Уыцы бонтӕн ферохгӕнӕн нӕй

0
896

2004 азы 1 сентябры Беслӕны 1-ӕм скъолайы Зонындзинӕдты бон цы фыццаг дзӕнгӕрӕг ныццагъта, уый сси ӕгас дунейы фӕдисы дзӕнгӕрӕг, фыдохы дзӕнгӕрӕг. Ӕвзаг зӕгъын кӕй нӕ комы, зӕрдӕ цӕмӕй ныккӕрзы, ахӕм ӕвирхъау бӕллӕхы бахауд Ирыстон.

Беслӕны 1-ӕм скъолайы ахуырдзауты, семӕ чи ӕрбацыд, уыдоны, стӕй  сӕ ахуыргӕнджыты террористтӕ райстой амынӕты.

Урокмӕ сидӕг дзӕнгӕрӕджы бӕсты скъолайы кӕртӕй райхъуыст автоматты къӕр-къӕр. Гамхудджын балбирӕгътӕ нӕ бацауӕрстой ӕнаххос адӕмыл, уыимӕ, чысыл сывӕллӕттыл дӕр. Ӕртӕ боны сӕ зындоны фӕдардтой, стӕй, сӕ къухы хӕцӕнгарзӕй цыдӕриддӕр уыд, уыдонӕй сӕ ӕхсын райдыдтой. Фӕмард ӕмӕ фӕцӕфтӕ сты сӕдӕгай адӕймӕгтӕ. Ахӕм фыдохы ми стыр маст бауагъта ӕрмӕст Ирыстон ӕмӕ Стыр Уӕрӕсейы нӕ, фӕлӕ ӕппӕт дунейы рӕстаг адӕмты.

Ирыстоны сабитӕ, дойныйӕ мӕлгӕйӕ, сӕ удтӕ нывондӕн ӕрхастой, цӕмӕй ӕппӕт дуне бамбара, хӕцӕнгарз ӕмӕ рӕмудзӕн ӕрмӕг зӕххӕй сафинаг кӕй сты. Сӕ къухтӕм сӕ чи райсы адӕмы марынмӕ, уыдон та рӕстуд адӕмы фыдӕхӕй ӕнустӕм хъодыгонд ӕрцӕуӕнт! Арв ӕмӕ Иры хӕхтӕ  нӕ Иры хъыг абон дӕр нӕ фӕразынц хӕссын.

Рӕстӕг, дам, хъӕнтӕ дзӕбӕхгӕнӕг у. Чи зоны, афтӕ дӕр у, фӕлӕ ацы ӕбуалгъы  фыдбылызӕн нӕй никуы ӕмӕ ницавӕр дуджы ферохгӕнӕн, нӕй ферохгӕнӕн, террористон фыдракӕнды зындоны арты чи бацарӕфтыд, уыцы 334 зынгхуыст адӕймагӕн, уӕлдайдӕр, се ‘хсӕн цы  186  сабийы уыди, уыдонӕн. Иннӕтӕ — ахуыргӕнджытӕ, ныййарджытӕ, хотӕ, ӕфсымӕртӕ. Нӕй рохгӕнӕн «Альфа» ӕмӕ «Вымпел»-ы 12 ирвӕзынгӕнӕг сагсур лӕппуйӕн, ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты министрад ӕмӕ барадхъахъхъӕнӕг оргӕнты службӕгӕнджытӕй чи фӕмард, уыцы хъӕбатырты  рухс нӕмттӕн.

Дунейы рӕстаг адӕм Ирыстоны зынгхуыст сывӕллӕтты додоймӕ нызмӕлыдысты, нынкъуысыдысты. Фӕсарӕйнаг паддзахӕдтӕй Италийӕ раздӕр гуманитарон ӕххуыс ничи ӕрбарвыста. Цыртдзӕвӕн дӕр Беслӕны теракты фӕмардуӕвджыты номыл фыццагдӕр ацы  паддзахады зӕххыл ӕвӕрд ӕрцыд. Нӕ зынгхуыст сывӕллӕтты саударӕн манифестацийы Италийы сӕйраг горӕт Римы уынгтӕм рацыд 200 минӕй фылдӕр адӕм, сӕ къухты — транспаранттӕ: «ӕнаккаг, цъаммар террористтӕн нӕ бантысдзӕн амарын нӕ фидӕн!»

Ацы стыр бӕллӕхы амӕттӕгты  мысынӕн Италийы фӕстӕ Мӕскуыйы, Бетъырбухы, Дзӕуджыхъӕуы, Цхинвалы, Беслӕны ӕмӕ Уӕрӕсейы горӕтты ӕвӕрд ӕрцыд цыртдзӕвӕнтӕ, стелӕтӕ.

Нӕ рӕстӕг у тызмӕг, змӕст, ӕмтъеры. Куы иу, куы иннӕ ран фыдгӕнджытӕ, террористтӕ дзыллӕты цъысыммӕ батӕрынц. Фыдбӕллӕхӕй тас кӕмӕн нӕу, зӕххыл иу бӕстӕ дӕр ахӕм нал баззад. Фӕлӕ  Беслӕныл цы  туджы зӕй ракалд, уый ӕппӕт  дунейы фыдбӕллӕх у, ӕмӕ уӕззау  хъуыдытыл бафтыдта милуангай адӕмты.

Абхазы адӕмон поэт, Хетӕгкаты Къостайы «Ирон фӕндыр» абхазаг ӕвзагмӕ ратӕлмацгӕнӕг Генадий Аламиайы зӕрдӕ ныккӕрзыдта Иры сабиты рыстӕй:

“Иры зӕххы дадзинты,

Фыдӕх кӕй срӕмыгъта, уыдоны

Бацахсти сабиты туг…

Сабиты цӕсты цы хурты-хур ахуыссыд —

Уыцы табуйаг Иры зӕххыл райгуырдзӕн

Минтӕ цӕрӕццаг сӕрӕнгуырдтӕ!”

Фудзимори Итиро, япойнаг газет «Хиккайдо симбун»-ы уацхӕссӕг, фыста: «Трагедийы бон ӕз Ирыстоны нӕ сӕмбӕлдтӕн. Фӕлӕ ме ‘мзӕххонтӕ, Японы цӕрӕг адӕм, Беслӕны фыдохы цаутӕм телевизормӕ кӕсгӕйӕ, куыдтой стырӕй-чысылӕй. Бандиттӕ фыццӕгӕм скъола куы бацахстой, уӕд нӕ адӕм куывтой Дунесфӕлдисӕгмӕ, цӕмӕй баххуыс кӕна сывӕллӕттӕн. Ӕртӕ суткӕйы дӕргъы Японы хуыссӕджы хъӕстӕ ничи фӕци, зӕгъгӕ, куы зӕгъон, уӕд нӕ фӕрӕдидзынӕн».

Уыцы ӕбуалгъ рӕстӕджы нын йӕ фарны дзырдӕй нӕ рыст зӕрдӕты стыр ныфс бауагъта Джыккайты  Шамил:

“Нӕ тӕрсӕм нӕ адӕмӕн бынсӕфтӕй,

Нӕ уыдзӕн Ир фыдвӕд ӕмӕ ӕвӕд.

Знӕгты фыдӕнӕн Ирыстон зымӕг дӕр дидин калдзӕн,

Уыраугӕ хъуысдзӕн дунетыл нӕ зард.

Хурты-хур нӕ йӕ зӕрин тынтӕй тавдзӕн,

Нӕ хуымты суадздзӕн фарны хор ӕвзар!”

Гуылӕрты Барис

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here