Рӕзгӕ фӕлтӕрты хъомылады фарстытӕ

0
193

Знон Дзӕуджыхъӕуы Тӕбӕхсӕуты Балойы номыл Ирон академион театры уыд ахуырады кусджыты ӕрвылазон августы ӕмбырд. Архайдтой дзы ӕхсӕнадон организациты минӕвӕрттӕ дӕр. Ӕрныхас кодтой сӕ ивгъуыды бӕрӕггӕнӕнтыл ӕмӕ фидӕны нысантыл.

Рӕзгӕ  фӕлтӕры раст хъомылады хъуыддаджы куыд егъау ӕмӕ бӕрнон у ахуыргӕнӕджы ахадындзинад, уымӕй райдыдта йӕ ныхас РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав. Арфӕйы ныхӕстимӕ фехъусын кодта, нӕ къухы цы ӕнтыстдзинӕдтӕ бафтыд, ахуыры хӕрзхъӕддзинад фӕхуыздӕр кӕныны фӕдыл цы бирӕ хъуыддӕгтӕ конд цӕуы, уыдоны тыххӕй. Арӕзт цӕуынц ног скъолатӕ, рӕвдауӕндӕттӕ, ӕнӕмӕнг, хӕстӕгдӕр дыууӕ азы бындуронӕй цалцӕггонд ӕрцӕудзысты зӕронд бӕстыхӕйттӕ. Реконструкцигонд цӕудзысты спортивон залтӕ, ифтонг ӕрцӕудзысты хъӕугӕ спортивон дзаумӕттӕй. Стыр ӕргом аздахдзыстӕм уӕлӕмхасӕн ахуырадмӕ дӕр. Ӕппӕт фарстыты дӕр республикӕйӕн алывӕрсыг ӕххуыс кӕны Уӕрӕсейы Федерацийы Хицауад.

— Педагогон кусджытӕн мызд фидыны системӕ баивын, — ахӕм хӕс ӕвӕрд ис республикӕйы Хицауады цур. Бахъӕудзӕн уӕлӕмхасӕн фӕрӕзтӕ, бюджетмӕ ӕфтиӕгтӕ, ӕмӕ архайдзыстӕм, — загъта Битарты Вячеслав.

Ивддзинӕдтӕ хаст ӕрцыд конкурс «Афӕдзы ахуыргӕнӕг»-мӕ. Ахуыргӕнджытӕй хуыздӕр ӕнтыстдзинӕдтӕ чи равдиса ӕмӕ фыццаг бынат чи бацахса, уымӕн лӕвар дӕтдзысты фатер, дыккаг бынатӕн — 500 мин сомы, ӕртыккаг бынатӕн — 300 мин сомы. Уыдзӕн ма дзы ӕндӕр номинацитӕ дӕр.

Ӕмбырды архайджытӕн арфӕйы ныхӕстӕ загъта РЦИ-Аланийы Парламенты Сӕрдар Алексей Мачнев.

— Егъау санчъехтӕ акодта ахуырады къабаз, фӕлӕ лыггӕнинаг фарстытӕ дӕр ис. Зӕгъӕм, скъолаты нӕ фаг кӕны ахуыргӕнджытӕ. Афтӕмӕй нӕм ис университет ӕмӕ педагогон институт. Кӕцыдӕр скъолаты радмӕ гӕсгӕ ахуыр кӕнынц, иннӕты та ахуырдзаутӕ нӕ фаг кӕны, — загъта Алексей Мачнев. Уый фӕнысан кодта, фидӕн аз нымад кӕй уыдзӕн Уӕлахизы азыл, ӕмӕ фылдӕр ӕргом аздахын хъӕуы патриотон хъомыладмӕ.

Цӕгат Ирыстоны национ проект «Ахуырад»-ы фӕлгӕты цы ивддзинӕдтӕ ӕрцӕудзӕн, ахуыры хӕрзхъӕддзинад фӕхуыздӕр кӕныны фӕдыл цы хъуыддӕгтӕ конд ӕрцыд, курдиатджын фӕсивӕды рӕзтӕн ӕмбӕлгӕ уавӕртӕ аразын ӕмӕ ӕндӕр ахсджиаг хъуыддӕгтыл бӕстон радзырдта РЦИ-Аланийы ахуырад ӕмӕ наукӕйы министр Людмилӕ Башарина.

Гугкаты Жаннӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here