Мыггаджы, хъӕубӕсты ныфс уыд

0
552

Цард дидинӕгджын лӕгъз быдыр нӕу, бирӕ фӕзилӕнтӕ, цӕлхдуртӕ дзы ис. Уыдоны сӕрты ахизын алкӕй къухы нӕ бафты. Кӕмӕн бантысы, уымӕн йӕ лӕгдзинад мысинагӕй баззайы ӕнустӕм.

Ирон адӕмӕй немыцаг-фашистон ӕфсӕдты ныхмӕ тохы ӕхсар ӕмӕ лӕгдзинад чи равдыста, уыдонимӕ уыдысты кировыхъӕуккаг Мамиаты Бибойы дыууӕ хъӕбулы Естъа ӕмӕ Тотрадз дӕр.

Мамиаты бинонтӕ хохаг зынвадӕтты цард раивтой быдырон дзӕнӕтӕй, фыдӕлты бынӕттӕй сыстадысты сӕ бинонтимӕ ӕмӕ ног цӕрӕн бынатӕн равзӕрстой ӕрыдоны районы Къардиуы хъӕу (абоны Кировыхъӕу).

Тотрадз астӕуккаг скъола каст фӕци 1940 азы иттӕг хорз бӕрӕггӕнӕнтимӕ. Фӕскомцӕдисонты раздзог уыд фӕзминаг ӕрмӕст  ахуыры нӕ, фӕлӕ скъолайы ӕхсӕнадон царды. Активонӕй архайдта спортивон ерысты, скъоладзауты бригады колхозон-быдырон кустыты. Кӕдфӕнды — раззагдӕртимӕ. Бӕргӕ фӕндыд ӕрыгон лӕппуйы йӕ бирӕ фӕндтӕ ӕмӕ бӕллицты базыртыл стӕхын, уӕлдӕр ахуырады уӕндон къахдзӕфтӕ  акӕнын…

Фӕлӕ… Райдыдта тугкалӕн хӕст. Ныррызтысты Ирыстоны хӕхтӕ фыдуацы хабарӕй. Тохы зарӕг ныккодтой ӕппӕт Уӕрӕсейы хӕстхъом адӕм.  «Тотрадз уыцы рӕстӕг йе ‘фсӕддон хӕс ӕххӕст кодта Сырх ӕфсады рӕнхъыты Смоленскы (1941 азы апрелы мӕйӕ)», — йӕ кӕстӕр хо Заретӕйы мысинӕгтӕм гӕсгӕ.

1941 азӕй 1947 азмӕ  фӕцыд цард ӕмӕ мӕлӕты ауӕдзыл хӕсты тӕссаг фӕндӕгтыл. Йӕ ирон лӕджы ном дзы никуы уыд рох. Худинаджы бӕсты — кады мӕлӕт кӕдфӕнды дӕр ӕвзӕрста тохы быдыры. Йӕ зӕрдӕйы арф фӕд ныууагътой йӕ хӕстон фӕндӕгты ӕнӕферохгӕнгӕ тохы уысмтӕ.

Артиллерион училищӕйы райста афицеры цин, стӕй йӕ  арвыстой политрукы уӕлдӕр курсытӕм. Курсыты сахуыры фӕстӕ йӕ хъысмӕт бамидӕг кодта хӕсты цӕхӕры. Тотрадз идеологон ӕгъдауӕй уыд бындурон хъӕддых командир, хӕстонты мидахастыл хорзӕрдӕм аудыдта йӕ политикон, психологон ӕмӕ хъомыладон архайдӕй.  ӕфсӕддон службӕйы иу къӕпхӕнӕй-иннӕмӕ ӕнтыстджынӕй хызт. Курсыты фӕстӕ 1941 азы декабрӕй 1942 азы маймӕ уыд ротӕйы политрук. 1942 азы майӕ  декабрмӕ — батальоны политикон хайады хицауы хӕдивӕг, 1942 азы декабрӕй 1943 азы июны онг — батальоны фӕскомцӕдисонты разамонӕг, полчъы парторг. Йӕ дӕлбар хӕстонтӕн уыд фӕзминаг раздзог. Хӕсты быдыры знагимӕ хъазуатон тохы кӕдфӕндыдӕр бырста сӕ разӕй «За Родину! За Сталина!» хъӕргӕнгӕ. Тотрадз хорзӕхджын ӕрцыд Сырх Тырысайы дыууӕ орденӕй ӕмӕ майдантӕй. Куыд нӕ уыдис ӕнтъыснӕг, зӕрдӕмӕгуыргӕнӕг уысмтӕ тохы быдыры, фӕлӕ та-иу ын стыр ныфсы хос уыдысты йӕ  бинонты ӕмӕ уарзон чызг Хозиты Мартайы фыстӕджытӕ.

