Ирыстоны судзаг цӕссыгтӕ

0
471

— Мӕ чызг, мӕ сиахс ӕмӕ мӕ гыццыл хӕрӕфырт бабын сты ацы скъолайы,  хъыгзӕрдӕйӕ дзуры ацӕргӕ нӕлгоймаг Саукуыйты Тамерлан.

Уыцы фыдбон хъуамӕ йӕхӕдӕг дӕр сӕмбӕлдаид бӕрӕгбоны, фӕлӕ поликлиникӕйы афӕстиат.

— Дохтыртӕ цыдӕр ратӕх батӕх кодтой, иу ран куыста телевизор ӕмӕ уырдыгӕй фыццаг хатт фехъуыстон теракты тыххӕй. Бӕргӕ ма батагъд кодтон, фӕлӕ…

Тамайты Артур ӕмӕ Ингӕ сӕ авдаздзыд лӕппу Тотрадзимӕ уацары бахаудысты. Фыццаг бон цы нӕлгоймӕгты фехстой, уыдонимӕ уыд Артур дӕр. Ӕртӕ боны бинонтӕ, хионтӕ цы бавзӕрстой, уый диссаг у. Ничиуал сӕ фервӕзти. Уый фӕстӕ Ростовы уыд генетикон экспертизӕ, уымӕн ӕмӕ саусыгъд бакодтой. Фыд йӕхӕдӕг йӕ хъӕбулты чырынтӕ сласта. Сидзӕрӕй баззадысты дыууӕ ӕнахъом лӕппуйы, сӕ фӕлмӕн фыды мад сӕ хъомыл кӕны. Цӕмӕн ӕрцыд ахӕм фыдбӕллӕх? – нӕ йӕм уыдис дзуапп 2004 азы сентябры, нӕй йӕм дзуапп абон дӕр, 15 азы фӕстӕ…

Бырнацты Эльвирӕ уыд цыппар ӕфсымӕры буц хо. Йӕ цардӕмбал Тамерланимӕ хъомыл кодтой  дыууӕ чызджы. Уыцы бон, 1 сентбяры мад ӕмӕ йӕ хистӕр чызг Дианӕ хъӕлдзӕгӕй араст сты скъоламӕ. Цыппӕрӕм къласмӕ бацыд чызг. Спортивон залы дӕр кӕрӕдзийӕ нӕ хицӕн кодтой. Срӕмыгъды рӕстӕг рудзынгмӕ хӕстӕг бӕргӕ уыдысты, фӕлӕ знаджы нӕмыгӕй мад ӕрхаудта, Дианӕйы бон дӕр нал сси рацӕуын.

— Мӕ ходыгъд уыд Эльвирӕ, Хъабанты чындз, йӕ фӕстӕ ма баззад гыццыл чызг, ныр Камиллӕ студенткӕ у, йӕ фыдимӕ дыууӕйӕ цӕрынц. Азтӕ цӕуынц, фӕлӕ зӕрдӕйы рыст нӕ къаддӕр кӕны, — зӕгъы Гаппуаты Ритӕ.

Фынддӕс азы размӕ, ӕвзаг зӕгъын кӕй нӕ комы, ахӕм ӕвирхъау бӕллӕх куы ӕрцыд Ирыстоныл, уӕд бирӕ адӕм лӕггад кодтой хъыгдардбаййафӕг дзыллӕтӕн. Уыдонимӕ уыдысты нӕ урсхалатджынтӕ дӕр.

Охъазты Людмилӕ, Беслӕны поликлиникӕйы терапевтон хайады дохтыр у, фынддӕс азы размӕ цы уыд, уый никуы ферох кӕндзӕн.

— Уӕд хайады дохтыр уыдтӕн. Мӕ зонгӕ Дзебойты Эльзӕ 1-ӕм скъолайы музыкӕйы ахуыргӕнӕг уыд, райсомӕй нӕм ӕрбауад, ӕмӕ нӕ сцыбӕл кодта, диссаджы хъӕлдзӕг ӕмӕ цымыдисаг программӕ бацӕттӕ кодтам ахуыры фыццаг бонмӕ, зӕгъгӕ. Атагъд кодта, уацары бахауд, фӕлӕ сӕрӕгасӕй рацыд. Уавӕр тӕссаг у, уый куы бамбӕрстам, уӕд ме ‘мкусӕг медициной хо Кудушаурова Фатимӕимӕ нӕхёдӕг бацыдыстӕм Тагъд ӕххуысы станцёмӕ, уыдонимӕ ӕхсӕвӕй-бонёй рад хастам. Адӕм тынг тыхст уыдысты, медици­нон ӕххыс бирӕты хъуыд. 3 сентябры иу срӕмыгъд, стӕй та иннӕ; цӕфты скъӕфтам районы рынчындонмӕ, ластам сӕ Дзӕуджыхъӕумӕ. Ифтонг уыдыстӕм ӕппӕт хъӕугӕ хостӕй дӕр, — зӕгъы Людмилӕ.

