УФ-йы Хицауад ахадгӕ мадзӕлттӕ аразы Цӕгат Ирыстоны райрӕзтӕн

0
569

Уӕрӕсейы Хицауад ӕмӕ профилон министрадтӕ ӕппӕтвӕрсыг ӕххуыс кӕнынц Цӕгат Ирыстонӕн, республикӕйы дарддӕры райрӕзтӕн ахадгӕ мадзӕлттӕ аразынц. Ахӕм хъуыдыимӕ РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав раныхас кодта УФ-йы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Виталий Муткоимӕ Мӕскуыйы йӕ кусӕг фембӕлды рӕстӕг.

Республикӕйы разамонӕг Виталий Муткойӕн бузныг загъта, РЦИ-Аланимӕ иудадзыг лӕмбынӕг цӕстӕнгас кӕй ис, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, ивгъуыд аз Цӕгат Ирыстонӕн УФ-йы Хицауады фӕстауӕрцы фондӕй рахицӕн кодтой 1 миллиард сомы бӕрц.

— Уыцы ӕхца хардзгонд ӕрцыдысты скъолаты, рӕвдауӕндӕтты, культурӕйы ӕмӕ медицинӕйы кусӕндӕтты цалцӕг ӕмӕ арӕзтадыл. Афтӕ, 170 милуан сомӕй фылдӕр дихгонд ӕрцыдысты хъӕууон медицинон кусӕндӕттӕн. Дӕ аудындзинады фӕрцы афойнадыл ӕххӕстгонд цӕуынц, горӕт Беслӕны рӕзты фӕдыл 2005 азы цы ахсджиаг уынаффӕтӕ хаст ӕрцыд, уыдон, — загъта Битары-фырт.

Республикӕйы разамонӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ, Виталий Муткойы хъӕппӕрисджын архайды фӕрцы къӕпхӕнгай лыггонд цӕуынц беслӕйнӕгты тыхстаг фарстытӕ.

Беслӕны рӕзты фарстытӕм сӕрмагонд ӕргом аздахгӕйӕ, Виталий Мутко куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй бахъуаджы сахат цӕттӕ у Беслӕнмӕ ссӕуынмӕ ӕмӕ лыггӕнинаг фарстытыл бынӕттон цӕрджытимӕ ӕрдзурынмӕ.

Уый фӕстӕ фембӕлды архайджытӕ се ‘ргом аздӕхтой 2018-2025 азты РЦИ-Аланийы социалон-экономикон райрӕзты мадзӕлттӕ ӕххӕст кӕныны хъуыддагмӕ. Зындгонд куыд у, афтӕмӕй уыцы мадзӕлтты пъланмӕ гӕсгӕ, республикӕйы арӕзт ӕрцӕудзысты 50 ахсджиаг социалон объекты. Уыдонӕй уал ныридӕгӕн 6 арӕзт ӕрцыдысты, ацы аз ма сыл бафтдзӕн ноджыдӕр 20 объекты. Уыцы нысанӕн федералон центр радих кодта 8 миллиард сомӕй фылдӕр.

— Хицауады уынаффӕйӕ республикӕйӕн ацы аз радих кӕндзысты ноджыдӕр ма 1,5 миллиард сомы. Уымӕй уӕлдай, дӕ курдиатмӕ гӕсгӕ, республикӕйӕн уӕлӕмхасӕн 7 медицинон кусӕндоны арӕзтадӕн Хицауады фӕстауӕрцы фондӕй дихгонд ӕрцӕудзӕн 179 милуан сомы. Фӕлладуадзӕн комплекс «Мамысон»-ы арӕзтадыл куы дзурӕм, уӕд фарст афтӕ ӕвӕрд цӕуы, цӕмӕй комплексӕн ногӕй лӕвӕрд ӕрцӕуа сӕрмагонд экономикон тӕлмы статус. Уый фӕдыл УФ-йы Хицауады уынаффӕйы проект ныридӕгӕн цӕттӕ у, хӕстӕгдӕр ӕмбырды фидаргонд ӕрцӕудзӕн, — йӕ раныхасы фӕбӕрӕг кодта Виталий Мутко.

Битарты Вячеслав куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй фӕлладуадзӕн комплексы проектон-сметон документацийы паддзахадон экспретизӕ ӕххӕстгонд ӕрцӕудзӕн фидӕн азы февралы онг. Уый фӕстӕ «Мамысон»-ы проекты инвестортӕ бӕлвырд куыстмӕ бавналдзысты.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы

ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here