Дыууӕ ӕрыгон уды сӕ сусӕг уарзты къуыбылой райхалын бафӕрӕзтой ӕрмӕст хӕсты фыццаг бонты. Кӕд иукъласонтӕ уыдысты, сӕрдыгон  даргъ ӕхсӕвты-иу Тотрадз йӕ фынты уыдта, стъалытимӕ барста йӕ сусӕг уарзон чызджы сурӕт, уӕддӕр ӕфсӕрмдзӕст лӕппу йӕ зӕрдӕйы уаг, йӕ уарзондзинады ӕнкъарӕнтӕ никуы бауӕндыд раргом кӕнын хурӕнгӕс Мартайӕн.

Ӕрмӕст Ленинграды ӕфсӕддон-политикон училищӕйы ахуыр кӕнгӕйӕ, фӕныфсджындӕр ӕмӕ писмо писмойы фӕдыл ӕрвыста хъӕумӕ. Дызӕрдыг кодта, чызг ын дзуапп куы нӕ радта йӕ фыстӕджытӕн, уӕд. Мартайы зӕрдӕйы дӕр сусӕг уарзты арт судзын райдыдта хъӕуы лӕппуты уӕздандӕрмӕ ӕмӕ йын, кӕддӕр-уӕддӕр разыйы дзуапп радта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ сӕ бастдзинад нал аскъуыд.

Афтӕ рауад, ӕмӕ Марта кировыхъӕуккаг чызджытӕ Хозиты Райкӕ ӕмӕ Оля, Къадзаты Женя ӕмӕ Дуня, Челӕхсаты Дуня ӕмӕ Челдыты Варяимӕ ацыд хӕстмӕ.  Чызджытӕй чи бастдзинад арӕзта, чи госпитӕлы ӕххуыс кодта, иннӕтӕ та бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты сӕртӕй хъахъхъӕдтой Бакуйы нефтмӕ лӕбурӕг знаджы хӕдтӕхджытӕй.

Улӕфтӕн-иу цыбыр рӕстӕг куы фӕцис, уӕд-иу дыууӕ уарзон уды иннӕ хӕстонтау фыстӕджытӕ фыссынмӕ фесты. Тотрадзы кӕстӕр чызг Лидия куыд зӕгъы, афтӕмӕй ма цалдӕр азы размӕ дӕр уыцы фыстӕджытӕ хӕдзары уыдысты. Фӕлӕ, хъыгагӕн, ныртӕккӕйы фӕсивӕды цыбыр зонды азарӕй басыгъдысты.

Марта йӕ хӕстон ӕмгӕрттимӕ хъахъхъӕдта Бакуйы горӕт уӕлдӕфон ӕрбабырстӕй, Тотрадз та хӕцӕг ӕфсады рӕнхъыты Брянскы, 1-аг ӕмӕ 3-аг Белорусаг фронт фашистты дӕрӕн кӕнгӕ бырстой размӕ иу горӕт иннӕйы фӕстӕ сӕрибар кӕнгӕ — Берлинмӕ, Уӕлахизмӕ.

