… Ӕмӕ та ногӕй ӕрцыд фӕззӕг. Дардмӕ айвӕзтой сӕхи фӕззыгон хъарм, фӕлмӕн хуры тынтӕ ӕмӕ тавынц Иры фӕллад зӕхх, рӕвдауынц ӕй. Фӕлӕ никуыуал бахъарм кӕндзысты, сӕ зӕрдӕтӕ дудгӕ рыстӕй кӕмӕн риссынц, уыцы ныййарджыты зӕрдӕтӕ, никуыуал бахъарм кӕндзысты, тугдзых лӕгсырдты къухтӕй ӕнафоны зӕхх сӕ авдӕн кӕмӕн фӕци, уыцы ӕнӕтӕригъӕд сабиты… Никуыуал сӕ барӕвдаудзысты сӕ ныййарджыты къухтӕ…
Беслӕны фынддӕс азы размӕ цард йӕ цыдӕй ӕрлӕууыд, фегуыппӕг ӕмӕ афтӕ ахаста 54 сахаты. Фӕлӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ кӕмӕндӕр сӕ цард ӕнустӕм уыцы ӕгуыппӕгӕй баззад, кӕмӕндӕр бынтон аивта ӕмӕ, раздӕр куыд уыд, афтӕ ныр никуыуал уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ цард фӕци дыууӕ дихы — уымӕй размӕ ӕмӕ уый фӕстӕ… 1 сентябры Зонындзинӕдты дунемӕ сидӕг дзӕнгӕрӕг Беслӕны фыццӕгӕм скъолайы ахуырдзаутӕй бирӕтӕн ссис фӕстаг ӕмӕ сӕм фӕсидт се ‘нусон дунемӕ…
2004 азы 1 сентябры Беслӕны фыццӕгӕм скъолайы ӕрцыд, уымӕй размӕ чи никуыма уыд, истори кӕй нӕма зыдта, ахӕм ӕвирхъау фыдбӕллӕх — Зонындзинӕдты дунеон бон бӕрӕг кӕныны рӕстӕг террористты къорд ӕрбабырстой скъоламӕ ӕмӕ амынӕты райстой скъоладзауты, сӕ ахуыргӕнджыты, сӕ ныййарджыты — ӕдӕппӕт 1127 адӕймаджы ӕмӕ сӕ ӕртӕ боны ӕнӕ донӕй, ӕнӕ хӕринагӕй ӕмӕ ӕнӕ хостӕй фӕдардтой скъолайы спортивон залы. Хъизӕмайраг ӕртӕ боны… Ӕмӕ афтӕ каст, цыма уыцы бонтӕн кӕрон дӕр нӕй, цалынмӕ спортивон залӕй нӕ райхъуыст фыццаг срӕмыгъд, стӕй та дыккаг…
2004 азы 1-3 сентябры Беслӕны теракты фӕмард 334 адӕймаджы, уыдонӕй 186 уыдысты сывӕллӕттӕ, ӕдасдзинады федералон службӕйы спецназы 10 ӕфсӕддоны, ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты министрады 3 кусӕджы. 800 адӕймагӕй фылдӕр фесты алыхуызон уӕззау цӕфтӕ, бирӕтӕ дзы сӕ царды кӕронмӕ баззадысты инвалидӕй.
Уыцы сау бонтӕй ныр рацыд 15 азы, фӕлӕ цыма фынддӕс боны йеддӕмӕ нӕ уыдысты, адӕймагмӕ афтӕ кӕсы ныр дӕр, Беслӕны фыццагӕм скъолайы кӕртмӕ бахизгӕйӕ. Нырӕй фӕстӕмӕ афтӕ баззайдзӕн — 1 сентябр Ирыстонӕн Зонындзинӕдты бон никуыуал суыдзӕн, сентябры фыццаг ӕртӕ боны нын ӕнустӕм дӕр баззайдзысты мысӕн бонтӕй. Уымӕн ӕмӕ, 15 азы размӕ Беслӕны цы стыр фыдбӕллӕх ӕрцыд, уымӕн ферохгӕнӕн нӕй. Уымӕ гӕсгӕ ацы хатт ахуыргӕнӕн аз Ирыстоны райдайдзӕн 4 сентябры.
