Алагиры районы Мызуры поселочы скъолайы тагъд рӕстӕджы кусын райдайдзӕн нымӕцон ӕмӕ гуманитарон ахуырады центр «Рӕзты тӕлм». Куыд Уӕрӕсейы иннӕ регионты, афтӕ Цӕгат Ирыстоны дӕр ахӕм центртӕ арӕзт цӕуынц фыццаградон национ проект «Ахуырад»-ы фӕлгӕты.
Ног центр байгом кӕнынмӕ куыд цӕттӕ у, уый сбӕлвырд кӕныны нысанимӕ республикӕйы ахуырад ӕмӕ наукӕйы министр Людмилӕ Башарина бабӕрӕг кодта Мызуры поселок. «Рӕзты тӕлм»-ӕн цы бӕстыхай радих кодтой, уый ныридӕгӕн цалцӕггонд ӕрцыд, хӕстӕгдӕр рӕстӕг дзы ӕвӕрын райдайдзысты хъӕугӕ ифтонггӕрзтӕ.
«Мызуры скъолайы ахуырадон процесс алкӕддӕр ӕвӕрд уыд бӕрзонд ӕмвӕзадыл. Нымӕцон ӕмӕ гуманитарон ахуырады центр ацы скъолайы кусын куы райдайа, уӕд бынӕттон сывӕллӕттӕн ноджы фылдӕр фадӕттӕ фӕзындзӕн хӕрзхъӕд зонындзинӕдтӕ райсынӕн. Национ проект «Ахуырад»-ы фӕлгӕты нӕ республикӕйы байгом уыдзӕн ахӕм 17 ног ахуырадон кусӕндоны. «Рӕзты тӕлм»-ы программӕтӕ арӕзт цӕудзысты уӕлӕмхасӕн ахуырады фӕткмӕ гӕсгӕ», — радзырдта министр.
Людмилӕ Башаринайы ныхасмӕ гӕсгӕ, Цӕгат Ирыстоны «Рӕзты тӕлмытӕ» саразынӕн федералон бюджетӕй дихгонд ӕрцыд 26 милуан сомы бӕрц. Уыцы фӕрӕзтӕй балхӕндзысты компьютертӕ, принтертӕ, интерактивон комплекстӕ ӕмӕ ӕндӕр ахуырадон ифтонггӕрзтӕ.
Нымӕцон ӕмӕ гуманитарон ахуырады центртӕ ӕрбынӕттон уыдзысты республикӕйы районты: Ӕрыдон ӕмӕ Дыгуры — фӕйнӕ иуы, Алагиры, Ӕрӕфы, Кировы ӕмӕ Рахизфарсы — фӕйнӕ дыууӕ, Мӕздӕджы — ӕртӕ, Горӕтгӕрон районы та — цыппар.
Гӕлӕуты Наталья














