Ӕрдзырдтой Хъӕлӕс кӕныны иумӕйаг бонмӕ цӕттӕдзинадыл

0
264

Ацы бонты Цӕгат Ирыстоны кусӕг балцы уыд УФ-йы Президенты цур Граждайнаг ӕхсӕнады райрӕзт ӕмӕ адӕймаджы барты фӕдыл советы уӕнг Александр Брод. Республикӕйы уазӕгимӕ знон фембӕлд РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав.

Фембӕлды архайдта Цӕгат Ирыстоны Центрон ӕвзарӕн къамисы сӕрдар Моргуаты Жаннӕ.

Александр Брод ныхасы райдайӕны республикӕйы Сӕргълӕууӕг ӕмӕ адӕмӕн тӕфӕрфӕс ракодта, Беслӕны фыццӕгӕм скъолайы арӕзт террористон фыдракӕнды амӕттӕгты номарӕн бонтӕ кӕй сты, уый фӕдыл. Уый куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй ныртӕккӕ ӕппӕт хъарутӕй дӕр кусын хъӕуы не ‘хсӕнады иудзинад ӕмӕ ӕнгомдзинадыл, цӕмӕй фидӕны ахӕм фыдбылызтӕн бынат мауал уа.

Уый фӕстӕ фембӕлды архайджытӕ ӕрдзырдтой Хъӕлӕс кӕныны иумӕйаг бонмӕ цӕттӕдзинады фарстытыл. Зындгонд куыд у, афтӕмӕй 2019 азы 8 сентябры алы къӕпхӕны муниципалон ӕвзӕрстытӕ иннӕ регионтимӕ цӕудзысты Цӕгат Ирыстоны дӕр. Республикӕ ӕвзӕрстытӕм куыд цӕттӕ у, уыцы куыстӕн Александр Брод скодта хорз аргъ. Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕппӕт фадӕттӕй дӕр спайда кӕнын хъӕуы, цӕмӕй республикӕйы цӕрджыты ӕвзарӕн бартӕ къахыргонд ма ‘рцӕуой. Александр Брод куыд бафиппайдта, афтӕмӕй хъӕлӕс кӕныны бон республикӕмӕ иннӕ азтау, ӕрвыст ӕрцӕудзысты ӕхсӕнадон организациты минӕвӕрттӕ — уыдон сӕ цӕст дардзысты ӕвзӕрстыты фӕткмӕ.

Хъӕлӕс кӕныны иумӕйаг бонмӕ цӕттӕдзинадыл дзургӕйӕ, Битарты Вячеслав куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй ӕвзӕрстытӕ республикӕйы алкӕддӕр арӕзт ӕрцӕуынц ӕргом уагыл, закъонӕвӕрынады ӕппӕт фӕзилӕнтӕ хынцгӕйӕ.

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй Хъӕлӕс кӕныны иумӕйаг бон алы къӕпхӕны ӕвзӕрстытӕ уыдзысты Дыгуры, ӕрӕфы ӕмӕ Мӕздӕджы районты, стӕй Дзӕуджыхъӕуы.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here