Ӕмӕ ныр фынддӕсӕймаг хатт ӕппӕт Ирыстоны дӕр, Беслӕны райдыдтой саударӕн мысӕн бонтӕ. 1 сентябры райсомы 8 сахатӕй фӕстӕмӕ фыццӕгӕм скъолайы кӕртмӕ райдыдтой цӕуын адӕм. Хӕлд спортивон залмӕ уыдон хастой дидинджытӕ, веноктӕ, хъазӕнтӕ, дон… Скъолайы кӕрты хъуысынц ӕнкъард музыкӕйы зӕлтӕ. Фӕстаг фынддӕс азы дӕргъы алы хатт куыд уыд, афтӕ ныр дӕр, теракты чи фӕмард, уыцы ӕнаххос адӕмы рухс нӕмттӕ ӕрымысынӕн Беслӕнмӕ саударӕн бонты архайынмӕ ӕрцыдысты республикӕйы разамонджытӕ, сӕ сӕргъы Битарты Вячеслав, афтӕмӕй. Саударӕн мадзӕлтты архайдтой политикон партиты, тыхы струтурӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон организациты минӕвӕрттӕ, республикӕйы цӕрджытӕ ӕмӕ, мысӕн бонты архайынмӕ Уӕрӕсейы алы рӕттӕй Ирыстонмӕ цы уазджытӕ ӕрцыд, уыдон.
Саударӕн ӕмбырд райдыдта 9 сахаты ӕмӕ 15 минутыл — уыцы рӕстӕг фынддӕс азы размӕ 1 сентябры райхъуыст автоматты фыццаг къӕр-къӕр… Адӕм кӕрӕдзи фӕдыл рӕнхъгӕйттӕй цӕуын райдыдтой хӕлд спортивон залмӕ, хастой йӕм веноктӕ, ӕвӕрдтой дидинджытӕ, сыгътой мыдадзын цырӕгътӕ. Хӕлд спортивон залы саргъуыдтой сауджынтӕ ӕмӕ Хуыцауы литургияйӕ ссардтой, ӕнаххосӕй чи бацарӕфтыд ӕмӕ ӕнафоны йе ‘нусон дунемӕ чи ацыд, уыдоны рухс нӕмттӕ. Уыдон та — сабитӕ, ныййарджытӕ, ахуыргӕнджытӕ — сыгъд къултыл сын цы къамтӕ ауыгъд ис, уыдонӕй кастысты адӕммӕ, цыма алкӕй дӕр фӕрсгӕ кодтой, цы аххосджын фестӕм, зӕгъгӕ… Чи сын ратдзӕн дзуапп? Кӕй бон у къамӕй ӕдзынӕг кӕсӕг ӕнаххос сабийы цӕстытӕм комкоммӕ бакӕсын ӕмӕ йӕ разы йӕхи аххосджынӕй нӕ банкъарын?
…Адӕмы цыдӕн изӕрмӕ кӕрон нӕ уыд.
х х х
1 сентябры Беслӕны Культурӕйы галуаны та уыд «Беслӕны ныййарджыты» Террористон актты ассоциацийы амӕттӕгты» Цӕгат Ирыстоны ӕхсӕнадон организацийы пресс-конференци. Уырдӕм «Беслӕны ныййарджытӕ» ӕрбахуыдтой, теракты бӕллӕх йӕхиуыл чи бавзӕрста, Уӕрӕсейы уыцы регионтӕн сӕ минӕвӕртты, цӕмӕй цӕлхӕмбырдӕй ӕрныхас кӕной, фӕстаг азты Уӕрӕсейы алы рӕтты цы теракттӕ ӕрцыд, уыдонӕн сӕ аххосӕгтыл ӕмӕ иумӕйагӕй бакусой ахӕм фыдбӕллӕхӕй бахъахъхъӕныны ӕмӕ йӕ не ‘руадзыны мадзӕлттыл. Уым уыдысты минӕвӕрттӕ Мӕскуыйӕ, Бетъырбухӕй, Волгодонскӕй, Кӕсӕг-Балхъарӕй, Дагестанӕй.
