Зонындзинӕдты бон Хетӕгкаты Къостайы номыл скъолайы

0
308

Сӕрды ӕнтӕф бонтӕ фӕстейы аззадысты. Фӕззӕджы комулӕфт фӕбӕрӕг ис. Бӕлӕсты сыфтӕртӕ, цыма сӕ исчи барӕй хъулон-мулон ахорӕнтӕй сцагъта, афтӕ рӕсугъд зынынц дардмӕ… Хъарм ӕмӕ райдзаст бон. Хуры цӕст фӕлмӕн ӕндӕвд кӕны ӕмӕ мидбыл худы, дидинджыты бастимӕ скъолаты бӕстыхӕйттӕм чи атындзыдта, уыцы цардбӕллон, хуры тынты хуызӕн сабитӕм.

Ӕппӕт Ирыстоны скъолаты дӕр 4 сентябры азӕлыд фыццаг дзӕнгӕрӕг. Уый нысан кӕны, ног ахуыры аз кӕй райдыдта, уый.

Беслӕны ӕвирхъау цаутыл 15 азы рацыд. Фӕлӕ адӕмы рыст нӕ къаддӕр кӕны. Ӕмӕ куыд ис ферохгӕнӕн, зӕххы къори кӕмӕй нынкъуысыд, ахӕм бӕллӕхӕн? Нӕ дзӕбӕх кӕнынц зӕрдӕты хъӕдгӕмттӕ, нӕ сур кӕнынц рустыл цӕссыгтӕ… Уымӕ гӕсгӕ Цӕгат Ирыстоны официалон ӕгъдауӕй Зонындзинӕдты бон хаст ӕрцыд 4 сентябрмӕ.

Знон Дзӕуджыхъӕуы Хетӕгкаты Къостайы номыл 13-ӕм скъолайы кадджын уавӕры сбӕрӕг кодтой Зонындзинӕдты бон. Йӕ кӕртмӕ ӕрбамбырд сты ахуырдзаутӕ сӕ ныййарджытӕ ӕмӕ сӕ ахуыргӕнджытимӕ. Уыдоны ӕхсӕн уыдысты кадджын уазджытӕ: ӕппӕтдунеон ӕхсӕнадон змӕлд “Иры Стыр Ныхас”-ы сӕрдары хӕдивӕг Еналдыты Хъазыбег, УФ-йы сгуыхт ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны адӕмон нывгӕнӕг Дзбойты Михал ӕмӕ нӕ горӕты стыр ныхасы Ирыстойнаг зылды советы сӕрдар Сугъараты Таймураз.

Сывӕллӕттӕн ӕмӕ ныййарджытӕн арфӕ ракодта скъолайы директор, РЦИ-Аланийы сгуыхт ахуыргӕнӕг Сӕлбиты Иринӕ.

— Абон у стыр бӕрӕгбон, уӕлдайдӕр та, не скъоламӕ фыццаг къахдзӕфтӕ чи ӕрбакодта, уыцы сабитӕн. Уый фӕдыл сывӕллӕттӕн дӕр ӕмӕ ныййарджытӕн дӕр зӕрдиаг арфӕ кӕнын. Ирыстоны ахӕм адӕймаг нӕ разындзӕн, ӕмӕ 13-ӕм скъола чи нӕ уарзы. Уымӕн ӕмӕ кадджынӕй хӕссы ирон адӕмы уарзондӕр хъӕбул Хетӕгкаты Къостайы ном. Ацы скъола канд зонындзинӕдтӕ нӕ дӕтты, фӕлӕ ма сывӕллӕтты ахуыр кӕны нӕ ирон ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ традицитыл. Хъуамӕ зоной, цы у ӕфсарм, хистӕртӕн лӕггад кӕной, кӕстӕрӕн та уой ныфс. Ӕмӕ уымӕй мах сӕрыстыр стӕм. Нӕ рауагъдонты ӕхсӕн адӕймаджы цӕсгом чи фӕчъизи кӕна, ахӕмтӕ нӕй. Уыдон кадимӕ фӕллой кӕнынц нӕ бӕстӕйы алы рӕтты, — загъта Сӕлбиты Иринӕ. Стӕй ма йӕ ныхасыл бафтыдта: — Абон махмӕ ӕрбакъахдзӕф кодтой бирӕ сывӕллӕттӕ — фыццӕгӕмкъласонтӕ. Мӕ зӕрдӕ сын, фыццаджыдӕр, зӕгъы ӕнӕниздзинад, сӕ ныййарджыты фӕндиаг куыд уой, ахӕм арфӕ сӕ уӕд!

