«Ӕз лӕг дӕн, ӕз ирон дӕн»

0
574

«Ӕз лӕг дӕн. Ӕз ирон дӕн. Цы хъӕуы,  уый мын кӕнут, ӕз алцӕмӕн дӕр бабыхсдзынӕн». Ацы ныхӕстӕ Тетаты Азӕмӕт загъта фынддӕс азы размӕ, теракты фӕстӕ йӕ Мӕскуыйы 9-ӕм Сывӕллӕтты клиникон рынчындоны куы дзӕбӕх кодтой, уӕд. Уыдон дисы бафтыдтой канд дохтыртӕ ӕмӕ журналистты нӕ, фӕлӕ ма телеуынынадмӕ милуангай кӕсджыты дӕр. Сюжет ӕвдыст ӕрцыд Уӕрӕсейы сӕйраг телеканалтӕй.

— Дӕсаздзыд лӕппуйы хъӕдгӕмттӕ абарӕн ис, ӕфсӕддон лӕг хӕсты быдыры цы цӕфтӕ райстаид, уыдонимӕ, — дзырдта уыцы бонты рынчындоны сӕйраг дохтыр Петр Продеус. — Йӕ медицинон гӕххӕттыты фыст ис: «Комбинированная травма. Огнестрельное осколочное ранение живота, многочисленные осколочные ранения левого бедра. Ожог пяти процентов тела».

Цалдӕр боны Азӕмӕт уыдис цардӕй мӕлӕты ‘хсӕн, фӕлӕ нӕртон хъайтарау хъӕддых лӕууыдис мӕлӕтдзаг тохы: «ӕз лӕг дӕн. Ӕз ирон дӕн…».

… Фыццӕгӕм сентябры скъоламӕ Азӕмӕты акодта йӕ мады мад Татьянӕ. Уый Беслӕны фыццӕгӕм скъолайы дыууиссӕдз азы фӕкуыста ахуыргӕнӕгӕй. Йӕ куыст ныууагъта, фӕлӕ Азӕмӕтимӕ куыд нӕ ацыдаид йӕ уарзон ӕмкусджытӕ ӕмӕ йӕ кӕддӕры ахуырдзауты фенынмӕ?

Скъолайы кӕрты Азӕмӕт азгъордта йе ‘мкъласонтӕм, Татьянӕ та йӕхи байста скъолайы раздӕры директор Сӕбанты Тӕрхъанмӕ. Йӕ фарсмӕ бадтис Гуытъиаты Зауырбег. Уый дӕр бирӕ азты фӕкуыста ацы скъолайы историйы ахуыргӕнӕгӕй. Сывӕллӕттӕ ӕмӕ сӕ ныййарджытӕ ӕмбырдӕй лӕууыдысты. Скъолайы тыргъӕй ӕрхызтис директор Цалиты Лидӕ. Уыцы тӕккӕ сахат кӕрты дуарӕй ӕрбахызтысты ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ райхъуыст гӕрӕхтӕ.

— Уыдон та цы митӕ сты?! — мӕсты хъӕр фӕкодта директор, ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ аныгъуылдысты автоматты къӕр-къӕры.

Спортзалы Татьянӕ Азӕмӕты нал ардта. Ахуырдзауы хуызӕн йӕ къух сдардта ӕмӕ загъта террористӕн: «Мӕ сывӕллоны ма мын ссарут». «Йӕ ном, йӕ мыггаг?» — афарста нӕлгоймаг. Ӕмӕ йӕм иуцасдӕры фӕстӕ Азӕмӕты ӕрбакодта.

Ӕртыккаг бон, срӕмыгъды фӕстӕ, Татьянӕ цыма фынӕй ацис. «Амӕй ницыуал рауайдзӕн», — дзырдта, йӕ уӕлхъус чи лӕууыд, уыцы дохтыртӕй иу иннӕмӕн. Сылгоймаг бамбӕрста, рынчындоны кӕй ис, уый. Афӕрсынмӕ ма сӕ хъавыд, мӕ лӕппу цы фӕцис, зӕгъгӕ, фӕлӕ та ницыуал бамбӕрста.

