Хуыгаты Алан: «Нӕ разы ис стыр хӕстӕ»

0
365

Къуыри размӕ РЦИ-Аланийы физкультурӕ ӕмӕ спорты министрӕй нысангонд ӕрцыд Олимпаг хъӕзтыты уӕлахиздзау, Уӕрӕсейы спорты сгуыхт мастер Хуыгаты Алан. Ахӕм бӕрнон бынаты нӕ республикӕйы разамонджытӕ 30-аздзыд Хуыгайы-фыртӕн кӕй бахӕс кодтой, уый баст у йӕ раздӕры стыр ӕнтыстытимӕ, куыд спортсмен, афтӕ, уый фӕстӕ та РЦИ-Аланийы Парламенты депутат уӕвгӕйӕ цы ӕнӕзӕрдӕхудт куыст кодта, уыимӕ.

Ӕрыгон адӕймаг ахӕм бӕрзонд разамонӕджы бынаты йӕ фыццаг къахдзӕфтӕ куыд ӕмӕ цӕмӕй райдайдзӕн, уымӕ уӕлдай цымыдисагӕй фенхъӕлмӕ кӕсынц адӕм. Спортивон разамонӕджы куысты тыххӕй дзургӕйӕ, зонын хъӕуы, бирӕ спорты хуызты цы мингай адӕймӕгтӕ архайынц, уыдоны гӕнӕнтӕ ӕмӕ домӕнтӕ. Министрады размӕ цы бирӕ хӕстӕ ис, уыдон зонын хъӕуы бындуронӕй. Ӕппӕт уыцы фарстытӕ лыг кӕнынмӕ хъӕуынц стыр зонындзинӕдтӕ. Уӕдӕ цы адӕмимӕ кусыс, уыдонимӕ  иу ӕвзагӕй дзурын, кӕрӕдзи фарсмӕ ӕнгом  лӕууын ӕмӕ хъуыддаджы пайдайӕн ӕмгуыст кӕнын, аразгӕ сты куыстуаты разамындӕй. Цӕмӕй ахӕм бынатмӕ схизынмӕ сразы уай, уый тыххӕй, ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кӕнын дӕр фӕхъӕуы.

Мах дӕр нӕ ныхас Хуыгаты Аланимӕ райдыдтам уыцы фарстӕй:

— Куы фехъуыстай министры бынатмӕ дӕ хонынц, уӕд, фыццагдӕр, цӕуыл ахъуыды кодтай?

— Мӕнӕн уый уыд ӕнӕнхъӕлӕджы хабар. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, спортимӕ мӕ фидар бастдзинад никуы фехӕлдтон, фӕлӕ фӕстаг азты мӕ сӕйраг куыст уыд нӕ республикӕйы Парламенты. Уым мын гыццыл хӕстӕ нӕ уыд ӕмӕ архайдтон, мӕ бон цы уыд, уымӕй. Парламенты депутат уӕвгӕйӕ, архайдтон фылдӕр базоныныл. Уый тыххӕй ӕз бафӕрсынмӕ зивӕг никуы кодтон. Ацы бынатмӕ мӕ куы разы кодтой, уӕд иуӕй ӕхсызгон уыд, ахӕм бӕрнон хъуыддаг мын кӕй хӕс кӕнынц, иннӕмӕй та йӕ ӕмбӕрстон, цас стыр уаргъ исын мӕхимӕ, уый. Разыйы дзуапп раттыны размӕ бафарстон мӕ фыды, ме ‘фсымӕры, мӕ хорз хӕлӕртты. Уыдонимӕ ӕрныхас кодтам, ахъуыды кодтам ӕмӕ разыйы хатдзӕгмӕ ӕрцыдыстӕм.

— Дӕхӕдӕг ма спортивон ерысты куы архайдтай, уӕд цы бахъуыды кодтай, Хицауады ‘рдыгӕй цавӕр цӕстдард уыд спортсментӕм?

— Ӕз хорз хъуыды кӕнын, нӕхи бӕрнон ерыстӕм цӕттӕгӕнгӕйӕ-иу нӕ уӕды министр Челӕхсаты Рустем куыд бабӕрӕг кодта, куыд нӕм-иу фӕкаст ӕхцайы фӕрӕзтӕй, ныфсытӕ нын-иу куыд ӕвӕрдта. Ӕнӕмӕнг, хицауы ‘рдыгӕй ахӕм цӕстдард у пайдайы хос, ӕмӕ ӕз дӕр уыцы зондыл хӕст уыдзынӕн.

— Ныридӕгӕн дын бӕлвырдгонд сты, дӕ куысты цӕмӕй райдайдзынӕ, уыцы фарстытӕ?

— Ме ‘мкусджытимӕ мах ныртӕккӕ уыцы фарстытыл иумӕ хъуыды кӕнӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ размӕ чи куыста, уыдоны хорз фӕндтӕ ферох кӕнынмӕ нӕ хъавӕм, фӕлӕ цыдӕр ивддзинӕдтӕ бахӕссын дӕр бахъӕудзӕн нӕ куыстмӕ. Уыдӕттыл мах лӕмбынӕг ӕрдзурдзыстӕм ме ‘мкусджытимӕ.

