Адӕмы архайд террористон фыдбӕллӕхы рӕстӕг

0
221

Террористон тӕссагдзинады тыххӕй хабар фехъусгӕйӕ, цавӕр мадзӕлттӕй хъӕуы пайда кӕнын:

ӕвӕстиатӕй бадзурын хъӕуы радхӕссӕг службӕтӕм (номыртӕ «112», «02», «102» кӕнӕ 8 (867-2) 53-41-84, 59-73-11) ӕмӕ фехъусын кӕнын:

террористон фыдбӕллӕх конд кӕй ӕрцыд, адӕмы ӕрхъулайы кӕй райстой, уый тыххӕй;

Уӕрӕсейы Федерацийы ныхмӕ гӕрзифтонг ӕрбабырсты кӕнӕ ӕндӕр быцӕутӕкъахӕн тӕссагдзинӕдты тыххӕй;

транспорты, бастдзинады ӕмӕ информатизацийы, цардхъомысады, промышленнон объектты, кусӕндӕтты, цӕрӕн хӕдзӕртты ӕмӕ ӕхсӕнадон бынӕтты диверсион ӕмӕ террористон бӕллӕхтӕ цӕттӕ кӕныны ӕмӕ бакӕныны тыххӕй;

хиконд рӕмудзӕн ӕрмӕг, йӕ хӕйттӕ кӕнӕ уый хуызӕн гӕрз ссаргӕйӕ, уымӕй дарддӕр ма срӕмыгъдтытӕ кӕй ӕрцыд, уый тыххӕй;

хӕцӕнгарзӕй фехсыны цауты, паддзахадон хицаудзинады, барадхъахъхъӕнӕг оргӕнты, ӕхсӕнадон-политикон организациты, теле-ӕмӕ радиоцентрты кусӕн бынӕттӕм, хӕстон хӕйттӕм бабырстыты тыххӕй;

хицаудзинады оргӕнтӕм, управленитӕм, юридикон организацитӕм ӕмӕ хицӕн адӕймӕгтӕм гуырысхойаг фыстӕджытӕ, биологон ӕмӕ ӕндӕр буаргъӕдты бӕрӕггӕнӕнтӕ цы дзаумӕттӕм, ӕрмӕджытӕм хӕццӕ кӕной, ӕмӕ эпидемиологон низтӕ, уӕлдай тӕссаг инфекцитӕ расайынхъом чи у, ахӕм ӕрмӕджытӕ барвитыны тыххӕй;

адӕм кӕм бацарӕфтыд сты, ахӕм срӕмыгъдтыты, зынгсирвӕзтыты бӕллӕхты тыххӕй.

РЦИ-Аланийы Терроризмы ныхмӕ

архайды къамисы аппарат

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here