Боныхъӕд сентябры

0
472

Нӕ республикӕйы зӕххыл фӕззӕджы боныхъӕд райдайы сентябры мӕйы ӕртыккаг ӕмбисы, гъе уымӕ гӕсгӕ, ацы мӕйы фылдӕр хай нымад у сӕрды дарддӕрдзуйыл.

Фылдӕр хатт уӕлдӕфы рӕстӕмбис температурӕ сентябры вӕййы 15-18 градусы хъарм. Ацы аз ӕхсӕвы уӕлдӕфы рӕстӕмбис температурӕ уыдзӕн 8-5 градусы хъарм, мӕйы кӕрон — 4-6 градусы. Боныгон-иу уӕлдӕфы температурӕ схиздзӕн 18-25 градусы онг, Цӕгат Африкӕйӕ хус дымгӕтӕ куы радымынц, уӕд та — 28-32 градусы онг.

Бирӕ азты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, иууыл уазалдӕр сентябр уыд 1997 азы — 12 градусы хъарм, тӕккӕ хъармдӕр сентябр 1994 азы — 19 градусы.

Сентябры хохрӕбынты рауары 68-75 миллиметры, республикӕйы быдираг районты — 35 миллиметры. Уыдзӕн тӕрккъӕвдатӕ.

Светланӕ Сухова,

инженер-синоптик

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here