Берлины сӕрмӕ Уӕлахизы тырыса куы сфӕйлыдта, уӕддӕр Тотрадз нӕма ныссӕрфта йӕ цырыхъхъыты хӕстон рыгтӕ, фӕлӕ дарддӕр 1947 азмӕ фыста йе ‘фсӕддон хӕс Райгуырӕн бӕстӕйы раз. Снысан ӕй кодтой батальоны парторгӕй, стӕй та — партбюройы секретарӕй. Йӕ командиры тынг фӕндыд, цӕмӕй ахуырмӕ бацыдаид ӕфсӕддон Академимӕ, фӕлӕ Тотрадз не сразы. Равзӕрста граждайнаг царды уаг, фӕндыд ӕй Ирыстонмӕ, райгуырӕн цъитиджын хӕхтӕ, ӕхсӕрдзӕнты сӕр-сӕр ын фыны дӕр ӕнцойад нӕ лӕвӕрдтой, ӕлвӕстой йӕ сӕхимӕ.

Тохвӕллад фӕндӕгты ӕмӕ службӕйы фӕстӕ Тотрадз ссыд йӕ райгуырӕн хъӕубӕстӕм капитанӕй.

Фӕсхӕсты царды домӕнтӕм лыстӕг цӕстӕй кӕсын, хӕлд хадзарад йӕ къахыл слӕууын кӕнын хъуыд ӕмӕ ирон адӕм дысфӕлдӕхтӕй бавнӕлдтой ног цард аразынмӕ. Ног цард та хорз бинонты бындурыл лӕууы. Ахӕм бинонтӕ уарзондзинадӕй гуырынц.

Тотрадз ӕмӕ Мартайӕн, ӕвӕццӕгӕн, сӕ амонды зӕдтӕ сӕ сӕрты ӕртӕ зылды ӕркодтой ӕмӕ сӕрӕгасӕй уымӕн сӕмбӕлдысты сӕ быууӕттыл. Марта бацыд уӕлдӕр ахуырмӕ Цӕгат Ирыстоны педагогон институтмӕ (хъыгагӕн ӕй кӕронмӕ нӕ фӕци, сывӕллӕтты раст хъомылад ӕмӕ йӕ цардӕмбалы куыст сӕйрагдӕрыл нымадта. Бирӕ азты дӕргъы фӕкуыста библиотекӕйы). Тотрадз  йӕ ахуыр ахӕццӕ кодта Уӕлдӕр партион скъолайы Мӕскуыйы. Дыууӕ ӕрыгон уды 1948 азы сӕ цард баиу кодтой. Сӕ азфысты сыфтӕ ӕрыгон бинонтӕ иу иннӕйы фӕдыл фӕлдӕхтой ӕмӕ сӕ уарзты бындурыл равзӕрд дыууӕ цыкурайы фӕрдыджы хуызӕн чызджы — Светланӕ, Лидия ӕмӕ бинонты бындар Валерик. Радтой сын раст хъомылад, уӕлдӕр ахуырад, сахуыр сӕ кодтой фӕллой кӕныныл. Уыдон абон кусынц Ирыстоны фарнӕн.

1947 азӕй 1950 азмӕ Тотрадз фӕкуыста партийы Орджоникидзейы райкомы инструкторӕй.

Партийы уынаффӕмӕ гӕсгӕ куыста парторгӕй ӕрхонкӕйы  МТС-ы (куыстой дзы Ирыстоны хуыздӕр специалисттӕ, цалцӕг кодтой хъӕууонхӕдзарадон техникӕ республикӕйы хӕдзарӕдтӕн). Ацы куыстуаты Тотрадзӕн уыд стыр кад. Ӕрмӕст хицауад ӕмӕ хистӕр кары адӕмимӕ нӕ куыста идеологон ӕгъдауӕй, фӕлӕ стыр хъомыладон куыст кодта фӕсивӕдимӕ ӕмӕ йын уыдон дӕр уӕлдай аргъ кодтой.

1963 азӕй 1974 азмӕ фӕкуыста ӕрыдоны районы совхоз «Нарт»-ы парторгӕй.