— Ды дӕхӕдӕг грекъаг-ромаг хъӕбысхӕстӕй сдӕ Олимпаг чемпион. Ныр уыцы хъӕбысхӕстмӕ хуыздӕр цӕстӕнгас цӕмӕй уа, ууыл нӕ бацархайдзынӕ?

— Спорты хуызтӕй алкӕцыдӕр у сӕйрагдӕрыл нымад ӕмӕ сӕ хъулонгӕнӕн нӕй. Ӕнӕмӕнг, ис ахӕм спорты хуызтӕ, кӕцыты нӕ фӕсивӕд схызтысты дунейы стырдӕр бӕрзӕндтӕм ӕмӕ уымӕй Ирыстонӕн ӕмӕ нӕ бӕстӕйӕн скодтой стыр кад. Уыдонӕй иу у грекъаг-ромаг хъӕбысхӕст дӕр, ӕмӕ йӕм хъуамӕ уа, иннӕ спорты хуызтау, ӕмбӕлгӕ цӕстӕнгас. Ацы фарсты искӕцыйы хъулон кӕнӕн нӕй. Спортсментӕ иууылдӕр хъуамӕ хатой мах ӕххуыс.

— Парламенты цы рӕстӕг кусыс, уый дын цӕмӕй феххуыс?

— Фыццаджыдӕр уымӕй, ӕмӕ мӕ юридикон ӕмӕ цардзоныны ӕвӕрӕнтӕ бӕлвырд фӕхъӕздыгдӕр сты. Парламенты куыст адӕймагӕн дӕтты адӕмы цард, адӕмы уавӕртӕ, сӕ домӕнтӕ хуыздӕр базонынӕн. Уым зӕрдиагӕй куы кусай, уӕд дзы зонындзинӕдтӕ райсӕн ис. Депутаты хӕс та у адӕммӕ хӕстӕгдӕр уӕвын, сӕ царды цы лыггӕнинаг фарстытӕ ис, уыдоны сын ӕххуыс кӕнын. Ӕнӕмӕнг, Парламенты куыстӕй ӕз райстон бирӕ зонындзинӕдтӕ, ӕмӕ мӕ уыдон мӕ ног куысты дӕр кӕй бахъӕудзысты, ууыл дызӕрдыг нӕ кӕнын.

— Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕ ног бынаты дӕ размӕ уыдзӕн бирӕ хӕстӕ. Уыдонӕй фыццагдӕр саразинагыл цы нымайыс?

— Хӕстӕ, дӕ загъдау, иу ӕмӕ дыууӕ не сты. Сӕ сӕйрагдӕртӕй иуыл нымайын нӕ курдиатджын ӕмӕ суинаг спортсментӕн ам ахӕм уавӕртӕ саразын, цӕмӕй нӕ республикӕйӕ ӕндӕр рӕттӕм мауал лидзой. Уый нӕ къухы куы бафта, уӕд нӕ иумӕйаг уӕлахизтӕ спорты къорд хуызы зынгӕ фӕфылдӕр уыдзысты. Мӕ иннӕ нысан та у сывӕллӕтты физкультурӕ ӕмӕ спортмӕ ноджы тынгдӕр разӕнгард кӕнынӕн ӕппӕт уавӕртӕ дӕр саразын. Цӕмӕй алы сывӕллонӕн дӕр йӕ зӕрдӕмӕ цы спорты хуыз цӕуы, уымӕй йӕхи цӕттӕ кӕнынӕн ӕппӕт гӕнӕнтӕ дӕр уа. Цы йӕ сусӕг кӕнӕм, алы ныййарджытӕн сӕ фадат нӕ амоны сывӕллонӕн уавӕртӕ саразын, ӕмӕ ацы ран агурын хъӕуы ӕндӕр гӕнӕнтӕ.

Ӕмбарын ӕй, ахӕм фарстытӕ ӕвиппайды нӕ алыг кӕндзыстӕм, фӕлӕ мӕ ныфс ис, нӕ республикӕйы Хицауады ӕххуысӕй, куыд фӕстӕмӕ, нӕ къухы фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй ӕфтдзӕн, уымӕй. Мӕ зӕрды ис нӕ республикӕйы алыхуызон спорты хуызты федерацитимӕ ӕнгомдӕрӕй кусын. Цӕмӕй алы спортивон ӕхсӕнад кӕнӕ клубы дӕр спортивон цӕттӕдзинадыл ахуыртӕй уӕлдай цӕуа хъомыладон куыст дӕр.

Иу ныхасӕй нӕ размӕ ис бирӕ стыр ӕмӕ хъӕугӕ хӕстӕ ӕмӕ нӕ министрад уыдоныл цӕмӕй ӕнтыстджынӕй куса, ууыл уыдзӕн нӕ сӕйраг хъуыды.

— Хорз фӕндтӕ дӕм ис, Алан, ӕмӕ уын иумӕ сӕ сӕххӕст кӕнын бантысӕд!

— Ацы хъуыддаджы журналисттӕ дӕр сты не ‘ххуысгӕнджытӕ ӕмӕ сымахӕн дӕр стыр бузныг!

Баскаты Уырызмӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here