Дзӕуджыхъӕуы скъолатыл ма тагъд рӕстӕг ноджыдӕр иу бафтдзӕн. Аразы йӕ ӕнӕххӕст бӕрнондзинады ӕхсӕнад «Гарантпромсервис» 18-ӕм микрорайоны Джыккайты Шамилы уынджы.
Йӕ фӕзуат уыдзӕн 31 мин квадратон метры, ӕртӕуӕладзыгон ӕртӕ бӕстыхайы ахуыр кӕндзысты 550 чызг ӕмӕ лӕппуйы. Ахуырӕн ӕмӕ дзы спорты алы хуызтӕй архайынӕн уыдзӕн ӕппӕт фадӕттӕ дӕр.
Арӕзтады прораб у Хъуппеты Азӕмӕт, мастертӕ та — Абайты Азӕмӕт ӕмӕ Хуыгаты Алыксандр. Ӕртӕйӕ дӕр цалдӕр азы размӕ каст фесты Хӕххон-металлургон институт. Сӕ равзӕрст дӕсныйады фыццаг къахдзӕф амондджын кӕй фӕцис, уый бӕрӕг у.
— Скъола кӕй аразӕм, уый ныл уӕлдай фылдӕр хӕстӕ ӕвӕры.
Хуымӕтӕг скъола нӕ уыдзӕн. Райдайӕн, астӕуккаг ӕмӕ хистӕр кълӕстӕн цы хицӕн бӕстыхӕйттӕ аразӕм, уыдон кӕрӕдзиуыл баст уыдзысты бацӕуӕнтӕй. Проектмӕ гӕсгӕ дзы уыдзӕн дыууӕуӕладзыгон спортивон зал, райдзаст ӕмӕ уӕрӕх кълӕстӕ, лабораторитӕ, стӕй футболӕй, баскетболӕй, теннисӕй хъазӕн бынӕттӕ. Ӕппӕт конструкцитӕ дӕр фидаргонд уыдзысты ӕфсӕйнаг ӕмӕ бетонӕй, зӕххӕнкъуысты рӕстӕг сын тӕссаг ницӕмӕй уыдзӕн, — зӕгъы Хъуппейы-фырт.
Куыд базыдтам, афтӕмӕй ацы социалон объект арӕзт цӕуы сӕрмагонд программӕ «Обеспечение доступным и комфортным жильем граждан РФ»-йы бындурыл. Ӕхцаты 93 проценты йын радих кодтой федералон бюджетӕй.
Кӕронмӕ уал арӕзт фӕци фыццӕгӕм уӕладзыг. Боныцъӕхтӕй суанг изӕрдалынгтӕм куыст не ‘рлӕууы. Дурамайджытӕ, бетонгӕнджытӕ, ӕндадзджытӕ — ӕдӕппӕтӕй 60 кусӕджы — ам фӕллой кӕнынц иузӕрдионӕй.
— Ӕнцон куыст нӕу, фӕлӕ дзы адӕймаг ӕхсызгондзинад исы, йӕ къултӕ куыд рӕзынц, уымӕ кӕсгӕйӕ, — зӕгъы фӕлтӕрдджын сисамайӕг Хуыбылты Давид. — Махӕн нӕ уыд ахӕм скъолатӕ, фӕлӕ ӕгайтма ног фӕлтӕртӕн сӕ уавӕртӕ хуыздӕр сты. Амондджынӕй рӕзӕнт.
Бригады уӕнгтӕ Хуыгаты Вальтер ӕмӕ Славик, Гӕззаты Руслан, Гуырцъыты Зауырбег, Гобозты Людвиг, Хъуппеты Эдик ӕмӕ иннӕтӕн сӕ куыстмӕ ницы фау ӕрхӕссӕн ис. Арӕзтадон фӕзы кусы бирӕ уӕззау техникӕ: экскаватортӕ, уӕзласӕн машинӕтӕ. Арӕзтадон-монтажгӕнӕн куыстыты рӕстӕг тынг ӕххуыс сты кърантӕ.
Алы лыстӕг хъуыддагмӕ дӕр йӕ цӕст дары «Гарантпромбизнес»-ы генералон директор Зӕнджиаты Сослан. Бирӕ раппӕлинаг хъуыддӕгтӕ ис ацы куыстуатмӕ. Сӕ къухты фӕллой ис Дзӕуджыхъӕуы 27-ӕм скъолайы, Сунжӕйы амбулаторийы, 1100 бынаты кӕм ис, уыцы ног дзӕуджыхъӕуккаг скъолайы ӕмӕ ӕндӕр рӕтты.
Ацы аз майы чи райдыдта, уыцы арӕзтад афӕдзы кӕронмӕ кӕй фӕуыдзӕн, уымӕй ныфс ӕвӕрынц аразджытӕ. Ӕппӕт коммуникацитӕ дӕр конд куы ‘рцӕуой, уӕд кӕрт ралӕгъз кӕндзысты. Йӕ иу хай уыдзӕн асфальтӕй ӕмбӕрзт, иннӕ та — рӕсугъд дурӕй, стӕй дзы цъӕхвӕлысты бынӕттӕ дӕр уыдзӕн. Уый фӕстӕ скъолайы алыварс сӕвӕрдзысты ӕфсӕйнаг быру.
Гугкаты Жаннӕ
Къӕбысты Харитоны ист къам