Иуӕндӕс азы иуӕндӕс боны, мыййаг, куынӕ сты. Сӕрдӕй-зымӕгӕй, хурӕй-къӕвдайӕ, ӕрхонкӕйӕ — Нартыхъӕумӕ алы бон дӕр боныцъӕхтӕй рараст кӕн ӕмӕ изӕрдалынгтӕм фӕкус, дӕ бинонты ныууадз, уый Нартыхъӕуы историйы азфысты фыссинаг хъуыддаг у. Уыцы азты, хӕдтулгӕтӕ, абоны хуызӕн афтӕ арӕх куынӕ цыдысты, мыййаг.  ӕмӕ афтӕмӕй иунӕг хатт дӕр дӕ куыстмӕ макуы байрӕджы кӕн! Уый ӕцӕг бӕрнон коммунисты нысаниуӕг уыд. Цас лекцитӕ ӕмӕ афӕлгӕстытӕ сарӕзта ӕмӕ бакаст Тотрадз уыцы ӕртӕ хъӕуы фӕллойгӕнджытӕн хистӕрӕй кӕстӕрмӕ сӕ сихоры ӕмӕ изӕры улӕфты рӕстӕг, цӕмӕй политикон ӕмӕ идеологон ӕгъдауӕй ифтонг уой. Хистӕрӕй кӕстӕрмӕ йӕ афтӕ хорз зыдтой ӕмӕ нымадтой, цыма семӕ схъомыл, сӕ хион, хӕстӕг у. Йӕ хъарм къӕбӕр ын ничи хӕлӕг кодта. Тотрадз адӕмӕй хицӕн кодта йӕ уӕздандзинад ӕмӕ ӕгъдауӕй. Мӕгуыр адӕймаджы рис тынг ӕнкъардта ӕмӕ йе ‘ххуысы хай цины уа, хъыджы рӕстӕг — кӕдфӕнды дӕр кодта. Уымӕн ын кодтой стыр аргъ хицауадӕй-кусӕгмӕ «Нарт»-ы совхозы ӕмӕ районы.

Зӕхкусӕг уӕлдай ӕнӕвдӕлондӕр вӕййы уалдзӕджы хортауӕнты рӕстӕг, стӕй фӕззӕджы хорӕфснайӕнты. Тотрадз уый ӕнкъаргӕйӕ, уӕлдай лӕггад кодта кусӕг лӕгӕн уыцы уӕззау рӕстӕг. Лекциты уӕлдай-ма сын арӕзта концертон бригӕдтимӕ, сфӕлдыстадон интеллигенцийы минӕвӕрттимӕ фембӕлдтытӕ быдырон, тракторон станты, фермӕты. Ахӕм иузӕрдион кусджытӕ стӕм уыдис уыцы рӕстӕджы дӕр. Цал ӕмӕ цал хатты йӕ равзӕрстой адӕм совхоз «Нарт»-ы ӕмӕ районы  Советмӕ депутатӕй, партийы ӕрыдоны райкомы уӕнгӕй. Уый та бӕрнон ӕхсӕнадон хӕсӕвӕрд у сыгъдӕгзӕрдӕ коммунистыл, адӕмы ӕууӕнк уӕлдай лӕггад домы. Мамиайы-фырт уарзта цард, йӕ алыварс цӕрӕг адӕмы ӕмӕ йын уыдон дӕр зӕрдӕйӕ лӕггад кодтой йӕ царды фӕстаг бонмӕ.

Тотрадз царды цы ауӕдзыл фӕцыд, уый уыд раст ӕмӕ адӕмы фарнӕй дзаг. Йӕ тӕккӕ лӕджы кармӕ куы бахӕццӕ, уӕд ыл хъысмӕты уӕззау цӕф сӕмбӕлд. Уӕззау низ Тотрадзы цыбыр рӕстӕгмӕ хуыссӕнуатмӕ ӕркодта.

1974 азы бинонты, хъӕубӕсты  ныфс, уарзон фыд ӕмӕ ӕмкъай, куырыхон хистӕр Мамиаты Тотрадзӕн 54-аздзыдӕй йӕ зӕрдӕйы куыст банцад. Йӕ цыт ӕмӕ йӕ кады рухс ном цӕрдзысты Кировыхъӕуы цӕрджыты, Мамиаты мыггаджы, йӕ рӕсугъд кӕстӕрты ӕмӕ йӕ чи зыдта, уыдоны зӕрдӕты.

Дзугаты-Мурасты Риммӕ,

Дзӕуджыхъӕуы Центрон библиотекӕйы хайады сӕргълӕууӕг, ӕхсӕнадон уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here