Фыццаградон ӕргом — социалон нысаниуӕджы программӕтӕм

0
293

Знон РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславӕн кусӕг фембӕлд уыд республикӕйы фӕллой ӕмӕ социалон хъахъхъӕнынады министр Хуыбиаты Барисимӕ. Ныхасы рӕстӕг бӕстон ӕркастӕуыд федералон ӕмӕ республикон социалон программӕтӕ ӕххӕст кӕныны фарстмӕ.

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕджы хъӕппӕрисӕй ацы азы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ ӕххӕстгонд цӕуы ныййарӕджы капиталы тыххӕй республикон программӕ. Уый фӕлгӕты ныридӕгӕн 1 760 цӕгатирыстойнаг бинонтӕн радтой ныййарӕджы республикон капиталы фӕрӕзтӕ. Ахӕм ӕххуыс уал радтой, ӕртыккаг ӕмӕ уымӕй фӕстӕмӕ сывӕллон 2012 азы кӕмӕн райгуырд, уыцы бинонтӕн.

— Фидӕн азы та ахӕм финансон ӕххуыс 50 мин сомы бӕрцӕй райсдзысты, ӕртыккаг ӕмӕ уымӕй фӕстӕмӕ сывӕллон 2013 азы кӕмӕн райгуырд, уыцы бинонтӕ. Уымӕй фӕстӕмӕ азтӕн ӕмбӕлгӕ фиддонтӕ дӕр адӕмӕн къӕпхӕнгай дихгонд цӕудзысты, — радзырдта профилон министр.

Уыцы архайд хорзыл банымайгӕйӕ, Битарты Вячеслав куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй ныййарӕджы республикон капитал фидынӕн хъӕугӕ ӕппӕт фӕрӕзтӕ дӕр хъуамӕ бӕстон хыгъд ӕрцӕуой 2020 азы бюджеты.

Ныййарӕджы республикон капиталы тыххӕй закъон фидаргонд ӕрцыд 2012 азы. Рагагъоммӕ куыд нысангонд уыд, афтӕмӕй йӕ хъуамӕ бинонтӕн лӕвӕрдтаиккой, цалынмӕ сывӕллоныл ӕртӕ азы сӕххӕст уа, уӕдмӕ. Фӕлӕ 2015 азы закъоны архайд рӕстӕгмӕ ӕрурӕдтой ӕмӕ афтӕмӕй бинонтӕм ныййарӕджы капиталы фӕрӕзтӕ нал фӕхӕццӕ сты.

Фембӕлды рӕстӕг ӕргом здӕхтӕуыд сывӕллӕтты сӕрдыгон фӕлладуадзӕн ӕмӕ дзӕбӕхгӕнӕн кампани куыд ахицӕн, уымӕ дӕр. Хуыбиаты Барис куыд загъта, афтӕмӕй 2019 азы фӕлладуадзӕн ӕмӕ дзӕбӕхгӕнӕн мадзӕлттӕ аххӕссыдысты 25 мин сывӕллоныл — уыдон сӕ фӕллад суагътой, куыд республикӕйы лагерты, афтӕ Сау денджызы былгӕрӕтты дзӕбӕхгӕнӕн кусӕндӕтты дӕр.

Ӕнахъомты фӕлладуагъды уавӕртӕм йӕ цӕст дардта, алы ведомствӕты минӕвӕрттӕ кӕм куыстой, уыцы сӕрмагонд къамис. Зынгсирвӕзтӕй ӕдасдзинад, террористон фӕзындтытӕй хъахъхъӕнынад, сывӕллӕтты хойраг, санитарон сыгъдӕгдзинады уагӕвӕрдтӕ — ацы ӕмӕ ӕппӕт иннӕ фарстытӕм уыд иудадзыг лӕмбынӕг цӕстдард.

Ӕмткӕй райсгӕйӕ, министры ныхасмӕ гӕсгӕ, сӕрдыгон фӕлладуадзӕн кампани ацыд ӕмбӕлгӕ уагыл, ӕнӕнхъӕлӕджы хабӕрттӕ дзы не ‘руагъдӕуыд.

Боны фӕткы иннӕ фарст — сидзӕр ӕмӕ ӕвӕгӕсӕгӕй баззайӕг сывӕллӕттӕн цӕрӕнуӕттӕ дӕттыны программӕ ӕххӕст кӕнын. Фӕстаг азты ацы программӕйыл дӕр бӕстон куыст цӕуы. Йӕ бюджет ныртӕккӕ у 87 милуан сомы бӕрц (арӕзт цӕуы дыууӕ хайӕ — федералон ӕмӕ республикон бюджетты фӕрӕзтӕй). Куыд нысангонд цӕуы, афтӕмӕй ацы аз цӕрӕнуӕттӕ хъуамӕ радтой 66 сывӕллонӕн.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ

Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here