Беслӕны фыццӕгӕм скъола ницӕмӕй хицӕн кодта иннӕтӕй. Фынддӕс азы размӕ йӕ ном айхъуыст ӕппӕт зӕххы къорийыл. Ирыстон. Беслӕн. 1-ӕм скъола. Абон дӕр зӕрдӕ ныккӕрзы, уымӕн ӕмӕ фесӕфтысты ӕнаххос адӕм. Урокмӕ сидӕг дзӕнгӕрӕг ӕнӕнхъӕлӕджы сси фӕдисы дзӕнгӕрӕг.

Хуызистытӕй нӕм чи кӕсы, уыдон не ‘ппӕтӕн дӕр систы хионты хуызӕн, уымӕн ӕмӕ нӕй ахӕм адӕймаг, уыцы ингӕнты уазал кӕй зӕрдӕйыл нӕ сӕмбӕлд.

Ӕмӕ та ралӕууыд фӕззӕг. Ӕмӕ та Ирыстон судзаг цӕссыгтӕ згъалы. 3 сентябры та 1-ӕм скъолайы кӕрты ӕрӕмбырд тынг бирӕ адӕм, республикӕйы разамынд, ӕхсӕнадон ӕмӕ политикон организациты минӕвӕрттӕ, ди­ны кусджытӕ, журналисттӕ, ахуырдзаутӕ ӕмӕ студенттӕ, республикӕйы уазджытӕ. Сӕдӕгай, мингай адӕймӕгты иу кӕны гыццыл Беслӕны хъысмӕт.

Райсом раджы скъолайы кӕртмӕ ӕрбацыдысты нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, Уӕрӕсейы Федерацийы Президен­ты ӕххӕстбарджын минӕвар Цӕгат Кавказы федералон зылды Александр Матовников, Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министр Сер­гей Чеботарев, ӕндӕр бӕрнон кусджытӕ. Уыдон сӕвӕрдтой дидинджытӕ ӕмӕ мыдадзын цырӕгътӕ, дины кусджытимӕ архайдтой номарӕн ракуывды, тӕфӕрфӕс ракодтой теракты хъыгдардбаййафӕг адӕмӕн.

Ӕртӕ боны адӕм цӕуынц ӕмӕ цӕуынц скъоламӕ, нӕй зӕрдӕйы риссаг хъӕдгӕмттӕн байгас кӕнӕн.

13 сахаты ӕмӕ 5 минуты. Уӕд райхъуыст фыццаг срӕмыгъд. Адӕм ӕдзӕмӕй иу минут алӕууынц, стӕй цъӕх арвмӕ суадзынц 334 урс ша­ры, — уал уды аскъуыд Беслӕны скъолайы.

Фӕстӕдӕр мысӕн мадзӕлттӕ раивынц мемориалон уӕлмӕрдмӕ. Скъолайы кӕртӕй ингӕнты онг хастой, теракты чи фесӕфт, уыдоны къамтӕ. Дидинджытимӕ, веноктимӕ ӕнӕкӕрон халӕй цыдысты ӕмӕ цыдысты адӕм, сӕркъулӕй, ӕнкъардӕй лӕууыдысты ингӕнты цур. Номӕй номмӕ се ‘ппӕты дӕр ранымадтой. Уый фӕстӕ та уӕларвмӕ атындзыдтой урс шартӕ.

Беслӕны уынгты цӕугӕйӕ, фембӕлдыстӕм сывӕллӕтты къордыл. Уыдысты хъӕлдзӕг, хурыл цин кодтой. Ӕмӕ уый ӕхсызгон у, цард размӕ цӕуы ӕмӕ йемӕ фарн, амонд хӕссы.

ГУГКАТЫ Жаннӕ

Къамтӕ систа КЪӔБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here