Знон Цӕгат Ирыстонмӕ кусӕг балцы ссыд Уӕрӕсейы Федерацийы хъӕууон хӕдзарады министр Дмитрий Патрушев. Йемӕ уыдысты йӕ хӕдивӕг Максим Увайдов ӕмӕ министрады ӕндӕр бӕрнон кусджытӕ. Кадджын уазджытӕн фенын кодтой республикӕйы хъӕууон хӕдзарады раззагдӕр куыстуӕттӕ.
РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, нӕ республикӕйы хъӕууон хӕдзарад ӕмӕ хойраджы министр Уазиты Хъазыбег федералон министры базонгӕ кодтой, нырыккон технологитӕй кӕм кусынц, ахӕм дыргъдон «Казачий хутор»-имӕ. Фӕстӕдӕр фысымтӕ ӕмӕ уазджытӕ бабӕрӕг кодтой Хӕххон аграрон университет. Ӕвдисӕн уыдысты, наукӕйы бындурыл ахуыргӕндтӕ ӕмӕ студентты ӕнтыстдзинӕдтӕн. Цы федтой, цы фехъуыстой, уыдонӕй разыйӕ баззадысты. Хъӕууон хӕдзарады райрӕзтӕн рӕсугъд фидӕн кӕй ис, уый бӕлвырд у. Ивгъуыд рӕстӕг къабаз куыд бакуыста, цавӕр ӕнтыстдзинӕдтӕ ӕмӕ къуылымпыдзинӕдтӕ дзы ис, стӕй фидӕны пълантӕ фӕбӕрӕг кодтой, фӕстӕдӕр Хицауады хӕдзары цы ӕмбырд сарӕзтой, уым. Хъӕууон хӕдзарадмӕ фылдӕр ӕргом здахын райдыдтой, ӕмӕ уый фӕзынд иумӕйаг уавӕрыл, уӕдӕ паддзахадон ӕххуыс дӕр азӕй-азмӕ рӕзы. Ӕрбаласӕггаг хойраг фӕкъаддӕр кӕнын, йӕ бӕсты нӕхи продукци базартӕм ласын — ахӕм хӕс сӕвӕрдтой сӕ размӕ.
Фембӕлды рӕстӕг Дмитрий Патрушев бузныг загъта, кӕй йӕ фӕхуыдтой, уый тыххӕй, ӕмӕ фехъусын кодта йӕ ссыды сӕйраг нысан.
— Уӕрӕсейы Президенты фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ арӕзт ӕрцыд нӕ бӕстӕйы ӕппӕт регионты хъӕууон хӕдзарады райрӕзты федералон наукон-техникон программӕ. Уый фӕрцы рапарахат уыдзӕн тауинӕгты куыст, фӕхъомысджындӕр уыдзӕн материалон-техникон базӕ дӕр. Нӕхи картоф ӕмӕ цӕхӕрайы мыггӕгтӕ, хӕрзмыггаг фос, сӕнӕфсиры куыст ӕмӕ ма бирӕ хорз ивддзинӕдтӕ банкъардзыстӕм ацы программӕйы фӕрцы, уыимӕ, ирыстойнаг агропромышленнон комплексы дӕр, — загъта министр.
Битарты Вячеслав арфӕ ракодта Дмитрий Патрушевӕн, нӕ республикӕйы хъӕууон хӕдзарады къабазӕн алывӕрсыг ӕххуыс кӕй кӕны, уый тыххӕй.
— Цы фӕрӕзтӕ ссӕуы республикӕмӕ, уыдонӕй афойнадыл ӕмӕ ахадгӕйӕ кӕй спайда кӕндзыстӕм агропромышленнон комплексы райрӕзтӕн, уымӕй дын зӕрдӕ ӕвӕрӕм, — загъта Битары-фырт.
Ӕмбырд дарддӕр цыд ӕнӕ журналисттӕй.
Дмитрий Патрушев ӕмӕ Битарты Вячеславӕн уыд хицӕн фембӕлд дӕр.
Федералон министры балцы тыххӕй бӕстондӕр ӕрмӕг кӕсут газеты иннӕ номыры.
Гугкаты Жаннӕ