Уыцы рӕстӕг Азӕмӕты мад Валентинӕ агуырдта Дзӕуджыхъӕуы рынчындӕтты йӕ мад ӕмӕ йӕ лӕппуйы. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй Азӕмӕты ахастой, мӕрдтӕ кӕм уыдысты, уырдӕм. Уым ӕм иу афон фӕкомкоммӕ ӕфснайӕг. «Ацы сывӕллон цыма базмӕлыд», — сдзырдта йӕхинымӕр ӕмӕ фӕфӕдис дохтыртӕм. Азӕмӕты аскъӕфтой палатӕмӕ. Дыккаг бон ӕй уӕззау цӕфтимӕ ныххӕццӕ кодтой Мӕскуымӕ. Ирон дохтыр Кцойты Руслан (уый дӕр куыста 9-ӕм Сывӕллӕтты клиникон рынчындоны), ӕхсӕв-бон нӕ хынцгӕйӕ, лӕггад кодта беслӕйнаг сывӕллӕттӕн. Азӕмӕты цӕмӕндӕр хъулон уарзт бакодта. «Гайлаг родӕй бӕрӕг у», — дзырдтой нӕ фыдӕлтӕ. Ӕвӕццӕгӕн, ацы гыццыл лӕппуйы дохтыр банкъардта ӕцӕг лӕджы, ӕцӕг хъайтары миниуджытӕ. Сӕ бастдзинад афтӕ тыхджын уыдис, ӕмӕ Азӕмӕты мады хомӕ афтӕ каст: дохтыр канд хостӕй нӕ дзӕбӕх кӕны сывӕллоны, фӕлӕ йын дӕтты йӕ уды хъармдзинад. «Мӕн мӕ къахыл слӕууын кодта Руслан», — арӕх фӕзӕгъы Азӕмӕт. Уӕвгӕ, йӕ къахыл дӕр ӕрӕгмӕ слӕууыд. Цалдӕр мӕйы рынчындоны тыргъты ӕмӕ кӕрты цыдис коляскӕйы.

«Куыд дӕм кӕсы, искуы ма футболӕй хъазын мӕ бон суыдзӕн?», — фарста Азӕмӕт йӕ дохтыры. «ӕнӕмӕнг», — зӕрдӕ йын ӕвӕрдта уый.

Фыццӕгӕм октябры Азӕмӕтӕн райгуырдис чысыл ӕфсымӕр. «ӕз ыл ӕвӕрын мӕ дохтыры ном — Руслан», — загъта Азӕмӕт. Ацы аз Русланыл сӕххӕст уыдзӕн фынддӕс азы. Кцойы-фырт та, ӕвӕццӕгӕн, ӕгӕр бирӕ зӕрдӕйы тыхтӕ радта уыцы бонты беслӕйнаг сахъат сывӕллӕттӕн — уӕззау низӕй ӕрсад ӕмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ цардӕй ахицӕн.

Азӕмӕт сдзӕбӕх. Канд футболӕй нӕ хъазыд, фӕлӕ ма хӕцыд хъӕбысӕй дӕр. Скъола каст куы фӕцис, уӕд йе ‘мгӕрттимӕ бацыд ӕфсӕддон комиссарадмӕ ӕмӕ загъта: «ӕз дӕр хъуамӕ мӕ хӕс сӕххӕст кӕнон Фыдыбӕстӕйы раз». Медицинон къамисы уӕнгтӕ бирӕ фӕкастысты, сӕ разы цы бӕрзонд, бӕзӕрхыгтӕ, хъаруджын лӕппу лӕууыд, уымӕ, уый фӕстӕ та — йӕ медицинон гӕххӕттытӕм. «Дӕу хуызӕттӕ фылдӕр куы уаид, бӕргӕ, фӕлӕ дын уыцы цӕфтимӕ службӕ кӕнӕн нӕй», — уыдис сӕ дзуапп.

Ӕмӕ та Азӕмӕт йӕхицӕн загъта: «ӕз лӕг дӕн. Ӕз ирон дӕн». Ӕмӕ йын йӕ рагфыдӕлтӕ цыма йӕ хъаруйыл хъару ӕфтыдтой, уыйау бонӕй-бонмӕ йӕ тыхыл тых ӕфтыд. Нӕ дзурдзыстӕм, цас зындзинӕдты сӕрты ахызт, фӕлӕ цӕмӕ бӕллыд, уый йӕ къухы бафтыд! Юристы диплом райсыны фӕстӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ баслужбӕ кодта афӕдз Мидхъуыддӕгты ӕфсӕдты.

Ныртӕккӕ йӕ размӕ сӕвӕрдта ног нысан: «Росгварди»-йы службӕ кӕнын. Уымӕн ӕмӕ йе стырдӕр хӕсыл нымайы, Беслӕны хуызӕн бӕллӕх куыд никуыуал ӕрцӕуа, ӕмӕ нӕ бӕстӕйы адӕм фыдбылызӕй хызт куыд уой, уый.

Баскаты Эльзӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here