Ацы аз 13-ӕм скъоламӕ фыццӕгӕм къласмӕ ӕрбацыд 50 ахуырдзауы. Ахӕм гыццыл скъолайӕн уый чысыл нымӕц нӕу. Скъола у ног цалцӕггонд. Ахуыры хъуыддаджы ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыцы фӕрӕзтӕ ӕппӕтӕй дӕр сты фаг.

Республикӕйы Хицауады номӕй ахуырдзаутӕ ӕмӕ сӕ ныййарджытӕн арфӕ ракодта ӕппӕтдунеон ӕхсӕнадон змӕлд “Иры Стыр Ныхас”-ы сӕрдары хӕдивӕг Еналдыты Хъазыбег:

— Абон у диссаджы бон! ӕрымысыдыстӕм Къостайы ном. Тагъд бӕрӕг кӕндзыстӕм йӕ райгуырды 160 азы юбилей. Абон Къоста кӕм райгуырд, уым — Нары хъӕуы бӕрӕг кӕнынц Дзуары бон ӕмӕ бирӕ адӕм уырдӕм ацыдысты. Къоста ӕнусты сӕрты уыдта абоны бон. Ӕмӕ мӕн дӕр фӕнды Къостайы фыст ӕмдзӕвгӕ бакӕсын:

Тӕхуды, йӕ дзыллӕйы раз

Чи ракӕны барджын ныхас,

Кӕй фӕрсынц, кӕй агурынц зондӕй!

Тӕхуды, йӕ уарзондзинад,

Йӕ хорз ном, йӕ фыдӕлты кад

Чи уадзы уӕлӕуыл зӕрондӕй!..

Къостайы ныхӕстӕ уӕларвон фӕуӕнт, ӕмӕ абон цы кӕстӕртӕн арфӕ кӕнӕм, уыдон ахӕм кадджын адӕм суӕнт ӕмӕ сӕ зондӕй дӕр куыд фӕрсой, Ирыстоны фарны къӕбицмӕ стыр бавӕрӕн куыд бахӕссой! Рох сӕ ма уӕд, Ирыстон бирӕнацион республикӕ кӕй у, уый ӕмӕ нӕ сабыр ӕфсымӕрон цард хӕлд куыд никуы ӕрцӕуа, ууыл нӕ кӕстӕртӕ дӕр хъуамӕ архайой.»

Кадджын бӕрӕгбон хистӕркъласонтӕ срӕсугъд кодтой рӕсугъд уӕздан ирон кафтӕй. Фыццӕгӕмкъласонтӕ бакастысты ӕмдзӕвгӕтӕ. Фыццаг дзӕнгӕрӕг раттыны бар лӕвӕрд ӕрцыд фыццагкъласон Гаджиты Валериямӕ ӕмӕ иуӕндӕсӕмкъласон Бестауты Давидмӕ. Фӕндараст ут ахуыры фӕндагыл. Ирыстонӕн уӕ аккаг хъӕбултӕ рауайӕд! Уӕ фидӕн рӕсугъд ӕмӕ амондӕй нывӕфтыд уӕд!

Хъойбайты Галинӕ

Къам систа КЪӔБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here