Пресс-конференцимӕ чи ӕрӕмбырд, уыдонӕн разныхас загъта «Беслӕны ныййарджыты» комитеты сӕрдар Дудиаты Сусаннӕ. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, 2004 азы Беслӕны теракт раргом кодта уӕды хицаудзинады куысты хъӕндзинӕдтӕ ӕмӕ равдыста, нӕ цард нырма сабыр кӕй нӕма у, уый.
— Беслӕны терактӕй цы фынддӕс азы рацыд, уӕдмӕ арӕзт ӕрцыд бирӕ, бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр стӕм, бирӕ базыдтӕм ӕмӕ банкъардтам, лӕгсырдтӕ цы теракттӕ цӕттӕ кодтой, уыдон дӕр тыхы структурӕтӕ бирӕ хатт не ‘руагътой ӕмӕ адӕм ӕрцыдысты хъахъхъӕд. Фӕлӕ фарстытӕ нырма ис, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон ӕнцад ӕрбадын нӕу, — загъта Дудиаты Сусаннӕ.
Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, Беслӕны теракты аххосӕгтӕ нырма бӕлвырдгонд нӕма ӕрцыдысты, хъуыддаг, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕвзӕрст не ‘рцыд. Уымӕ гӕсгӕ «Беслӕны ныййарджыты» комитеты хъаст 2017 азы бахӕццӕ Страсбургмӕ — Адӕймаджы барты фӕдыл европӕйаг тӕрхондонмӕ. Хъуыддаг равзаргӕйӕ, 2019 азы уый цы уынаффӕтӕ рахаста, уыдон, комитеты сӕрдары ныхасмӕ гӕсгӕ, ӕххӕстгонд нӕма цӕуынц, ӕмӕ ууыл ныртӕккӕ архайынц.
Комитеты ӕмсӕрдар Гӕдиаты Анетӕ радзырдта, фӕстаг азы дӕргъы комитет цӕуыл куыста, сӕ къухы цы бафтыд, уый тыххӕй. Куыд загъта, афтӕмӕй сӕ размӕ ӕвӕрд ис ӕртӕ хӕсы — теракты аххосӕгтӕ базонын ӕмӕ хъуыддаг равзарынӕн ӕххуыс кӕнын; теракты чи бацарӕфтыд, адӕмы ирвӕзынгӕнгӕйӕ йӕ цард чи нӕ бавгъау кодта ӕмӕ хъайтарӕй йе ‘нусон дунемӕ чи бацыд, уыдоны нӕмттӕ, стӕй, терактимӕ баст ӕппӕт цаутӕ дӕр рох цӕмӕй макуы уой, ууыл архайын; теракты хъыгдардбаййафӕг адӕмӕн социалон ӕгъдауӕй ӕххуыс кӕнын.
Гӕдиаты Анетӕ куыд загъта, афтӕмӕй, Беслӕны уӕззау цаутӕн сӕ фӕстиуджытӕ аиуварс кӕныны ӕмӕ хъыгдард баййӕфджытӕн ӕххуыс кӕныны тыххӕй ныртӕккӕ Хицауады сӕрмагондӕй адӕймаг нысангонд кӕй ис, уый сын сӕ куысты у стыр ӕххуыс. Уый фӕрцы бирӕ ахсджиаг фарстатӕ алыг кӕнын бафтыд сӕ къухы. Уыдон баст уыдысты теракты бахауӕг сывӕллӕтты ахуырадимӕ, се ‘нӕниздзинадимӕ. Комитеты уӕнгтӕ куыд загътой, афтӕмӕй стыр разы сты Цӕгат Кавказы федералон зылды Уӕрӕсейы Федерацийы Президенты ӕххӕстбарджын минӕвар Александр Матовниковӕй, ацы аз ма хъыгдард баййафджытӕй цы 17 сывӕллоны баззад, уыдонӕн уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕттӕм бацӕуынӕй кӕй баххуыс кодта ӕмӕ сын льготӕтӕ кӕй уыд, уымӕй. Арфӕйы ныхӕстӕ загътой комкоммӕ республикӕйы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг — ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Годжыцаты Тамерланӕн, стӕй республикӕйы Фӕллой ӕмӕ социалон рӕзты министрадӕн, хъыгдард баййафджытӕм се ‘ргом кӕй дарынц, уый тыххӕй.
