдайы чырӕгтӕм, фӕстӕдӕр та зӕрдӕ ӕмӕ рӕуджытӕм. Куыдфӕстагмӕ, туг кӕм цӕуы, уыцы дадзинтӕ дӕр дзӕвгар фӕуӕрӕхдӕр вӕййынц.
Хӕхтимӕ фыццаг фембӕлды рӕстӕг адӕймаг хатгай йӕхи ӕвзӕр ӕнкъарын райдайы (зӕрдӕ фӕхойы, улӕфт нал фӕфаг кӕны), фӕлӕ уый фӕстӕ чысылгай фӕцахуыр вӕййы. Организмы вазыгджын системӕ ногӕй архайын райдайы, ӕмӕ адӕймаг йӕ куыстхъомдзинад ӕппындӕр нӕ фесафы. Уыимӕ, организм хӕххон ӕрдзы алыхуызон ивддзинӕдтӕн сфӕлтӕры, ӕмӕ уый та тынг ахсджиаг у спортсменты тренировкӕты рӕстӕг, иуӕй-иу низтӕ дзӕбӕх кӕнынӕн.
Хӕххон ӕрдзы уавӕрты ас адӕймаджы организм бамбырд кӕны ӕмӕ тугмӕ сахатмӕ бауадзы 12 литры туаггуыр, ӕппӕты тыхджындӕр куысты рӕстӕг та уымӕй фылдӕр. Уый та стыр ӕххуыс у улӕфт фӕтыхджындӕр кӕнынӕн. Хӕххон ӕрдз уӕлдай пайдадӕр у хъуырниз, гипертони, тугцух, тарнизы хуызтӕ ӕмӕ рӕуджыты низтӕ дзӕбӕх кӕнынӕн.
Бирӕазон цӕстдарӕнтӕ куыд амонынц, афтӕмӕй зӕрдӕйы, тугдадзинты низтӕ, атеросклероз ӕмӕ ӕндӕртӕ зын дзӕбӕх кӕнӕн сты быдырон уавӕрты, ӕнцонӕй та сӕ фервӕзӕн ис хохрӕбыны ӕмӕ хӕххон тӕлмыты. Уымӕ гӕсгӕ, мӕн зӕгъын фӕнды: Цӕгат Кавказы ӕппӕт хӕххон фӕзуат нӕу ӕвдадзы хосгӕнӕг. Ӕрмӕстдӕр Цӕгат Ирыстоны ис бирӕ гӕнӕнтӕ санаторон-курортон архайд фӕахадгӕдӕр кӕнынӕн. Уый та нӕ къухы бафтдзӕн нӕ диссаджы санаторитӕ «Урсдон», «Тӕмискъ» ӕмӕ ӕндӕрты ногӕй сырӕзын кӕныны ӕмӕ ӕххӕстӕй скусын кӕныны фӕстӕ.
Ныртӕккӕ Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Хицауад фарста афтӕ ӕвӕры, цӕмӕй ногӕй арӕзт ӕрцӕуа санатори «Тиб», ӕмӕ уый дӕр стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн нӕ адӕмы ӕнӕниздзинад фӕхъӕддыхдӕр кӕнынӕн. Арӕхстджынӕй нӕ спайда кӕнын хъӕуы канд ӕрдзы уавӕртӕй нӕ, фӕлӕ ма алӕмӕты хосгӕнӕн суӕрттӕй дӕр, цӕмӕй нын хӕхтӕ ӕдзухдӕр хӕссой фидар ӕнӕниздзинад.
Беруаты Барис,
географион наукӕты доктор, профессор,
Уӕрӕсейы Федерацийы наукӕты сгуыхт архайӕг