Уӕлдай ныхасы аккаг у, «Помнить, чтобы жить», зӕгъгӕ, «Беслӕны ныййарджыты» комитет цы проект бацӕттӕ кодта ӕмӕ, Уӕрӕсейы Президенты гранттӕн ӕххуысгӕнӕн фонд кӕй фарс рахӕцыд, уый. Проекты нысан у, 2004 азы 1-3 сентябры Беслӕны бӕллӕхы цаутӕ ферох кӕнын ма бауадзын ӕмӕ теракты амӕттӕгтӕн ӕмӕ, уыдон ирвӕзын кӕнгӕйӕ йӕ цард чи радта, уыцы хъайтартӕн сӕ рухс нӕмттӕ сӕнусон кӕнын, ӕмӕ нӕ дуджы цыфыддӕр знаг — тероризмӕй ӕппӕт дуне дӕр бахъахъхъӕнын. Ацы азы мысӕн бонты саударӕн мадзӕлттӕн ӕндӕр рӕттӕй минӕвӕрттӕ ӕрбахоныны фадат дӕр фӕци уыцы гранты фӕрцы.
«Беслӕны ныййарджыты» комитет йӕ размӕ цы хӕстӕ ӕвӕры, уыдонӕн ныртӕккӕ сӕ ахсджиагдӕрыл нымайы, Беслӕны хӕлд фыццӕгӕм скъолайӕн, йӕ территорийӕн ӕмӕ, уыцы территорийыл цы бӕстыхӕйттӕ ис, уыдонӕн федералон нысаниуӕджы цыртдзӕвӕны ном лӕвӕрд цӕмӕй ӕрцӕуа, ууыл архайын.
Сӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, «теракты амӕттӕгтӕ», зӕгъгӕ, ахӕм статус радтыны фӕдыл закъон куы уаид, уӕд терроризмӕй бахъахъхъӕнынӕн уый уаид стыр ахадгӕ хъуыддаг. Уымӕн ӕмӕ нӕй бахъахъхъӕнӕн ног терактӕй, ӕрцӕугӕ терактӕн йӕ аххосӕгтӕ ӕвзӕрст, аххосджынтӕ та комкоммӕ амынд цалынмӕ не ‘рцӕуой, уӕдмӕ.
«Фӕнды нӕ, цӕмӕй нӕ бӕстӕ ӕцӕгӕйдӕр уа демократон, барадон. Цӕмӕй хъахъхъӕд цӕуа адӕймагӕн йӕ сӕйрагдӕр бартӕй иу — ӕдасдзинады бар. Мах та цыдӕриддӕр аразӕм, уый кӕнӕм теракты чи бацарӕфтыд, уыдонӕн сӕ номыл», — дзырдтой “Беслӕны ныййарджытӕ”.
Канд Беслӕны ныййарджыты нӕ, фӕлӕ не ‘ппӕты хӕс дӕр у ууыл бакусын, цӕмӕй дуне макуы ферох кӕна, чысыл ирыстойнаг горӕт Беслӕны цы стыр ӕмӕ ӕвирхъау фыдбӕллӕх ӕрцыд, уый. Алцыдӕр хъуама саразӕм, ахӕм ӕвирхъау бӕллӕх зӕххы цъарыл цӕмӕй макуыуал ӕрцӕуа, уымӕн.
ДЕДЕГКАТЫ Зӕлинӕ












